Йереми 21:1—14

21  Ацы ныхас+ Йегъовӕ Йеремийӕн загъта, паддзах Седеки+ йӕм Пашхуры+, Малхийы фырты, ӕмӕ сауджын Софонийы+, Маасейӕйы фырты, куы арвыста, уӕд. Уыдон ын загътой:  «Дӕ хорзӕхӕй, Йегъовӕйы-ма мах тыххӕй бафӕрс+. Вавилоны паддзах Навуходоносор немӕ схӕцыд+. Кӕд Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕй иу саразид, ӕмӕ Вавилоны паддзах немӕ нал хӕцид»+.  Йереми сын загъта: «Афтӕ зӕгъут Седекийӕн:  „Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Уӕ къухты чи ис, уыцы хӕцӕнгӕрзтӕ – Вавилоны паддзахимӕ+ ӕмӕ уыл къулты ӕддейӕ чи ӕртыхст, уыцы халдейтимӕ+ кӕмӕй хӕцут, уыцы хӕцӕнгӕрзтӕ сымахӕн уӕхирдӕм фӕкӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ацы горӕты астӕу+.  Ӕз мӕхӕдӕг хӕцдзынӕн уӕ ныхмӕ+ мӕ тыхджын къухӕй ӕмӕ мӕ фидар цонгӕй, ныккалдзынӕн уыл мӕ маст, мӕ фыдӕх ӕмӕ мӕ судзгӕ маст+.  Ӕз ныццӕгъддзынӕн ацы горӕты цӕрджыты, ныццӕгъддзынӕн адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр. Уыдон сыскъуыйдзысты фыднизӕй“+.  „Уый фӕстӕ ӕз,– зӕгъы Йегъовӕ,– Иудӕйы паддзах Седекийы, йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ адӕмы – ацы горӕты фыднизӕй, хъамайӕ ӕмӕ ӕххормагдзинадӕй чи аирвӕза, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ратдзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ, се знӕгты къухмӕ ӕмӕ сӕ марынмӕ чи хъавы, уыдоны къухмӕ. Ӕмӕ сӕ уый карды комӕй фӕцӕгъддзӕн+. Нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдисдзӕн“+.  Ацы адӕмӕн та зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Мӕнӕ, уӕ разы ис царды фӕндаг ӕмӕ мӕлӕты фӕндаг+.  Ацы горӕты чи баззайа, уый хъамайӕ, ӕххормагӕй ӕмӕ фыднизӕй амӕлдзӕн+. Ӕддӕмӕ чи рацӕуа ӕмӕ уыл чи ӕртыхст, уыцы халдейты къухмӕ йӕхи чи ратта, уый та йӕ цард бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ цӕрдзӕн“+. 10  „Ӕз рацыдтӕн ацы горӕты ныхмӕ, цӕмӕй йӕ бӕллӕхы хай бакӕнон, хорздзинад ын нӕ сараздзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Горӕт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Вавилоны паддзахы къухмӕ+, ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзӕн“+. 11  Ныр та байхъусут, Йегъовӕ Иудӕйы паддзахы хӕдзаронты тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ+. 12  О Давиды хӕдзар+, Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Алы райсом дӕр-иу+ рахӕссут раст тӕрхон+ ӕмӕ, кӕй бастыгътой, уыцы адӕймаджы ирвӕзын кӕнут, сайдӕй йыл чи рацыд, уымӕй+. Кӕннод мӕ маст артау ссудздзӕн+ ӕмӕ судздзӕн уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ йӕ чи ахуыссын кӕна, уый нӕ уыдзӕн“+. 13  „Уый тыххӕй ӕз рацӕудзынӕн дӕ ныхмӕ, о дӕлвӕзы цӕрӕг+, быдыры чи ис, уыцы къӕдзӕх,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕмӕ сымахӕй дӕр, афтӕ чи дзуры: „Дӕлӕмӕ чи ’рцӕудзӕн, цӕмӕй нӕ ныхмӕ рацӕуа? Нӕ цӕрӕнбынӕттӕм нын чи ’рбацӕудзӕн?“+ – 14  сымахӕй дӕр ӕз уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+ дзуапп ӕрдомдзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕмӕ йын ӕз йӕ хъӕдыл арт бафтаудзынӕн+ ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цы ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн“»+.

Фиппаинӕгтӕ