Йереми 27:1—22

27  Иосийы+ фырт Иоаким Иудӕйы паддзах куы сси, уӕд Йегъовӕ Йеремийӕн загъта:  «Йегъовӕ мын загъта: „Дӕхицӕн бӕттӕнтӕ ӕмӕ ӕфсондзтӕ скӕн+, ӕмӕ сӕ дӕ бӕрзӕйыл бакӕн+.  Ӕмӕ, Иудӕйы паддзах Седекимӕ Иерусалиммӕ чи ’рцӕуа, уыцы минӕвӕрттӕн сӕ арвит Едомы+ паддзахмӕ, Моавы+ паддзахмӕ, Аммоны+ фыртты паддзахмӕ, Тиры+ паддзахмӕ ӕмӕ Сидоны+ паддзахмӕ.  Ӕмӕ уыцы минӕвӕрттӕн зӕгъ, цӕмӕй сӕ хицӕуттӕн зӕгъой: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау+. Уӕ хицӕуттӕн-иу зӕгъут:  „Ӕз ме стыр тыхӕй+ ӕмӕ мӕ тыхджын цонгӕй+ сфӕлдыстон зӕхх+, адӕмы+ ӕмӕ зӕххон сырдты+. Ӕмӕ зӕхх радтон, кӕмӕн мӕ фӕндыд, уымӕн+.  Ацы зӕххытӕ иууылдӕр радтон Вавилоны+ паддзах Навуходоносоры къухмӕ, мӕ лӕггадгӕнӕджы+ къухмӕ. Суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр радтон, цӕмӕй йын лӕггад кӕной+.  Адӕмтӕ иууылдӕр лӕггад кӕндзысты уымӕн+, стӕй йӕ фыртӕн ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн, цалынмӕ йӕхи бӕстӕйы рӕстӕг дӕр не ’рцӕуа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ уӕд уый бирӕ адӕмтӕн ӕмӕ номдзыд паддзӕхтӕн лӕггадгӕнӕг суыдзӕн“+.  „Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн цы адӕм ӕмӕ цы паддзахад нӕ лӕггад кӕной, Вавилоны паддзахы ӕфсондзы бын йӕ бӕрзӕй чи нӕ бакӕна, уыдоныл бафтаудзынӕн хъама+, ӕххормагдзинад+ ӕмӕ фыдниз+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ уыцы адӕмы йӕ къухӕй ныццӕгъддзынӕн“+.  „Сымах та ма хъусут уӕ пехуымпартӕм+, уӕ дӕсныфӕрсджытӕм, фынтӕ уӕм чи уыны, уыдонмӕ+, уӕ кӕлӕнгӕнджытӕм ӕмӕ уӕ хингӕнджытӕм+, афтӕ уын чи дзуры, Вавилоны паддзахӕн нӕ лӕггад кӕндзыстут, зӕгъгӕ+, 10  уымӕн ӕмӕ уын уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц, ӕмӕ сӕм куы хъусат, уӕд уӕ зӕххӕй дард ранмӕ хаст ӕрцӕудзыстут. Ӕз уӕ алырдӕмты ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕмӕ фесӕфдзыстут+. 11  Вавилоны паддзахы ӕфсондзы бын йӕ бӕрзӕй чи бакӕна ӕмӕ йын чи лӕггад кӕна, уыцы адӕмы та сӕ зӕххыл ныууадздзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ зӕхх кусдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты“»+. 12  Ацы ныхӕстӕ иууылдӕр Иудӕйы паддзах Седекийӕн+ дӕр радзырдтон+. Загътон ын: «Уӕ бӕрзӕйтӕ Вавилоны паддзахы ӕфсондзы бын бакӕнут, лӕггад ын кӕнут, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ адӕмӕн дӕр, ӕмӕ цӕрат+. 13  Цӕмӕн хъуамӕ амӕлат ды дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр хъамайӕ+, ӕххормагдзинадӕй+ ӕмӕ фыднизӕй+, Вавилоны паддзахӕн чи нӕ лӕггад кӕна, уыцы адӕмы тыххӕй Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ? 14  Афтӕ уын чи дзуры, Вавилоны паддзахӕн нӕ лӕггад кӕндзыстут+, зӕгъгӕ, уыцы пехуымпартӕм ма хъусут, уымӕн ӕмӕ уын мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц+. 15  „Ӕз сӕ нӕ арвыстон,– зӕгъы Йегъовӕ,– афтӕмӕй уын уыдон мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц, ӕмӕ сӕм куы хъусат, уӕд уӕ ӕз алырдӕмты ныххӕлиу кӕндзынӕн+, ӕмӕ фесӕфдзыстут+ сымах дӕр ӕмӕ уын пехуымпар-ныхӕстӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕ дӕр“»+. 16  Сауджынтӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн та загътон: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ма хъусут уӕ пехуымпартӕм, афтӕ уын чи дзуры, тагъд рӕстӕджы Йегъовӕйы хӕдзары мигӕнӕнтӕ Вавилонӕй фӕстӕмӕ ӕрхӕсдзысты, зӕгъгӕ, уыдонмӕ+, уымӕн ӕмӕ уын мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц+. 17  Ма сӕм хъусут. Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ цӕрат+. Ацы горӕт ӕдзӕрӕг бынат цӕмӕн хъуамӕ феста?+ 18  Фӕлӕ кӕд пехуымпартӕ сты ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы ныхас дзурынц, уӕд ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕнт+, цӕмӕй ма Йегъовӕйы хӕдзары, Иудӕйы паддзахы хӕдзары ӕмӕ Иерусалимы цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдон Вавилонмӕ ма ахӕссой. 19  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ цӕджындзты+ тыххӕй, ӕрхуы денджызы+ тыххӕй, уӕрдӕтты+ тыххӕй ӕмӕ ма ацы горӕты ноджыдӕр цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдоны тыххӕй+,– 20  Вавилоны паддзах Навуходоносор Иудӕйы паддзах Йехонийы+, Иоакимы фырты, ӕмӕ Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы кадджын лӕгты се ’ппӕты дӕр Иерусалимӕй Вавилонмӕ уацары куы акодта, уӕд цы мигӕнӕнтӕ нӕ ахаста, уыдоны тыххӕй+. 21  Йегъовӕйы хӕдзары, стӕй Иудӕйы паддзахы хӕдзары ӕмӕ ма Иерусалимы цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдоны тыххӕй ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы+: 22  „Вавилонмӕ сӕ ахӕсдзысты+, ӕмӕ уым уыдзысты, цалынмӕ сӕ не ’рцагурон, уӕдмӕ+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕмӕ сӕ уӕд ӕз рахӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ ӕрхӕсдзынӕн“»+.

Фиппаинӕгтӕ