Йереми 24:1—10

24  Вавилоны паддзах Навуходоносор Иоакимы+ фырт Йехонийы+, ома Иудӕйы паддзахы, стӕй Иудӕйы кънйӕзты, ӕрмгуыстгӕнджыты+ ӕмӕ, фидӕрттӕ чи аразы, уыдоны Иерусалимӕй Вавилонмӕ уацары куы акодта+, уӕд мын Йегъовӕ равдыста дыууӕ чыргъӕды легъуитимӕ, уыцы чыргъӕдтӕ лӕууыдысты Йегъовӕйы кувӕндоны раз.  Иу чыргъӕды уыди тынг хорз легъуитӕ+, фыццаг чи сцӕттӕ вӕййы, ахӕм легъуитӕ. Иннӕ чыргъӕды та уыди тынг ӕвзӕр легъуитӕ – афтӕ ӕвзӕр уыдысты, ӕмӕ хӕрынмӕ нӕ бӕззыдысты.  Ӕмӕ мӕ Йегъовӕ бафарста: «Йереми, цы уыныс?» Ӕз ын загътон: «Легъуитӕ. Хорз легъуитӕ тынг хорз сты, ӕвзӕр легъуитӕ та сты тынг ӕвзӕр – афтӕ ӕвзӕр сты, ӕмӕ хӕрынмӕ нӕ бӕззынц»+.  Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта:  «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ацы хорз легъуитӕм хорз цӕстӕй куыд кӕсын, афтӕ хорз цӕстӕй кӕсдзынӕн+, Иудӕйӕ уацары чи ис, уыдонмӕ, ацы бынатӕй халдейты+ зӕхмӕ кӕй арвыстон, уыцы адӕммӕ.  Ӕз сӕм мӕ цӕст дардзынӕн, цӕмӕй сын хорз уа+, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. Пырх сӕ нӕ кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн, бындзарӕй сӕ нӕ тондзынӕн, фӕлӕ сӕ садздзынӕн+.  Ӕз сын ратдзынӕн ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй йӕ зоной+, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ. Ӕмӕ уыдон суыдзысты мӕ адӕм+, ӕз та суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ мӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ раздӕхдзысты+.  Хӕрынмӕ чи нӕ бӕззыд, уыцы ӕвзӕр легъуийы+ тыххӕй та Йегъовӕ загъта: „Афтӕ бакӕндзынӕн Иудӕйы паддзах Седекийӕн+, йӕ кънйӕзтӕн, Иерусалимы цӕрджытӕй ма ацы зӕххыл чи баззад+, стӕй, Египеты чи цӕры, уыдонӕн+,–  ӕз сыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдоны тас бацӕудзӕн+. Кӕдӕмты сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕппӕт уыцы рӕтты+ сӕ фӕхудинаг кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ӕмбисондӕн дзуринаг, фидиссаг+ ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн+. 10  Сӕ фӕдыл сын бафтаудзынӕн хъама+, ӕххормагдзинаг+ ӕмӕ фыдниз+, цалынмӕ, сӕхицӕн ӕмӕ сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй нӕ фесӕфой, уӕдмӕ“»+.

Фиппаинӕгтӕ