Йереми 19:1—15

19  Йегъовӕ мын загъта: «Ацу ӕмӕ дурынгӕнӕгӕй райс ӕлыг дурын+ ӕмӕ демӕ ракӕн адӕмы хистӕр лӕгтӕй цалдӕры ӕмӕ цалдӕр хистӕр сауджыны.  Ӕмӕ ацу Енномы фырты дӕлвӕзмӕ+, Дурыны сӕстыты кулдуары раз чи ис, уырдӕм. Ӕмӕ уым фехъусын кӕндзынӕ, цы ныхӕстӕ дын зӕгъон, уыдон+.  Зӕгъ-иу афтӕ: „Иудӕйы паддзӕхтӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ, байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ+. Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+, Израилы Хуыцау: „Ӕз ацы бынатыл ӕруадздзынӕн ахӕм бӕллӕх, ӕмӕ-иу уый тыххӕй чи фехъуса, уый-иу арвы цӕфау фӕуыдзӕн*+.  Уыдон мӕ ныууагътой+ ӕмӕ ацы бынат афтӕ скодтой, ӕмӕ йӕ базонӕн нал ис+, стӕй ацы бынаты уагътой нывӕндты фӕздӕг ӕндӕр хуыцӕуттӕн+ – сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фыдӕлтӕ дӕр ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн. Ацы бынат байдзаг кодтой ӕнаххос адӕмы тугӕй+.  Уыдон Ваалӕн скодтой кувӕн бынӕттӕ, цӕмӕй сӕ фыртты арты сыгътаиккой, Ваалӕн сӕ судзинаг нывондӕн хастаиккой+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон+, уый тыххӕй сын никуы дзырдтон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон“+.  „Уымӕ гӕсгӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕрцӕуы ахӕм бонтӕ, ӕмӕ ацы бынат Тофет+ ӕмӕ Енномы фырты дӕлвӕз+ нал хондзысты, фӕлӕ йӕ хондзысты, адӕмы кӕм марынц, уыцы дӕлвӕз, зӕгъгӕ.  Ӕз ацы бынаты Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы фӕнд ныссуйтӕ кӕндзынӕн+. Ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты се знӕгты хъамайӕ, марынмӕ сӕ чи хъавы, уыдоны къухӕй+. Сӕ мӕрдтӕ та сын ратдзынӕн уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн, ӕмӕ сӕ бахӕрдзысты+.  Ӕз ацы горӕт фӕкӕндзынӕн диссагӕн дзуринаг, чи-иу ӕй фена, уый-иу ныхситт кӕндзӕн+. Йӕ рӕзты чидӕриддӕр цӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йыл цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдон фенгӕйӕ-иу ныхситт кӕндзӕн+.  Ӕз сын афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ хӕрдзысты сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты. Се знӕгтӕ ӕмӕ сӕ марынмӕ чи хъавы, уыдон сӕ алырдыгӕй афтӕ ӕрӕлхъивдзысты ӕмӕ ахӕм уынгӕджы уыдзысты, ӕмӕ иу иннӕйы хӕрдзӕн“+. 10  Демӕ чи ацӕудзӕн, уыцы лӕгты цӕстыты раз-иу дурын асӕтт 11  ӕмӕ-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕлыг мигӕнӕн куыд ныппырх кӕнынц ӕмӕ йын баныхасӕн куыд нал вӕййы, афтӕ ӕз дӕр ныппырх кӕндзынӕн ацы адӕмы ӕмӕ ацы горӕт+. Ӕмӕ мӕрдты ныгӕндзысты Тофеты+, ӕмӕ дзы ныгӕнынӕн бынат дӕр нал баззайдзӕн“+. 12  „Раст афтӕ бакӕндзынӕн ӕз ацы бынатӕн ӕмӕ дзы чи цӕры, уыдонӕн ӕмӕ ацы горӕт Тофеты хуызӕн фестын кӕндзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 13  Иерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты хӕдзӕрттӕ Тофетау+ фӕчъизи уыдзысты – арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн*+ нывӕндты фӕздӕг кӕй сӕр уагътой, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувинаг нозт кӕм уагътой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр“»+. 14  Йереми ӕрбацыд Тофетӕй+, Йегъовӕ йӕ пехуымпариуӕг кӕнынмӕ кӕдӕм арвыста, уырдыгӕй, Йегъовӕйы хӕдзары кӕрты ӕрлӕууыд ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загъта+: 15  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз ацы горӕтыл ӕмӕ йе ’ппӕт горӕттыл дӕр ӕруадздзынӕн, кӕй тыххӕй дзырдтон, уыцы бӕллӕх, уымӕн ӕмӕ схивӕнд сты* ӕмӕ мын мӕ ныхасмӕ нӕ хъусынц“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уымӕн йӕ хъусты ныззӕлланг кӕндзӕн».
Комк. «ӕнӕхъӕн уӕларвон ӕфсадӕн».
Комк. «сӕ бӕрзӕй ныхъхъӕбӕр кодтой».