Йереми 33:1—26

33  Йереми ма Хъахъхъӕнджыты кӕрты+ ахст куы уыд, уӕд ӕм Йегъовӕйӕ дыккаг хатт уыд ныхас:  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, зӕхх чи сфӕлдыста, уый+, Йегъовӕ, зӕхх чи скодта+ ӕмӕ йӕ фидар бындурыл чи сӕвӕрдта+, уый, Йегъовӕ у йӕ ном+:  „Фӕдзур мӕм, ӕмӕ дын дзуапп ратдзынӕн+ ӕмӕ дын ӕхсызгонӕй радзурдзынӕн, цы нӕ зоныс, уый – диссаг цы у ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕуыл не ’ххӕссы, уый“»+.  «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ, ацы горӕты хӕдзӕртты ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты хӕдзӕртты тыххӕй,– знаг кӕй сарӕзта, уыцы обӕуттӕй ӕмӕ знаджы хъамайӕ сӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй кӕй ныппырх кодтой, уыцы хӕдзӕртты тыххӕй+,  стӕй, халдейтимӕ схӕцынмӕ ӕмӕ, мӕ судзгӕ маст кӕуыл калын+ ӕмӕ ацы горӕтӕй мӕ цӕсгом кӕй фыдхъуыддӕгты тыххӕй бамбӕхстон+, уыцы адӕмы хӕдзӕрттӕ мӕрдтӕй байдзаг кӕнынмӕ чи рацӕуы, уыдоны тыххӕй:  „Ӕз ӕй йӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн, сдзӕбӕх ӕй кӕндзынӕн+. Ӕз сӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн ӕмӕ сын ратдзынӕн ӕнӕкӕрон фарн ӕмӕ ӕдасдзинад*+.  Иудӕйӕ ӕмӕ Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн+ ӕмӕ та сын раздӕрау арфӕ кӕндзынӕн+.  Мӕ разы цы тӕригъӕдтӕ арӕзтой, уыдонӕй сӕ се ’ппӕтӕй дӕр ссыгъдӕг кӕндзынӕн+ ӕмӕ мӕ разы цы тӕригъӕдтӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ кодтой, уыдон сын иууылдӕр ныххатыр кӕндзынӕн+.  Уыцы горӕты ном мын уыдзӕн стыр цины хос+, зӕххыл ӕппӕт адӕмты раз суыдзӕн мӕ кад ӕмӕ мӕ фидыц. Уыдон фехъусдзысты, цы хорздзинӕдтӕ сын аразын, уый тыххӕй+. Цы хорздзинӕдтӕ сын сараздзынӕн ӕмӕ сӕ цы бирӕ фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, уый куы фехъусой+, уӕд сӕ тас бацӕудзӕн+ ӕмӕ фыртӕссӕй зыр-зыр кӕндзысты“»+. 10  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы бӕстӕйы, афтӕ кӕй тыххӕй дзурдзыстут, ай у ӕдзӕрӕг бӕстӕ, нӕдӕр дзы адӕм ис, нӕдӕр фос, зӕгъгӕ, Иудӕйы ӕдзӕрӕг горӕтты ӕмӕ Иерусалимы ӕдзӕрӕг уынгты+, цӕрӕг ӕмӕ фос кӕм нӕй, уым та ногӕй хъуысдзӕн+ 11  цины хъӕр ӕмӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕба+, усгуры хъӕлӕс ӕмӕ чындзы хъӕлӕс, хъуысдзӕн дзы ахӕм ныхӕстӕ: „Кадджын кӕнут ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ*+, уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм!“+ „Йегъовӕйы хӕдзармӕ хӕсдзысты арфӕйы нывӕндтӕ+, уымӕн ӕмӕ ӕз, ацы бӕстӕйӕ уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн. Ӕмӕ та, раздӕр куыд уыд, афтӕ уыдзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ». 12  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ацы ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр кӕм нӕй, уым+, ӕмӕ ӕппӕт горӕтты дӕр ногӕй уыдзӕн хизӕнтӕ, ӕмӕ фыййӕуттӕ сӕ фос уырдӕм кӕндзысты ривӕд кӕнынмӕ“+. 13  „Хӕхбӕсты ӕмӕ дӕлвӕзты цы горӕттӕ ис, уым+, стӕй хуссайраг горӕтты+, Вениамины зӕххыл+, Иерусалимы алыварс+ ӕмӕ Иудӕйы горӕтты+ ногӕй уыдзӕн афтӕ, ӕмӕ-иу фыстӕ ахиздзысты, чи сӕ нымайа, уый къухы бынты“+,– зӕгъы Йегъовӕ». 14  «„Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕххӕст кӕндзынӕн+, Израилы адӕмӕн+ ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон, уый. 15  Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг ӕз Давидӕн ратдзынӕн рӕстаг бындар*+, ӕмӕ уый ацы зӕххыл архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ+. 16  Уыцы рӕстӕг Иудӕ фервӕздзӕн+, ӕмӕ Иерусалим цӕрдзӕн ӕдасӕй+. Ӕмӕ мӕнӕ, цы номӕй йӕ хондзысты, уый: Йегъовӕ у нӕ рӕстдзинад“»+. 17  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Израилы паддзахбадӕныл ӕнустӕм баддзысты Давиды байзӕддӕгтӕ+. 18  Левит-сауджынтӕм алкӕддӕр уыдзӕн, судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ ӕмӕ мын ӕндӕр нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, ахӕм адӕймаг“»+. 19  Йегъовӕ ма Йеремийӕн ноджыдӕр загъта: 20  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Боны тыххӕй цы бадзырд скодтон, уый ӕмӕ, ӕхсӕвы тыххӕй цы бадзырд скодтон, уый уӕ бон фехалын куы уаид, цӕмӕй йӕ афоныл мадӕр бон кӕна, мадӕр ӕхсӕв+, 21  уӕд фехалӕн уаид, мӕ лӕггадгӕнӕг Давидимӕ цы бадзырд скодтон, уый дӕр+, цӕмӕй йын ма рацӕуа, йӕ паддзахбадӕныл чи ӕрбада, ахӕм фырт+. Уӕд фехалӕн уаид, левит-сауджынтимӕ, мӕ лӕггадгӕнджытимӕ+, кӕй скодтон, уыцы бадзырд дӕр. 22  Ӕз мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддӕгты ӕмӕ мын чи лӕггад кӕны, уыцы левитты афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ сын, арвыл цы ис, уыдӕттау* ӕмӕ денджызы змисау банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн“»+. 23  Йегъовӕ Йеремийӕн дарддӕр загъта: 24  «Ацы адӕм цытӕ дзурынц, уый фехъуыстай, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕ цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста+, уыдоны ныууадздзӕн? Уыдон мын мӕ адӕмы ницӕмӕ дарынц+, адӕмыл сӕ нӕ нымайынц. 25  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Бон ӕмӕ ӕхсӕвы тыххӕй бадзырд куы не скодтаин+, арв ӕмӕ зӕххы тыххӕй закъӕттӕ куы не сфидар кодтаин+, 26  уӕд Иаковы байзӕддӕгтыл ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давидыл дӕр мӕ къух систаин+, цӕмӕй йын йӕ байзӕддӕгтӕй Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы байзӕддӕгты сӕргъы хицӕуттӕ ма ӕвӕрдтаин. Фӕлӕ сӕ уацары чи ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+ ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕцӕгдзинад».
Кӕс Пс 25:8, фип.
Комк. «тау».
Комк. «уӕларвон ӕфсадау».