Йереми 26:1—24

26  Иосийы фырт Иоаким+ Иудӕйы паддзах куы сси, уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта:  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Йегъовӕйы хӕдзары кӕрты слӕуу+ ӕмӕ дын Иудӕйы ӕппӕт горӕтты цӕрджыты тыххӕй, Йегъовӕйы хӕдзармӕ кувынмӕ чи цӕуы, уыдоны тыххӕй, цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон зӕгъын, уый-иу сын зӕгъ+. Иу ныхас дӕр дзы ма ауадз+.  Кӕд байхъусиккой ӕмӕ дзы алчидӕр йе ’взӕр фӕндаг ныууадзид+. Ӕмӕ уӕд фӕфӕсмон кӕндзынӕн, сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй сыл бӕллӕх ӕруадзинаг кӕй уыдтӕн, ууыл+.  Зӕгъ сын: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Куы нӕ мӕм хъусат ӕмӕ уын цы закъон радтон+, уымӕ гӕсгӕ куы нӕ цӕрат+  ӕмӕ мын мӕ пехуымпарты ныхӕстӕм, райсомӕй раджы куы сыстын, уӕд уӕм кӕй арвитын, уыцы пехуымпарты ныхӕстӕм, куы нӕ хъусат, ныр сӕм куыд нӕ хъусут, афтӕ+,  уӕд ӕз ацы хӕдзарӕн бакӕндзынӕн, Силомы+ чи уыд, уыцы хӕдзарӕн куыд бакодтон, афтӕ, ӕмӕ ацы горӕт зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн“»+.  Сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фехъуыстой, Йереми Йегъовӕйы хӕдзары ацы ныхӕстӕ куыд дзырдта, уый+.  Ӕмӕ Йереми, Йегъовӕ йын ӕппӕт адӕмӕн цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста зӕгъын, уыдӕттӕ куы загъта, уӕд ӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ адӕм ӕрцахстой ӕмӕ загътой: «Дӕу амарын хъӕуы!+  Йегъовӕйы номӕй афтӕ цӕмӕн дзурыс: „Ацы хӕдзарыл ӕрцӕудзӕн, Силомы+ чи уыд, уыцы хӕдзарыл цы ’рцыд, уый ӕмӕ ацы горӕт сафтид уыдзӕн, иу цӕрӕг дӕр дзы нал баззайдзӕн“?» Ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары Йеремийы алыварс адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. 10  Уыцы ныхӕстӕ Иудӕйы кънйӕзтӕ дӕр фехъуыстой. Ӕмӕ паддзахы хӕдзарӕй Йегъовӕйы хӕдзармӕ+ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары ног кулдуары раз сбадтысты+. 11  Уӕд сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кънйӕзтӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загътой: «Ацы адӕймагӕн хъӕуы мӕлӕты тӕрхон рахӕссын+, уымӕн ӕмӕ ацы горӕты тыххӕй дзырдта, уӕхи хъустӕй цы фехъуыстат, уый»+. 12  Фӕлӕ Йереми кънйӕзтӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕн ацы хӕдзары тыххӕй ӕмӕ горӕты тыххӕй пехуымпариуӕг кӕнынмӕ ӕмӕ, цы ныхӕстӕ фехъуыстат, уыдон зӕгъынмӕ Йегъовӕ рарвыста+. 13  Уӕдӕ ныр уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут+, ӕмӕ хъусут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн, бӕллӕх ӕруадзинаг уыл кӕй уыд, ууыл+. 14  Ӕз та мӕнӕ уӕ къухы дӕн+. Ӕмӕ уӕм куыд хуыздӕр ӕмӕ куыд растдӕр кӕсы, афтӕ мын бакӕнут+. 15  Фӕлӕ йӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уыл уыдзӕн ӕнаххос туг – сымахыл дӕр, ацы горӕтыл дӕр ӕмӕ йӕ цӕрджытыл дӕр+, уымӕн ӕмӕ мӕн сымахмӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕ рарвыста, цӕмӕй уын ацы ныхӕстӕ иууылдӕр зӕгъон»+. 16  Уӕд кънйӕзтӕ+ ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр сауджынтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн загътой: «Ацы лӕг мӕлӕты тӕрхоны аккаг нӕу+, уымӕн ӕмӕ нын дзырдта нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй»+. 17  Стӕй ма уыцы бӕстӕйы хистӕр лӕгтӕй дӕр чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ, чи ӕрӕмбырд, уыцы адӕмӕн загътой+: 18  «Иухатт Иудӕйы+ паддзах Езекийы рӕстӕджы морешефаг+ Михей+ пехуымпариуӕг кодта ӕмӕ ӕппӕт Иудӕйы адӕмӕн дзырдта: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Сион бахуым кӕндзысты, быдыр куыд бахуым кӕнынц, афтӕ+, ӕмӕ Иерусалимӕй дур дурыл нал баззайдзӕн+, Хуыцауы хӕдзар цы хохыл ис, уый та схъӕд уыдзӕн“+. 19  Ӕмӕ йӕ уӕд Иудӕйы паддзах Езеки ӕмӕ ӕппӕт Иудӕйы цӕрджытӕ маргӕ акодтой? Езеки Йегъовӕйӕ нӕ фӕтарст ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ не ’рфӕлмӕн кодта?+ Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ фӕфӕсмон кодта, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыд, ууыл+. Уӕдӕ мах нӕхи стыр фыдбылызы ӕппарӕм+. 20  Уыди ма ӕндӕр адӕймаг дӕр – Шемайы фырт Ури, Кириаф-Иаримӕй+, ӕмӕ уый дӕр дзырдта Йегъовӕйы номӕй. Уый дӕр ацы горӕты ӕмӕ ацы зӕххы тыххӕй дзырдта, Йереми цы загъта, уыдӕттӕ. 21  Паддзах Иоаким+, йӕ хъӕбатыр ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ йӕ кънйӕзтӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, ӕмӕ паддзах йӕ фӕдыл зилын райдыдта, цӕмӕй йӕ амардтаид+. Ури уый куы фехъуыста, уӕд фӕтарст+ ӕмӕ Египетмӕ алыгъд. 22  Фӕлӕ паддзах Иоаким Египетмӕ арвыста йӕ адӕмы: Ахборы+ фырт Елнафаны ӕмӕ ма йемӕ ӕндӕр лӕгты дӕр. 23  Уыдон Урийы Египетӕй ӕркодтой, паддзах Иоакиммӕ йӕ бакодтой, ӕмӕ йӕ уый хъамайӕ амардта+ ӕмӕ йын йӕ мард аппӕрста, хуымӕтӕг адӕмы кӕм ныгӕдтой, уырдӕм». 24  Уымӕй уӕлдай ма Йеремийы хъахъхъӕдта Шафаны+ фырт Ахикам+ дӕр, цӕмӕй адӕмы къухмӕ лӕвӕрд ма ӕрцыдаид ӕмӕ йӕ ма амардтаиккой+.

Фиппаинӕгтӕ