Йереми 22:1—30

22  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Ацу Иудӕйы паддзахы хӕдзармӕ ӕмӕ уым зӕгъ ацы ныхас.  Зӕгъ-иу: „Байхъус Йегъовӕйы ныхасмӕ, Иудӕйы паддзах, Давиды паддзахбадӕныл чи бады+, ды, дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕм – ацы кулдуӕрттыл мидӕмӕ чи бахизы, уыдон+.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Архайут раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Кӕй бастыгътой, уыцы адӕймаджы ирвӕзын кӕнут, сайдӕй йыл чи рацыд, уымӕй. Ма ’фхӕрут ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы+. Фыдми сын ма кӕнут+. Ӕмӕ ацы бынаты ӕнаххос туг ма калут+.  Ацы ныхас куы ӕххӕст кӕнат, уӕд ацы хӕдзары кулдуӕрттӕй мидӕмӕ цӕудзысты, Давиды паддзахбадӕныл чи бады+, бӕхуӕрдӕттыл ӕмӕ бӕхтыл чи цӕуы, уыцы паддзӕхтӕ – алчидӕр йӕ лӕггадгӕнджытимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ“+.  „Фӕлӕ ацы ныхӕстӕм куы нӕ хъусат, уӕд, сомы кӕнын мӕхицӕй+, ацы хӕдзар фестдзӕн ӕдзӕрӕг бынат“+,– зӕгъы Йегъовӕ.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Иудӕйы паддзахы хӕдзары тыххӕй: „Ды мӕнӕн дӕ Галаады хуызӕн, Ливаны хохы цъуппы хуызӕн+. Ӕз дӕ фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг быдыр+ ӕмӕ горӕттӕй иуы дӕр цӕрӕг нал уыдзӕн+.  Ӕз равзардзынӕн*, дӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн ӕмӕ дӕ чи ныппырх кӕндзӕн, уыдоны+ – алкӕй дӕр йӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ+. Уыдон дын дӕ хуыздӕр кедртӕ акалдзысты+ ӕмӕ сӕ арты баппардзысты+.  Бирӕ адӕмтӕ цӕудзысты ацы горӕты рӕзты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурдзысты: „Йегъовӕ ацы стыр горӕтӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?“+  Ӕмӕ зӕгъдзысты: „Сӕ Хуыцау Йегъовӕйы бадзырдыл сӕ къух кӕй систой+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты раз сӕ зонгуытыл кӕй лӕууыдысты ӕмӕ сын кӕй куывтой, уый тыххӕй“+. 10  Мардыл ма кӕут+ ӕмӕ йыл ма хъыг кӕнут. Фӕлтау хӕкъуырццӕй кӕут, уацары кӕй фӕкӕнынц, ууыл, уымӕн ӕмӕ уый нал ӕрбаздӕхдзӕн ӕмӕ йӕ райгуырӕн зӕхх нал фендзӕн. 11  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Иосийы фырт Шаллумы+ тыххӕй, Иудӕйы паддзахы тыххӕй, йӕ фыд Иосийы фӕстӕ паддзах чи сси+ ӕмӕ ардыгӕй чи ацыд, уый тыххӕй: „Уый уырдӕм нал ӕрыздӕхдзӕн. 12  Уацары йӕ кӕдӕм акодтой, уым амӕлдзӕн ӕмӕ ацы зӕхх нал фендзӕн“+. 13  Додой йӕ къона, йӕ хӕдзар фыдхъуыддӕгты руаджы чи аразы+, йӕ уӕллаг уӕттӕ хӕрам хъуыддӕгты фӕрцы чи аразы, иннӕты йӕхицӕн лӕвар чи кусын кӕны, сӕ мызд сын чи нӕ фиды, уымӕн+. 14  Додой йӕ къона, афтӕ чи дзуры: „Ӕз мӕхицӕн сараздзынӕн стыр хӕдзар уӕрӕх уӕллаг уӕттимӕ+, уыдзӕн дзы стыр рудзгуытӕ, йӕ къултӕ уыдзысты кедрбӕласӕй+ ӕмбӕрзт ӕмӕ сырх-сырхид ахорӕнӕй ахуырст“+. 15  Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ иугӕр кедрбӕлӕсты фӕрцы иннӕтӕй кадджындӕр дӕ, уӕд паддзахы бынаты баззайдзынӕ? Дӕ фыд дӕр хордта ӕмӕ нызта, фӕлӕ уый архайдта раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+. Ӕмӕ йӕ цард уый тыххӕй уыд фӕрнӕйдзаг+. 16  Ӕфхӕрд ӕмӕ-иу мӕгуыр адӕймаджы хъаст равзӕрста+. Ӕмӕ йӕ цард уый тыххӕй уыд фӕрнӕйдзаг. „Мӕн кӕй зыдта, уый тыххӕй нӕ кодта афтӕ? – зӕгъы Йегъовӕ.– 17  Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр уымӕ здӕхт сты, цӕмӕй искӕй фӕллойӕ дӕхицӕн мулк кӕнай+, ӕнаххос адӕймаджы туг калай+, сайай ӕмӕ стигъай“. 18  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Иосийы фырт Иоакимы+ тыххӕй, Иудӕйы паддзахы тыххӕй: „Ууыл ничи кӕудзӕн, адӕм куыд фӕкӕуынц, афтӕ: „Дӕдӕй, ме ’фсымӕр! Дӕдӕй, мӕ хо!“ Ничи йыл кӕудзӕн: „Дӕдӕй, мӕ буц хицау! Мӕнӕ йӕ кад куыд фесӕфт!“+ 19  Хӕрӕджы мард куыд баныгӕнынц+, афтӕ йӕ баныгӕндзысты: ахӕр-хӕр ӕй кӕндзысты ӕмӕ йӕ Иерусалимы кулдуӕртты ӕдде аппардзысты“+. 20  Ссу Ливанмӕ+ ӕмӕ хъӕр кӕн, Васаны+ дӕ дзыхыдзаг хъӕр кӕн. Хъӕр кӕн Аваримӕй+, уымӕн ӕмӕ дӕ тынг чи уарзы, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой+. 21  Ӕдас цард куы кодтай, уӕд ӕз демӕ ныхас кодтон+. Ӕмӕ мын загътай: „Нӕ дӕм хъусдзынӕн“+. Дӕхи афтӕ дардтай де ’рыгон бонтӕй фӕстӕмӕ, нӕ мӕм хъуыстай+. 22  Дымгӕ дын хиздзӕн дӕ фыййӕутты+, тынг дӕ чи уарзы, уыдон та ацӕудзысты уацары+. Уыцы рӕстӕджы ды фӕхудинаг уыдзынӕ ӕмӕ дӕхимӕ ӕгад ӕркӕсдзынӕ, цы бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй+. 23  О Ливаны цӕрӕг+, кедртыл йӕ ахстон чи скодта+, уый! О куыд хъӕрздзынӕ, дӕ арыны рыстытӕ куы райдайой+, арӕг сылгоймагау куы тухӕн кӕнай, уӕд!»+ 24  «„Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Йегъовӕ,– ды, Йехони+, Иоакимы+ фырт, Иудӕйы паддзах, мӕ рахиз къухыл мыхуыримӕ къухдарӕн куы уыдаис+, уӕддӕр дӕ мӕ къухӕй раппӕрстаин!+ 25  Ӕз дӕ ратдзынӕн, марынмӕ дӕ чи хъавы+ ӕмӕ кӕмӕй тӕрсыс, уыдоны къухмӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ ӕмӕ халдейты къухмӕ+. 26  Ӕз дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ ныййарӕг мады+ дӕр аппардзынӕн ӕндӕр зӕхмӕ, уӕ райгуырӕн зӕхх чи нӕу, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ уым амӕлдзыстут+. 27  Сӕ удтӕ цы зӕхмӕ раздӕхынмӕ бӕлдзысты, уырдӕм нал раздӕхдзысты+. 28  Исты ацы адӕймаг, Йехони+, кӕуыл не ’рвӕссынц ӕмӕ чи нызгъӕлӕнтӕ+, ахӕм мигӕнӕн у ӕви ӕнӕпайда мигӕнӕн у?+ Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, кӕй нӕ зонынц, уыцы зӕхмӕ ӕппӕрст цӕмӕн ӕрцӕудзысты?“+ 29  О зӕхх, зӕхх, зӕхх, Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъус!+ 30  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы адӕймаджы тыххӕй ныффыссут, зӕгъгӕ йын цот нӕй+, ӕмӕ йын йӕ царды ницы бантысдзӕн+, уымӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр ницы бантысдзӕн – иу дӕр дзы нӕ баддзӕн Давиды паддзахбадӕныл+ ӕмӕ нӕ уыдзӕн Иудӕйӕн йӕ паддзах“».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ссыгъдӕг кӕндзынӕн» кӕнӕ «ахибар кӕндзынӕн».