Йереми 3:1—25

3  Афтӕ фӕзӕгъынц: «Исчи йӕ усы куы арвита ӕмӕ уый куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд лӕгӕн йӕ бон у, ӕмӕ та уый фӕстӕ йемӕ ногӕй бацӕра?»+ Ацы зӕхх нӕ фӕчъизи?+ «Ды хӕтыдтӕ бирӕтимӕ+, ӕмӕ ма уӕд дӕ бон у, ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ раздӕхай?+ – зӕгъы Йегъовӕ.–  Акӕс-ма къахвӕндӕгтӕм+. Тыхми дын кӕм нӕ бакодтой, ахӕм бынат ма баззад?+ Фӕндаггӕрӕтты бадтӕ ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕ, аравиаг лӕг ӕдзӕрӕг быдыры куыд фенхъӕлмӕ кӕсы, афтӕ+. Ӕмӕ дӕ хӕтындзинадӕй ӕмӕ дӕ алы ӕвзӕр митӕй зӕхх чъизи кӕныс+.  Тӕрккъӕвдатӕ нал уары+, уалдзыгон къӕвда дӕр нӕй+. Дӕ ных сси, хӕтгӕ чи кӕны, ахӕм моймӕдзыд сылгоймаджы ныхы хуызӕн. Нӕ дӕ фӕнды, ӕмӕ дӕхимӕ ӕгад ӕркӕсай+.  Ӕмӕ мӕм ныр дзурыс: „Мӕ Фыд+, ды дӕ мӕ хуыздӕр ӕмбал, ме ’рыгон бонтӕ кӕимӕ арвыстон, уый!+  Ӕнустӕм мӕсты кӕндзынӕ кӕнӕ мын мӕ тӕригъӕдтӕм мыггагмӕ кӕсдзынӕ?“+ Фӕлӕ ды загътай, ӕмӕ дарддӕр дӕр кодтай де ’взӕр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дын бирӕ бантыст»+.  Паддзах Иосийы рӕстӕджы мын Йегъовӕ загъта+: «„Уыныс ӕй, мӕнгард Израил цытӕ кусы?+ Цӕуы алы бӕрзонд хохмӕ+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бынмӕ+, цӕмӕй уым хӕта+.  Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы кодта, уый фӕстӕ йын ӕз дзырдтон, цӕмӕй мӕм раздӕха, фӕлӕ мӕм нӕ раздӕхт+. Ӕмӕ Иудӕ дӕр касти йӕ мӕнгард хомӕ+.  Ӕз уый куы федтон, уӕд ӕй арвыстон+ ӕмӕ йын радтон, кӕй дзы ахицӕн дӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт+, уымӕн ӕмӕ мӕнгард Израил хӕтгӕ кодта. Ӕмӕ йӕ мӕнгард хо Иудӕ нӕ фӕтарсти, фӕлӕ уый дӕр ацыд ӕмӕ хӕтын райдыдта+.  Уый хӕтыди йӕ рогзондӕй ӕмӕ зӕхх чъизи кодта+, хӕтыди дуртимӕ ӕмӕ бӕлӕстимӕ+. 10  Ӕмӕ кӕд йӕ мӕнгард хо Иудӕ уыдӕттӕ уыдта, уӕддӕр мӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ раздӕхт+, фӕлӕ ӕрмӕст ӕфсонӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ». 11  Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: «Мӕнгард Израил мӕнгард Иудӕйӕ растдӕр разынд+. 12  Ацу ӕмӕ цӕгатӕн+ фехъусын кӕн ацы ныхӕстӕ: „Раздӕх, мӕнгард Израил“,– зӕгъы Йегъовӕ+“. „Мӕстыйӕ уӕм нӕ кӕсдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз иузӕрдион дӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ“. „Ӕз ӕнустӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕн+. 13  Ӕрмӕст уӕ тӕригъӕдмӕ ӕркӕсут, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз аразут тӕригъӕд+. Куы иу ранмӕ, куы иннӕ ранмӕ цыдыстут ӕцӕгӕлӕттӕм+ алы пӕлӕхсар бӕласы бынмӕ+, мӕнмӕ та нӕ хъуыстат“,– зӕгъы Йегъовӕ“». 14  «Раздӕхут, мӕнгард фырттӕ»+,– зӕгъы Йегъовӕ. «Ӕз мӕхӕдӕг сдӕн уӕ сӕрыхицау+. Ӕмӕ уӕ райсдзынӕн: горӕтӕй – иу адӕймаджы, мыггагӕй – дыууӕ адӕймаджы, ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн Сионмӕ+. 15  Ӕз уын ратдзынӕн мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг фыййӕуттӕ+, ӕмӕ уӕ уыдон ӕфсаддзысты зонындзинӕдтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадӕй+. 16  Ӕмӕ уыцы бонты сбирӕ уыдзыстут ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзыстут уыцы зӕххыл»,– зӕгъы Йегъовӕ+. «Сымах нал дзурдзыстут: „Йегъовӕйы бадзырды чырын!“+, уӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзӕн, хъуыды дӕр ӕй нал ӕркӕндзыстут+ ӕмӕ йӕ мысгӕ дӕр нӕ кӕндзыстут, ӕмӕ ӕндӕр ахӕм нал сараздзыстут. 17  Уыцы рӕстӕг Иерусалим схондзысты Йегъовӕйы паддзахбадӕн+. Ӕмӕ Иерусалимы ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр+, цӕмӕй уым Йегъовӕйы ном кадджын кӕной+. Уыдон се ’взӕр, сӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл нал цӕудзысты»+. 18  «Уыцы бонты Иудӕйы адӕм ӕмӕ Израилы адӕм цӕудзысты фӕрсӕй-фӕрстӕм+. Уыдон иумӕ+ рацӕудзысты цӕгатаг зӕххӕй ӕмӕ ӕрцӕудзысты, уӕ фыдӕлтӕн бынӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ+. 19  Ӕз загътон: „Куыд цин кодтон, мӕ фыртты ӕмрӕнхъ дӕ куы ӕрӕвӕрдтон ӕмӕ дын куы радтон бӕллиццаг зӕхх+, бынӕн лӕвӕрд зӕхх, бирӕ адӕмтӕ кӕсынӕй кӕмӕ не ’фсӕдынц, уыцы зӕхх!“ Стӕй ма загътон, афтӕ мӕм кӕй дзурдзыстут, мӕ Фыд+, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ кӕй нӕ ныууадздзыстут, мӕ фӕдыл кӕй цӕудзыстут. 20  „Йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи рацыд+ ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, ахӕм усау мыл сымах дӕр, Израилы адӕм, гадзрахатӕй рацыдыстут“+,– зӕгъы Йегъовӕ». 21  Къахвӕндӕгтыл хъуысы Израилы фыртты кӕуын, хъуысынц сӕ лӕгъстӕтӕ. Уыдон сӕ фӕндаг сзыгъуыммӕ кодтой+, ферох кодтой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы+. 22  «Раздӕхут, мӕнгард фырттӕ+. Ӕз уӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн, фервӕзын уӕ кӕндзынӕн уӕ мӕнгарддзинадӕй»+. «Мӕнӕ стӕм! Ӕрбацыдыстӕм дӕм, уымӕн ӕмӕ ды дӕ нӕ Хуыцау, о Йегъовӕ+. 23  Къуыбыртӕ ӕмӕ, хӕхтыл цы хъӕлӕба ис+, уый – ӕцӕгдӕр мӕнг сты+. Ӕцӕгдӕр, ӕрмӕст нӕ Хуыцау Йегъовӕ у Израилы ирвӕзынгӕнӕг+. 24  Нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ нын фидиссаг хуыцау+ хордта нӕ фыдӕлты фыдӕбон – сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты. 25  Мах схуыссӕм къӕмдзӕстыгӕй+, худинаджы бын фестӕм+, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ суанг абоны онг арӕзтам тӕригъӕд+ – нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр+,– ӕмӕ нӕ хъуыстам нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ