Йереми 34:1—22

34  Вавилоны паддзах Навуходоносор+, йе ’фсӕдтӕ иууылдӕр+, йӕ дӕлбар чи уыд, уыцы зӕххон паддзахӕдтӕ се ’ппӕт дӕр+ ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ Иерусалимимӕ ӕмӕ йе ’ппӕт горӕттимӕ куы хӕцыдысты+, уӕд Йегъовӕ Йеремийӕн загъта:  «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ацу ӕмӕ Иудӕйы паддзах Седекийӕн+ зӕгъ, о, зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз ацы горӕт ратдзынӕн Вавилоны+ паддзахы къухмӕ, ӕмӕ йӕ уый арты хай бакӕндзӕн+.  Ӕмӕ ды йӕ къухӕй нӕ аирвӕздзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕрцахсдзысты ӕмӕ дӕ йӕ къухмӕ ратдзысты+. Ӕмӕ ды Вавилоны+ паддзахимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзынӕ. Ӕмӕ дӕ акӕндзысты Вавилонмӕ“.  Фӕлӕ уӕддӕр, Седеки, Иудӕйы паддзах+, байхъус Йегъовӕйы ныхасмӕ: „Йегъовӕ дӕу тыххӕй афтӕ зӕгъы: „Ды хъамайӕ нӕ амӕлдзынӕ.  Ды амӕлдзынӕ дӕхи мӕлӕтӕй+. Ӕмӕ дӕ фыдӕлты номыл, дӕ размӕ паддзӕхтӕ чи уыд, уыдоны номыл хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ куыд сыгътой+, афтӕ дӕ номыл дӕр ссудздзысты хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ+ ӕмӕ дыл хъарӕг кӕндзысты+: „Дӕдӕй, нӕ буц хицау!“+ – уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ дзуры: „Уыцы ныхас загътон ӕз“».  Ацы ныхӕстӕ иууылдӕр пехуымпар Йереми загъта+ Иудӕйы паддзах Седекийӕн Иерусалимы.  Уыцы рӕстӕг Вавилоны паддзахы ӕфсӕдтӕ хӕцыдысты Иерусалимимӕ ӕмӕ ма Иудӕйы+ цы фидаргонд горӕттӕ+ нӕ басастой+, уыдонимӕ, ома Лахис+ ӕмӕ Азекӕимӕ+.  Йеремимӕ Йегъовӕйӕ уыд ныхас, паддзах Седеки Иерусалимы адӕмимӕ, кӕй сӕ ссӕрибар кӕндзӕн, уый тыххӕй бадзырд куы скодта, уӕд+.  Уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ ауагътаид йӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймаджы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы – дзуттаг+ нӕлгоймаджы ӕмӕ дзуттаг сылгоймаджы, цӕмӕй сӕ йӕхицӕн мачиуал кусын кодтаид, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты дзуттӕгтӕ, се ’фсымӕртӕ+. 10  Ӕмӕ уыцы бадзырд цы кънйӕзтимӕ+ ӕмӕ цы адӕмимӕ скодта, уыдон иууылдӕр сразы сты, цӕмӕй сӕ алчидӕр йӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймаджы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы ауадза ӕмӕ сӕ йӕхицӕн мауал кусын кӕна. Се ’ппӕт дӕр сразы сты ӕмӕ сӕ ауагътой+. 11  Фӕлӕ стӕй иннӕрдӕм фесты+ ӕмӕ, кӕй ауагътой, уыцы лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты фӕстӕмӕ кӕнын райдыдтой ӕмӕ та сӕ сӕхицӕн кусын кодтой+. 12  Гъе уый фӕстӕ Йегъовӕйӕ Йеремимӕ уыд Йегъовӕйы ныхас: 13  «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз уӕ фыдӕлтимӕ скодтон бадзырд+, Египеты зӕххӕй+, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй*+ сӕ куы ракодтон, уӕд ӕмӕ сын загътон: 14  „Авд азы-иу куы фӕуа, уӕд-иу уӕ алчидӕр ауадзӕд йе ’фсымӕры+, дзуттаджы+, йӕхи дын чи ауӕй кодта+ ӕмӕ дын ӕхсӕз азы чи фӕкуыста, уый,– ауадз-иу ӕй, ссӕрибар-иу ӕй кӕн“. Фӕлӕ мӕм уӕ фыдӕлтӕ нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр мӕм не ’рдардтой+. 15  Сымах та абон раздӕхтыстут ӕмӕ, мӕ цӕсты раст цы у, уый бакодтат – уе ’фсымӕрты ссӕрибар кодтат, ӕмӕ мӕ разы+, мӕ номӕй чи хуыйны, уыцы хӕдзары+ бадзырд сарӕзтат. 16  Фӕлӕ стӕй иннӕрдӕм фестут+, ӕмӕ та мын мӕ ном чъизи кӕнут+ – уӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ уӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты, сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй ссӕрибар кодтат, уыдоны, фӕстӕмӕ раздӕхтат ӕмӕ та сӕ уӕхицӕн кусын кӕнут“+. 17  Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Сымах мӕм нӕ байхъуыстат ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’фсымӕр ӕмӕ йӕ хионы не ссӕрибар кодта+. Гъемӕ уӕдӕ уӕ ӕз,– зӕгъы Йегъовӕ,– ссӕрибар кӕндзынӕн афтӕ+: хъама+, фыдниз+ ӕмӕ ӕххормагдзинадӕй+ амӕлдзыстут, ахӕм бӕллӕх уыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдоны тас бацӕудзӕн+. 18  Ӕз знаджы къухмӕ ратдзынӕн, мӕ бадзырд мын чи фехӕлдта, уыцы адӕмы+ – роды дыууӕ дихы чи фӕкодта+, цӕмӕй йӕ дыууӕ хайы ’хсӕн ацыдаиккой+, ӕмӕ афтӕмӕй мӕ разы бадзырд чи скодта, фӕлӕ стӕй уыцы бадзырды ныхӕстӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы адӕмы. 19  Уыдон сты Иудӕйы кънйӕзтӕ ӕмӕ Иерусалимы кънйӕзтӕ+, паддзахы фӕсдзӕуинтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ ацы зӕххы цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр – родӕн йӕ дыууӕ хайы ’хсӕн чи ацыд, уыдон. 20  О, ӕз сӕ ратдзынӕн се знӕгты къухмӕ, марынмӕ сӕ чи хъавы, уыдоны къухмӕ+, ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ уыдзысты хӕринаг уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн+. 21  Ӕмӕ Иудӕйы паддзах Седекийы+ ӕмӕ йын йӕ кънйӕзты ратдзынӕн се знӕгты къухмӕ, марынмӕ сӕ чи хъавы, уыдоны къухмӕ ӕмӕ, ныр уемӕ чи нал хӕцы+, уыдоны къухмӕ – Вавилоны+ паддзахы ӕфсӕдты къухмӕ“. 22  „Ӕз бардзырд ратдзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы горӕтмӕ ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ йемӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты+. Иудӕйы горӕттӕ ӕз фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ, цӕрӕг дзы нал уыдзӕн“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».