Йереми 30:1—24

30  Йегъовӕ Йеремийӕн загъта:  «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Цы ныхӕстӕ дын зӕгъон, уыдон иууылдӕр ныффысс чиныджы+.  „Ӕрцӕуынц уыцы бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ мӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны, Израил ӕмӕ Иудӕйы, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн“+. Ӕз сӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ та уыцы зӕхх уыдоны бауыдзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ“».  Мӕнӕ цы зӕгъы Йегъовӕ Израил ӕмӕ Иудӕйӕн.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Адӕмӕн сӕ зыр-зыр цӕуы. Сӕ зӕрдӕты тас бацыд+, сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй».  Уӕ хорзӕхӕй, бафӕрсут-ма ӕмӕ базонут, искуы афтӕ уыди, ӕмӕ нӕлгоймаг ныййардта? Уӕдӕ уӕд нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр арӕг сылгоймагау сӕ фӕрстыл цӕмӕн ныххӕцыдысты+ ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттӕ цӕмӕн ныффӕлурс сты?+  О, уыцы бон у стыр бон+, ӕмӕ уый хуызӕн бон нӕ уыдзӕн+. Уый у Иаковӕн бӕллӕхы бон+. Фӕлӕ дзы фервӕздзӕн».  «Уыцы бон ӕз,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– сӕ бӕрзӕйыл цы ӕфсондз ис, уый асӕтдзынӕн ӕмӕ сын сӕ бӕттӕнтӕ аскъуындзынӕн+. Ӕмӕ сӕ ӕцӕгӕлӕттӕ сӕхицӕн нал кусын кӕндзысты.  Ӕмӕ лӕггад кӕндзысты сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ сӕ паддзах Давидӕн+, сӕ сӕргъы сын кӕй сӕвӕрдзынӕн, уымӕн»+. 10  «Ма тӕрс, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ зӕрдӕйы дын тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн»+. 11  «Ӕз демӕ дӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон+. Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыцы адӕмты ныццӕгъддзынӕн+. Фӕлӕ дӕу нӕ фесафдзынӕн+. Куыд хъӕуы, афтӕ дын зонд бацамондзынӕн ӕмӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн»+. 12  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Дӕ цӕфӕн сдзӕбӕх кӕнӕн нал ис+, ницы хос ын ис+. 13  Дӕ сӕрыл ничи хӕцы, цӕмӕй дын дӕ хъӕдгом сдзӕбӕх кӕна+. Иу хос дӕр дын ыл нал тых кӕны, ницыуал дын ӕххуыс кӕны+. 14  Бирӕ дӕ чи уарзта, уыдон дӕ иууылдӕр ферох кодтой+. Нал дӕ агурынц, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕз дӕ бирӕ фыдракӕндты+ тыххӕй знаджы цӕф фӕкодтон+, ӕгъатыр адӕймаджы къухӕй дӕ бафхӕрдтон+. Дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нал ис+. 15  Цӕф дыл кӕй сӕмбӕлд, уый тыххӕй цӕмӕн хъаст кӕныс?+ Дӕ бирӕ фыдракӕндты тыххӕй дӕ рыстӕн бауромӕн нӕй. Дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нал ис+. Уыдӕттӕ дын ӕз бакодтон. 16  Гъемӕ дӕу чи ныхъуыры, уыдонӕн сӕхи аныхъуырдзысты+. Де знӕгты дын се ’ппӕты дӕр уацары акӕндзысты+. Дӕ исбон дын чи фӕхаста, уыдонӕн сӕхи исбон фӕхӕсдзысты, ӕмӕ ӕз, дӕу чи стигъы, уыдонӕн сӕхи бастигъын кӕндзынӕн»+. 17  «Ӕз дӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн, дӕ цӕфтӕн дын схос кӕндзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Дӕу хуыдтой тард сылгоймаг+ ӕмӕ дзырдтой: „Уый Сион у, агурӕг дӕр ӕй нӕй“»+. 18  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Ӕз раздӕхдзынӕн Иаковы цатыртӕм+, уацары сӕ чи ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ йын йӕ цӕрӕн бынӕттӕн фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн. Горӕт фӕстӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн, цы хохыл лӕууыд, ууыл+. Ӕмӕ цӕрӕн мӕсыг лӕудзӕн, кӕм хъуамӕ лӕууа, уым+. 19  Уырдыгӕй хъуысдзӕн арфӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ худын+. Ӕз сӕ сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ гыццыл нал уыдзысты+. Афтӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сын нымӕц дӕр нӕ уыдзӕн, ӕмӕ иннӕты цӕсты ницӕйаг нал уыдзысты+. 20  Йӕ фырттӕ та уыдзысты, раздӕр куыд уыдысты, афтӕ, ӕмӕ се ’мбырд мӕ разы сфидар уыдзӕн+. Чи сӕ ӕфхӕры, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕркӕсдзынӕн+. 21  Уыдонӕй рацӕудзӕн, кадджын чи у, уый+, се ’хсӕнӕй рацӕудзӕн сӕ разамонӕг+. Ӕз ын бар ратдзынӕн, цӕмӕй мӕм хӕстӕг ӕрбацӕуа, ӕмӕ мӕм ӕрбацӕудзӕн»+. «Чи у, мӕнмӕ хӕстӕг ӕрбацӕуыны тыххӕй йӕ зӕрдӕ цъынды чи радта, уый?+ – зӕгъы Йегъовӕ.– 22  Сымах суыдзыстут мӕ адӕм+, ӕз та суыдзынӕн уӕ Хуыцау»+. 23  Мӕнӕ Йегъовӕйӕ рацӕуы тыхдымгӕ, йӕ фыдӕх, стыр уаддымгӕ+, ӕмӕ фыдгӕнджытыл йӕхи ныццӕвдзӕн+. 24  Йегъовӕйы маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ, йӕ зӕрды цы ис, уый нӕ сараза, цалынмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ+. Фӕстаг бонты сымах уый бамбардзыстут+.

Фиппаинӕгтӕ