Йереми 35:1—19

35  Иосийы фырт Иоаким+ Иудӕйы паддзах куы уыд, уӕд Йегъовӕ Йеремийӕн загъта:  «Ацу рехавитты+ хӕдзармӕ, семӕ аныхас кӕн ӕмӕ сӕ ӕрбакӕн Йегъовӕйы хӕдзармӕ, хӕрӕндӕттӕй искӕцымӕ, ӕмӕ сын сӕн ӕрӕвӕр».  Гъемӕ ӕз дӕр ракодтон Иазанийы, Авацинийӕн йӕ фырт Йеремийы фырты, ракодтон ын йе ’фсымӕрты дӕр, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ рехавитты хӕдзаронты се ’ппӕты дӕр  ӕмӕ сӕ ӕрбакодтон Йегъовӕйы хӕдзармӕ, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Годолийы фырт Хананы фыртты хӕрӕндонмӕ+. Уыцы хӕрӕндон уыд кънйӕзты хӕрӕндоны фарсмӕ, кънйӕзты хӕрӕндон та уыд Шаллумы+ фырт Маасейӕйы, дуаргӕсы, хӕрӕндоны сӕрмӕ.  Стӕй Рехавы байзӕддӕгты раз сӕнӕй дзаг къустӕ ӕмӕ нуазӕнтӕ ӕрӕвӕрдтон ӕмӕ сын загътон: «Бануазут».  Фӕлӕ мын уыдон загътой: «Нӕ, мах сӕн нӕ бануаздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын Рехавы+ фырт Ионадав, нӕ фыдӕл, афтӕ бафӕдзӕхста: „Сӕн ма нуазут мадӕр уӕхӕдӕг, мадӕр уӕ фырттӕ, ӕмӕ афтӕ хъуамӕ уа ӕнустӕм+.  Уӕхицӕн хӕдзӕрттӕ ма аразут ӕмӕ таугӕ дӕр ма кӕнут, сӕнӕфсирдӕттӕ-иу ма скӕнут,– сӕнӕфсирдӕттӕ уын хъуамӕ ма уа. Цӕрӕнбонты хъуамӕ цӕрат цатырты, цӕмӕй, ӕрцӕуӕггӕгтӕ цы зӕххыл стут, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрат“+.  Ӕмӕ нын нӕ фыдӕл Ионадав, Рехавы фырт, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнӕм+: сӕн нӕ нуазӕм, нӕдӕр нӕхӕдӕг, нӕдӕр нӕ устытӕ, нӕдӕр нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕдӕр нӕ чызджытӕ+.  Нӕхицӕн хӕдзӕрттӕ нӕ аразӕм, сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ нын зӕххытӕ дӕр нӕй, стӕй нӕм нӕй тауинӕгтӕ дӕр. 10  Мах цӕрӕм цатырты. Нӕ фыдӕл Ионадав+ нын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уымӕ хъусӕм ӕмӕ уый ӕххӕст кӕнӕм+. 11  Фӕлӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор ацы бӕстӕйы ныхмӕ куы рацыд+, уӕд загътам: „Цом, Иерусалиммӕ ацӕуӕм, цӕмӕй халдейты ӕмӕ сириӕгты ӕфсӕдтӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм. Ӕмӕ уым, Иерусалимы, цӕрдзыстӕм“»+. 12  Ӕмӕ Йегъовӕ Йеремийӕн загъта: 13  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ацу, ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕн зӕгъ: „Ӕдзух уӕ нӕ фӕдзӕхстон, мӕ ныхасмӕ мын хъусут, зӕгъгӕ?+ – зӕгъы Йегъовӕ.– 14  Рехавы+ фырт Ионадав цы загъта, уый йын йӕ байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнынц: бафӕдзӕхста сын, сӕн ма нуазут, зӕгъгӕ, ӕмӕ уыдон дӕр абоны онг сӕн нӕ нуазынц, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕлы фӕдзӕхстмӕ хъусынц+. Ӕз та уын дзырдтон, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ уын-иу дзырдтон+, фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат+. 15  Ӕз уӕм ӕрвыстон ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты, мӕ пехуымпарты+, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ-иу сӕ арвыстон, ӕмӕ уын дзырдтон: „Уӕ хорзӕхӕй, уе ’взӕр фӕндӕгтӕ ныууадзут+ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут+. Ма цӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, ма сын кувут+. Ӕмӕ цӕрут, сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл“+. Фӕлӕ-иу мӕм сымах уӕ хъус дӕр не ’рдардтат, нӕ мӕм хъуыстат+. 16  Рехавы+ фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕ сӕ фыдӕлы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц+, ацы адӕм та мӕнмӕ нӕ хъусынц“»+. 17  «Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз Иудӕйыл ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытыл се ’ппӕтыл дӕр ӕруадздзынӕн, кӕй тыххӕй дзырдтон, уыцы бӕллӕх+, уымӕн ӕмӕ сын ӕз дзырдтон, фӕлӕ мӕм уыдон нӕ хъуыстой, ӕз сӕм дзырдтон, фӕлӕ мын уыдон дзуапп нӕ лӕвӕрдтой“»+. 18  Рехавитты хӕдзаронтӕн та Йереми загъта: «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Уӕ фыдӕл Ионадавы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъусут+ ӕмӕ йын дарддӕр дӕр йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнут, ӕмӕ уын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ кӕй кӕнут+, 19  уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Рехавы фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕй алкӕддӕр уыдзӕн+, мӕ разы чи лӕггад кӕндзӕн, ахӕм адӕймаг“»+.

Фиппаинӕгтӕ