Йереми 32:1—44

32  Седеки дӕсӕм аз куы уыд Иудӕйы паддзах+, ома Навуходоносор ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Йеремимӕ Йегъовӕйӕ уыд ныхас+.  Уыцы рӕстӕг Вавилоны паддзахы ӕфсӕдтӕ Иерусалимы алыварс лӕууыдысты+, пехуымпар Йереми та уыд ахст ӕмӕ бадт Хъахъхъӕнджыты кӕрты+, Иудӕйы паддзахы хӕдзары чи ис, уыцы кӕрты.  Ахсгӕ та йӕ ӕркодта Иудӕйы паддзах Седеки+. Седеки йын загъта: «Ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн кӕныс?+ Ды зӕгъыс: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз ацы горӕт дӕттын Вавилоны паддзахы къухмӕ, ӕмӕ йӕ ӕнӕмӕнг бацахсдзӕн+.  Иудӕйы паддзах Седеки халдейты къухӕй нӕ аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзӕн+.  Уый Седекийы Вавилонмӕ акӕндзӕн, ӕмӕ уым уыдзӕн, цалынмӕ йӕм ӕз ме ’ргом нӕ аздахон, уӕдмӕ+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Кӕд халдейтимӕ хӕцут, уӕддӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстут“»+.  Ӕмӕ Йереми загъта: «Йегъовӕ мын афтӕ загъта:  „Мӕнӕ дӕм дӕ фыдыфсымӕр Шаллумы фырт Анамеил фӕцӕуы, ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Анафофы+ мын цы зӕхх ис, уый-ма дӕхицӕн балхӕн, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн ис уыцы бар, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ балхӕнай“»+.  Цасдӕры фӕстӕ мӕм Хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ+, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ, ӕрбацыд Анамеил, мӕ фыдыфсымӕры лӕппу, ӕмӕ мын загъта: «Вениамины зӕххыл+ чи ис, уыцы горӕт Анафофы+ мын цы зӕххы хай ис, уый-ма, дӕ хорзӕхӕй, балхӕн – бындар ды дӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ балхӕныны бар дӕр дӕуӕн ис. Балхӕн ӕй». Уӕд ӕй бамбӕрстон, уыцы ныхас мӕм Йегъовӕйӕ кӕй уыд+.  Ӕмӕ мӕ фыдыфсымӕры лӕппу Анамеилӕй+ балхӕдтон, Анафофы+ йын цы зӕххы хай уыд, уый. Бафыстон+ ын авд сиклы* ӕмӕ дӕс ӕвзист ӕхцайы. 10  Кӕй йӕ балхӕдтон, уый фӕдыл гӕххӕтт скодтон+, мыхуыр ыл сӕвӕрдтон+ ӕмӕ, ӕхца барӕнтыл+ куы барстон, уӕд ӕвдисӕнтӕ+ ӕрбакодтон. 11  Уый фӕстӕ райстон, цы гӕххӕтт скодтон, фӕдзӕхст ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм+ гӕсгӕ мыхуыр кӕуыл сӕвӕрдтон, уыцы гӕххӕтт, ӕмӕ ма иннӕ дӕр, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл нӕ уыд, уый. 12  Стӕй мӕ фыдыфсымӕры лӕппу Анамеилы раз, гӕххӕттыл йӕ къух чи ӕрфыста, уыцы ӕвдисӕнты раз+ ӕмӕ, Хъахъхъӕнджыты кӕрты+ цы дзуттӕгтӕ бадт, уыдонӕн се ’ппӕты раз уыцы гӕххӕтт радтон Варухмӕ+, Маасейы фырт Нирийы+ фыртмӕ. 13  Ӕмӕ уӕд се ’ппӕты раз дӕр Варухӕн загътон: 14  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Райс, зӕхх кӕй балхӕдтай, уый фӕдыл цы гӕххӕттытӕ скодтай, уыдон – мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ис, уый дӕр ӕмӕ кӕуыл нӕй+, уый дӕр,– ӕмӕ сӕ ӕлыг мигӕнӕны нывӕр, цӕмӕй бирӕ рӕстӕг уым уой“. 15  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ацы зӕххыл нырма ӕлхӕндзысты хӕдзӕрттӕ дӕр, зӕххытӕ дӕр ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕ дӕр“»+. 16  Ӕмӕ гӕххӕтт Нирийы+ фырт Варухмӕ+ куы радтон, уӕд Йегъовӕмӕ скуывтон+: 17  «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ!+ Ды де стыр хъаруйы+ фӕрцы ӕмӕ дӕ тыхджын цонджы+ фӕрцы скодтай арв ӕмӕ зӕхх. Ӕппӕт уыдӕтты дӕуӕн зынӕй ницы ис+. 18  Ды де ’нувыд уарзтӕй хай кӕныс минтӕн+, фыдӕлтӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ фӕстӕ бафидыс сӕ фырттӕн*+. Ды дӕ ӕцӕг Хуыцау, стыр+ ӕмӕ хъомысджын+ Хуыцау, дӕ ном+ у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+. 19  Дӕумӕ ис стыр фӕндтӕ+, дӕ хъуыддӕгтӕн нымӕц+ дӕр нӕй. Ды дӕ цӕст дарыс адӕмы ӕппӕт фӕндӕгтӕм дӕр+, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр раттай, йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ йӕм йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цы ӕмбӕлы, уый+. 20  Ды Египеты равдыстай, Израилы ӕмӕ иннӕ адӕмы ’хсӕн+ абоны онг дӕр кӕй зонынц, уыцы нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй дӕхицӕн ном скодтаис, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ+. 21  Ды Израилы, дӕ адӕмы, Египетӕй ракодтай+ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгты+ фӕрцы, дӕ фидар къух ӕмӕ дӕ тыхджын цонджы фӕрцы ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгты фӕрцы+. 22  Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ сын радтай ацы зӕхх – ацы зӕххы тыххӕй ды сӕ фыдӕлтӕн расомы кодтай+, зӕгъгӕ уын ратдзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, ахӕм зӕхх+. 23  Ӕмӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ ацы зӕхх бацахстой+, фӕлӕ дӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ дын дӕ закъон не ’ххӕст кодтой+. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ нӕ арӕзтой+, ӕмӕ сӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхты хай фӕкодтай+. 24  Знӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ горӕты алыварс сыджытӕй обӕуттӕ скодтой+, цӕмӕй йӕ бацахсой+. Горӕты цӕрджытӕ хъамайӕ+, ӕххормагдзинадӕй+ ӕмӕ фыднизӕй+ фӕцагъды уыдзысты ӕмӕ горӕт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, йӕ ныхмӕ чи хӕцы, уыцы халдейты къухмӕ+. Цы дзырдтай, уый ӕрцыд, ӕмӕ йӕ ды уыныс+. 25  Фӕлӕ мын ды, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, загътай, дӕхицӕн зӕхх балхӕн+ ӕмӕ ӕвдисӕнтӕм+ фӕдзур, зӕгъгӕ, кӕд ацы горӕт халдейты къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, уӕддӕр»+. 26  Уӕд Йегъовӕ Йеремийӕн загъта: 27  «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕппӕт адӕмы Хуыцау+. Ахӕмӕй исты ис, мӕнӕн мӕ бон саразын цы нӕ уа?+ 28  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз ацы горӕт дӕттын халдейты къухмӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ, ӕмӕ йӕ уый бацахсдзӕн+. 29  Ацы горӕты ныхмӕ чи хӕцы, уыцы халдейтӕ ӕрбацӕудзысты, арт ыл бафтаудзысты ӕмӕ йӕ фӕнык фестын кӕндзысты+. Фӕнык фестын кӕндзысты, мӕн бафхӕрыны тыххӕй-иу Ваалӕн нывӕндты фӕздӕг цы хӕдзӕртты сӕрыл суагътой ӕмӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувинаг нозт кӕм рауагътой, уыцы хӕдзӕрттӕ дӕр“+. 30  „Израилы фырттӕ ӕмӕ Иудӕйы фырттӕ се ’рыгон бонтӕй фӕстӕмӕ аразынц, мӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый+. Израилы фырттӕ мӕ сӕ хъуыддӕгтӕй ӕфхӕрынц+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 31  Ацы горӕт, цы бон ӕй сарӕзтой, уыцы бонӕй абоны онг мӕнӕн маст+ ӕмӕ фыдӕхы хос йеддӕмӕ ницы у, ӕмӕ йӕ ӕз мӕ разӕй фесафдзынӕн+, 32  уымӕн ӕмӕ Израилы+ фырттӕ ӕмӕ Иудӕйы+ фырттӕ ӕвзӕр митӕ кодтой ӕмӕ мӕ уымӕй ӕфхӕрдтой+ – сӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ паддзӕхтӕ+, сӕ кънйӕзтӕ+, сӕ сауджынтӕ+ ӕмӕ сӕ пехуымпартӕ+, Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ. 33  Уыдон мӕм сӕ чъылдым сыздӕхтой, се ’ргом мӕм нӕ раздӕхтой, фӕлӕ+. Ӕз та сӕ ахуыр кодтон, райсомӕй-иу раджы сыстадтӕн ӕмӕ-иу сӕ ахуыр кодтон, фӕлӕ сӕ мӕ зондамындмӕ ничи хъуыста+. 34  Се ’лгъаг хуыцӕутты сӕвӕрдтой, мӕ номӕй чи хуыйны, уыцы хӕдзары, цӕмӕй йӕ фӕчъизи кодтаиккой+. 35  Стӕй ма Енномы фырты дӕлвӕзы+ Ваалӕн сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ+, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн+ арты сыгътаиккой*+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон+, ӕмӕ хъуыды дӕр никуы акодтон, ахӕм ӕлгъаг хъуыддаг кӕй кӕндзысты+ ӕмӕ уымӕй Иудӕйы тӕригъӕды кӕй ӕфтаудзысты“+. 36  Уӕдӕ сымах афтӕ цы горӕты тыххӕй дзурут, ацы горӕты цӕрджытӕ хъамайӕ, ӕххормагдзинадӕй ӕмӕ фыднизӕй фӕцагъды уыдзысты ӕмӕ горӕт Вавилоны паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ, уыцы горӕты тыххӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы+: 37  „Мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн, уырдыгӕй сӕ ракӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты+. 38  Уыдон суыдзысты мӕ адӕм+, ӕз та суыдзынӕн сӕ Хуыцау+. 39  Ӕмӕ сын ратдзынӕн иу зӕрдӕ+ ӕмӕ иу фӕндаг, цӕмӕй мӕ алкӕддӕр тӕрсой ӕмӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фӕстӕ сӕ цотӕн дӕр уа хорз+. 40  Ӕз семӕ скӕндзынӕн ӕнусон бадзырд+, ӕмӕ сӕ уыцы бадзырды тыххӕй нӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ сын хорздзинад араздзынӕн+. Ратдзынӕн сын ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ тӕрсой ӕмӕ мӕ ма аздӕхой+. 41  Ӕз сыл цин кӕндзынӕн ӕмӕ сын хорздзинад араздзынӕн+. Ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕн ацы зӕххыл+, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй“». 42  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы адӕмы ацы стыр бӕллӕхы хай куыд бакодтон, афтӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн, цы хорздзинӕдты кой сын кӕнын, уыдонӕй+. 43  Ӕмӕ та ацы бӕстӕйы, афтӕ кӕй тыххӕй дзурдзыстут, ай у ӕдзӕрӕг бӕстӕ+, нӕдӕр дзы адӕм ис, нӕдӕр фос, халдейты къухтӕм лӕвӕрд у, зӕгъгӕ+, уыцы бӕстӕйы, зӕххытӕ ӕлхӕндзысты“+. 44  „Адӕм Вениамины+ зӕххы, Иерусалимы алыварс+, Иудӕйы горӕтты+, хӕхбӕсты ӕмӕ дӕлвӕзты цы горӕттӕ ис, уым+ ӕмӕ хуссайраг+ горӕтты ӕлхӕндзысты зӕххытӕ ӕмӕ-иу, зӕхх кӕй балхӕдтой, уый фӕдыл скӕндзысты гӕххӕтт+, мыхуыр-иу ыл сӕвӕрдзысты ӕмӕ-иу ӕвдисӕнтӕм+ фӕдзурдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ уацары чи ис, уыдоны ӕз фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Иу сикл у 11,4 г.
Комк. «нывӕрыс сӕ фыртты роны».
Комк. «артыл хизын кодтаиккой».