Йереми 28:1—17

28  Седеки+ Иудӕйы паддзах куы сси, уый фӕстӕ цыппӕрӕм аз, азӕн йӕ фӕндзӕм мӕйы Азуры фырт Ананийӕ+, Гаваонӕй+ чи уыд, уыцы пехуымпар, Йегъовӕйы хӕдзары сауджынты раз ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз Йеремийӕн загъта:  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз Вавилоны паддзахы ӕфсондз ныссӕтдзынӕн+.  Дыууӕ азы дӕр нӕ рацӕудзӕн, афтӕ ӕз Йегъовӕйы хӕдзары мигӕнӕнтӕ иууылдӕр, Вавилоны+ паддзах Навуходоносор ардыгӕй Вавилонмӕ кӕй ахаста, уыдон, фӕстӕмӕ ардӕм ӕрхӕсдзынӕн“».  «„Иудӕйы паддзах Йехонийы+, Иоакимы+ фырты, ӕмӕ ма Иудӕйы адӕмӕй Вавилонмӕ+ уацары кӕй акодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм ӕркӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– уымӕн ӕмӕ ӕз Вавилоны паддзахы ӕфсондз+ ныссӕтдзынӕн“».  Уӕд пехуымпар Йереми пехуымпар Ананийӕйӕн сауджынты раз ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары чи уыд, уыцы адӕмы раз загъта+,  о, пехуымпар Йереми йын загъта: «Аммен!+ Афтӕ бакӕнӕд Йегъовӕ! Йегъовӕ дын дӕ ныхӕстӕ сӕххӕст кӕнӕд ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары мигӕнӕнтӕ Вавилонӕй фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ ӕрхӕссӕд ӕмӕ, уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы дӕр се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ӕркӕнӕд!+  Фӕлӕ-ма, дӕ хорзӕхӕй, байхъус, дӕуӕн дӕр ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕмӕн дӕр цы зӕгъдзынӕн, уымӕ+.  Мӕ размӕ ӕмӕ дӕ размӕ раджы замантӕй фӕстӕмӕ цы пехуымпартӕ уыд+, уыдон дӕр дзырдтой бирӕ бӕстӕты тыххӕй ӕмӕ стыр паддзахӕдты тыххӕй, хӕст, бӕллӕх ӕмӕ фыднизы+ тыххӕй.  Ӕмӕ искӕцы пехуымпар, уыдонӕй хъауджыдӕр, фарны тыххӕй куы дзура, уӕд+ хъуамӕ сбӕлвырд кӕна, раст кӕй у, уый. Йӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, ӕрмӕстдӕр уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕгдӕр ӕй Йегъовӕ кӕй рарвыста»+. 10  Уӕд пехуымпар Ананийӕ пехуымпар Йеремийы бӕрзӕйӕ ӕфсондз райста ӕмӕ йӕ асаста+. 11  Ӕмӕ уӕд Ананийӕ+ ӕппӕт адӕмы раз загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Дыууӕ азы дӕр нӕ рацӕудзӕн, ӕмӕ ӕз раст афтӕ асӕтдзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносоры ӕфсондз, ӕппӕт адӕмтыл дӕр чи ис, уыцы ӕфсондз“»+. Уый фӕстӕ пехуымпар Йереми ацыд+. 12  Пехуымпар Йеремийы+ бӕрзӕйыл цы ӕфсондз уыд, уый пехуымпар Ананийӕ куы асаста, уӕд Йегъовӕ Йеремийӕн загъта: 13  «Ацу, ӕмӕ Ананийӕйӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Хъӕдын ӕфсондз+ асастай, фӕлӕ уый бӕсты сараздзынӕ ӕфсӕйнаг ӕфсондз“+. 14  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз ӕппӕт ацы адӕмты бӕрзӕйыл сӕвӕрдзынӕн ӕфсӕйнаг ӕфсондз, цӕмӕй Навуходоносорӕн, Вавилоны+ паддзахӕн, лӕггад кӕной+. Ӕмӕ йын ӕнӕмӕнгӕй лӕггад кӕндзысты. Ӕз ын ратдзынӕн суанг хъӕддаг сырдты дӕр“»+. 15  Ӕмӕ пехуымпар Йереми пехуымпар Ананийӕйӕн+ загъта: «Ананийӕ, байхъус-ма! Дӕу Йегъовӕ нӕ рарвыста. Ӕмӕ дӕу тыххӕй ацы адӕм мӕнг ныхӕстыл ӕууӕндынц+. 16  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз дӕу зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн. Тӕккӕ ацы аз амӕлдзынӕ+, уымӕн ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй ды рацыдтӕ Йегъовӕйы ныхмӕ“»+. 17  Ӕмӕ пехуымпар Ананийӕ уыцы аз, ӕвдӕм мӕйы, амард+.

Фиппаинӕгтӕ