Йереми 2:1—37

2  Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта+:  «Ацу ӕмӕ Иерусалимӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Рох мӕ нӕу, ӕрыгонӕй цы ӕнувыд уарзтӕй уарзтай+, фидыд куы уыдтӕ, уӕд куыд уарзтай+ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, сагъд кӕм ницы уыд, уыцы зӕххыл мӕ фӕдыл куыд цыдтӕ, уый+.  Израил Йегъовӕйӕн уыд сыгъдӕг+, уый уыди йӕ фыццаг тыллӕг“+. „Чидӕриддӕр дзы хӕра, уыдон уыдзысты аххосджын+. Бӕллӕх сӕ баййафдзӕн“,– загъта Йегъовӕ»+.  Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ, Иаковы хӕдзарвӕндаг+, сымах, Израилы адӕмы хӕдзарвӕндӕгтӕ иууылдӕр+.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Уӕ фыдӕлтӕ мӕм хӕрамӕй цы ссардтой+, цӕмӕн мӕ адард сты?+ Ницӕйаг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты+ ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр систы ницӕйаг+.  Ӕмӕ афтӕ дӕр нӕ загътой: „Кӕм ис Йегъовӕ, Египеты зӕххӕй нӕ чи ракодта+, ӕдзӕрӕг быдырыл нӕ чи кодта – хус бӕстӕйыл+, дзыхъхъытӕ кӕм ис, дон кӕм нӕй+ ӕмӕ саудалынг кӕм у+, адӕймаг йӕ къах кӕм не ’рӕвӕрдта ӕмӕ зӕххон адӕймаг кӕм нӕ цард, уыцы зӕххыл нӕ чи кодта, уый?“  Ӕз уӕ ӕрбакодтон, дыргъдӕттӕ кӕм уыди, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй уӕхи ӕфсӕстаиккат йӕ дыргътӕй ӕмӕ дзы цы алы диссӕгтӕ уыди, уыдонӕй+. Фӕлӕ сымах ӕрбацыдыстут ӕмӕ мын мӕ зӕхх фӕчъизи кодтат. Мӕ бынтӕ мын скодтат ӕлгъаг+.  Сауджынтӕ дӕр нӕ дзырдтой: „Кӕм ис Йегъовӕ?“+ Закъонамонджытӕ мӕ нӕ зыдтой+, фыййӕуттӕ мӕ разы фыдракӕндтӕ арӕзтой+ ӕмӕ суанг пехуымпартӕ дӕр дзырдтой Ваалы номӕй+ ӕмӕ цыдысты, пайда кӕмӕй нӕй, уыцы хуыцӕутты фӕдыл+.  „Уымӕ гӕсгӕ ӕз дарддӕр уӕ ныхмӕ дзурдзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ дзурдзынӕн уӕ фыртты фыртты ныхмӕ дӕр“+. 10  „Ацӕут-ма Киттимы былгӕрӕттӕм+ ӕмӕ фенут. О, арвитут Кедармӕ+ ӕмӕ бӕлвырдӕй базонут ӕмӕ фенут, ахӕм хабар ма искуы ’рцыд+. 11  Искӕцы адӕм баивтой сӕ хуыцӕутты+, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдоныл?+ Мӕ адӕм та мын мӕ кад баивтой, пайда цӕмӕй нӕй, ууыл+. 12  О уӕлӕрвтӕ, дисгӕнгӕ кӕсут уымӕ, фырдиссагӕй баризут,– зӕгъы Йегъовӕ+,– 13  уымӕн ӕмӕ мӕ адӕм бакодтой дыууӕ фыдхъуыддаджы: мӕн ныууагътой+, мӕн, царддӕттӕг доны суадон+, ӕмӕ сӕхицӕн скъахтой доны дзыхъхъытӕ, дон кӕм нӕ лӕууы, ахӕм хӕлд дзыхъхъытӕ“. 14  „Исты Израил лӕггадгӕнӕг у+, науӕд, хӕдзары чи райгуырд, ахӕм цагъар? Абырджыты амӕттаг цӕмӕн баци? 15  Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл ныббогъ кӕнынц+, сӕ богъ-богъ цӕуы+. Йӕ зӕхх ын диссагӕн дзуринаг фӕкодтой. Йӕ горӕттыл ын арт бандзӕрстой, ӕмӕ дзы цӕрӕг нал баззад+. 16  Суанг ма дын Нофы*+ ӕмӕ Тафнисы+ фырттӕ дӕр дӕ тыл ныллӕгуын кодтой+. 17  Дӕхӕдӕг нӕ бакодтай уыдӕттӕ дӕхицӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы ныууагътай+, дӕ фӕндагыл дӕ куы кодта, уӕд?+ 18  Уӕд ма ныр цӕмӕн цӕуыс Египетмӕ+ Сихоры дӕттӕй нуазынмӕ?+ Цӕмӕн цӕуыс Ассиримӕ+ Стыр цӕугӕдоны* дӕттӕй нуазынмӕ? 19  Дӕ фыдхъуыддӕгтӕй хъуамӕ истӕуыл сахуыр уай+. Дӕ гадзрахат миты тыххӕй хъуамӕ ӕфхӕрд баййафай+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кӕй ныууагътай, уый ӕвзӕр у ӕмӕ маст хӕссы+. Ӕмӕ мӕ ды нӕ тӕрсыс“+,– зӕгъы Дунедарӕг+ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ. 20  „Уый раджы уыди, ӕз дын де ’фсондз ныссастон+, дӕ бӕттӕнтӕ дын атыдтон. Фӕлӕ ды загътай: „Нӕ дын лӕггад кӕндзынӕн“, уымӕн ӕмӕ-иу алы бӕрзонд къуыбырыл ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы+ бын уӕлгоммӕ схуыссыдтӕ+ ӕмӕ хӕтыдтӕ+. 21  Афтӕмӕй та, куы дӕ ныссагътон, уӕд уыдтӕ ӕппӕты хуыздӕр сырх сӕнӕфсиры тала+, ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыдтӕ хорз мыггаг. Ӕмӕ дӕ уӕд мӕ разы ӕцӕгӕлон сӕнӕфсирбӕласы хъӕддаг таутӕ куыд рауад?“+ 22  „Дӕхи содӕйӕ дӕр куы ныхсай ӕмӕ дӕхи сапонӕй дӕр бирӕ куы фӕсӕрдай+, уӕддӕр дӕ тӕригъӕд мӕ цӕсты уыдзӕн чъизи фӕды хуызӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. 23  Афтӕ куыд зӕгъыс, ӕз мӕхи нӕ фӕчъизи кодтон+, Ваалты фӕдыл нӕ цыдтӕн, зӕгъгӕ?+ Акӕс-ма, дӕлвӕзы цы митӕ кодтай, уымӕ+. Ӕрхъуыды-ма кӕн, цытӕ куыстай, уыдӕттӕ. Цӕрдӕг ӕрыгон сыл теуа йӕ фӕндӕгтыл дыууӕрдӕм дзӕгъӕл рацу-бацу кӕны; 24  ӕдзӕрӕг быдыры ахуыр чи у, уыцы зебрӕйӕн+ йӕ туг хъазы ӕмӕ дымгӕ зыдулӕфт кӕны+. Ӕмӕ йӕ хъазыны афон куы ’рцӕуа, уӕд ӕй чи бауромдзӕн? Чидӕриддӕр ӕй агура, уыдон нӕ бафӕллайдзысты. Куы хъаза, уыцы мӕй йӕ ссардзысты. 25  Кӕс, цӕмӕй бӕгъӕввадӕй ма баззайай ӕмӕ дӕ хъуыр ма ныххус уа+. Фӕлӕ ды загътай: „Уыдӕттӕ дзӕгъӕлы сты!+ Ӕз бауарзтон ӕцӕгӕлӕтты+ ӕмӕ уыдоны фӕдыл цӕудзынӕн“+. 26  Давӕджы куы ’рцахсынц, уӕд йӕ цӕсгом куыд фӕсудзы, афтӕ Израилы адӕмӕн дӕр сӕ цӕсгом судзы+ – сӕхицӕн дӕр, сӕ паддзӕхтӕн дӕр, сӕ кънйӕзтӕн дӕр, сӕ сауджынтӕн дӕр ӕмӕ сӕ пехуымпартӕн дӕр+. 27  Уыдон бӕласӕн дзурынц: „Ды мӕ фыд дӕ“+, ӕмӕ дурӕн: „Ды мӕ ныййардтай“. Мӕнмӕ та сӕ чъылдым сыздӕхтой, се ’ргом мӕм нӕ раздӕхтой+. Фӕлӕ бӕллӕхы бон уыдон дзурдзысты: „Сыст, фервӕзын нӕ кӕн!“+ 28  Ӕмӕ, дӕхицӕн кӕй скодтай, уыцы хуыцӕуттӕ та дын кӕм сты?+ Уыдон сыстӕнт ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕнӕнт бӕллӕхы бон, кӕд сӕ бон у, уӕд+. О Иудӕ, дӕ горӕттӕ цас сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр уыйбӕрц куы систы+. 29  „Цӕуылнӕ лӕуут, уӕддӕр мӕ ныхмӕ цӕмӕн дзурут?+ Уе ’ппӕт дӕр мӕ разы фыдракӕндтӕ цӕмӕн аразут?“+ – зӕгъы Йегъовӕ. 30  Уӕ фыртты уын дзӕгъӕлы цавтон+. Уыдон зондамынд ницӕмӕ дардтой+. Уӕ пехуымпартӕ-иу баисты уӕ хъамайы амӕттаг, цыма-иу тугдзых домбайы амӕттаг баисты, уыйау+. 31  О мӕнӕ адӕм, уӕ хъус ӕрдарут Йегъовӕйы ныхасмӕ+. Исты ӕз Израилӕн ӕдзӕрӕг быдыр фестадтӕн+, науӕд саудалынг зӕхх? Уыдон, мӕ адӕм, афтӕ цӕмӕн дзурынц: „Мах рацу-бацу кӕнӕм, кӕм нӕ фӕнды, уым, ӕмӕ дӕм нал ӕрбаздӕхдзыстӕм“?+ 32  Ау, ӕрыгон чызг йӕ аивгӕнӕнтӕ ферох кӕндзӕн, науӕд чындз – йӕ чындздзон рон? Мӕ адӕм та мӕ раджы ферох кодтой+. 33  Цӕмӕн фӕндтӕ кӕныс, мӕнӕ сылгоймаг, лӕмбынӕг цӕмӕн хъуыды кӕныс уарзондзинад агурыныл? Уый тыххӕй ды дӕ фӕндӕгтӕ ӕвзӕрдзинадмӕ сарӕзтай+. 34  Стӕй дӕ уӕлӕдарӕсыл ис ӕнаххос мӕгуыр+ адӕмы* тугтӕ+. Уыдоны уый тыххӕй нӕ амардтой, ӕмӕ искӕй хӕдзармӕ бабырыдысты, фӕлӕ сын сӕ туг ссардтон дӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл алырдыгӕй+. 35  Фӕлӕ ды дзурыс: „Ӕз аххосджын нӕ дӕн. Нал мӕм мӕсты кӕны“+. Уӕдӕ афтӕ кӕй зӕгъыс, ӕз ницы тӕригъӕд ракодтон, зӕгъгӕ, уый тыххӕй ӕз тӕрхоны дӕ ныхмӕ ӕрлӕудзынӕн+. 36  Дӕ фӕндаг кӕй фӕивтай, уый дӕм ницы цӕмӕн кӕсы?+ Ассирийы тыххӕй куыд фӕхудинаг дӕ+, афтӕ фӕхудинаг уыдзынӕ Египеты тыххӕй дӕр+. 37  Уый тыххӕй ды ацӕудзынӕ, дӕ сӕрыл ныххӕцдзынӕ+, афтӕмӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ къух систа, ныфсджын цӕмӕй уыдтӕ, уыдоныл ӕмӕ дын семӕ иу хъуыддаг дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн».

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Мемфисы».
Ома Евфраты.
Комк. «адӕмы удты»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.