Йереми 36:1—32

36  Иосийы фырт Иоаким+ Иудӕйы паддзах цыппӕрӕм аз куы уыд, уӕд Йегъовӕ Йеремийӕн загъта:  «Чиныджы тыхтон райс+ ӕмӕ дзы ныффысс, Израилы тыххӕй, Иудӕйы+ тыххӕй ӕмӕ дын ӕппӕт адӕмты+ тыххӕй цыдӕриддӕр дзырдтон, уыдӕттӕ+ – мӕ ныхас дын цы бон райдыдтон дзурын, уыцы бонӕй абоны онг, Иосийы рӕстӕджытӕй нырмӕ цы дзырдтон, уыдӕттӕ+.  Чи зоны, Иудӕйы адӕм, цы бӕллӕх ӕруадзинаг сыл дӕн, уый тыххӕй куы фехъусой+, уӕд се ’взӕр фӕндӕгтӕ ныууадзой+, ӕмӕ сын уӕд сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕндзынӕн»+.  Йереми фӕдзырдта Нирийы фырт Варухмӕ+, цӕмӕй Варух тыхтоны ныффыстаид, Йегъовӕ Йеремийӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр+.  Уый фӕстӕ Йереми Варухӕн загъта: «Мӕн Йегъовӕйы хӕдзармӕ мидӕмӕ цӕуын нӕ уадзынц+.  Уымӕ гӕсгӕ ды бацу уырдӕм ӕмӕ хъӕрӕй бакӕс Йегъовӕйы ныхӕстӕ+, ӕз дын кӕй загътон ӕмӕ ацы тыхтоны кӕй ныффыстай, уыдон. Бакӕс сӕ, комдарӕн бон Йегъовӕйы хӕдзары чи уа, уыцы адӕмӕн+ ӕмӕ ӕппӕт Иудӕйы адӕмӕн, сӕ горӕттӕй чи ’рбацӕуы, уыдонӕн+.  Чи зоны сын Йегъовӕ сӕ лӕгъстӕ фехъуса+ ӕмӕ сӕ алчидӕр йе ’взӕр фӕндаг ныууадза+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, куыд дзырдта, афтӕмӕй ацы адӕммӕ мӕстӕй судзы»+.  Ӕмӕ Нирийы фырт Варух+ пехуымпар Йеремийы ныхасмӕ гӕсгӕ ацыд, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ Йегъовӕйы хӕдзары+ тыхтонӕй+ хъӕрӕй бакаст.  Иосийы фырт Иоаким+ Иудӕйы паддзах фӕндзӕм аз куы уыд, уӕд, уыцы азӕн йӕ фарӕстӕм мӕй+, Иерусалимы цӕрджытӕн ӕмӕ, Иудӕйы горӕттӕй Иерусалиммӕ чи ’рцыд, уыцы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр фехъусын кодтой, Йегъовӕйы раз ком кӕй хъуамӕ дарой+. 10  Ӕмӕ Варух Йегъовӕйы хӕдзары, Шафаны+ фырт писыр*+ Гемарийы+ хӕрӕндоны+, уӕллаг кӕрты, Йегъовӕйы хӕдзары ног кулдуары+ раз ӕппӕт адӕмӕн дӕр хъӕрӕй кӕсын райдыдта Йеремийы ныхӕстӕ, тыхтоны фыст чи уыд, уыцы ныхӕстӕ. 11  Михей, Шафаны+ фырт Гемарийы фырт, фехъуыста Йегъовӕйы ныхӕстӕ, Варух тыхтонӕй кӕй бакаст, уыдон. 12  Ӕмӕ уӕд ацыд паддзахы хӕдзармӕ, писыры хӕрӕндонмӕ. Хӕрӕндоны бадтысты кънйӕзтӕ се ’ппӕт дӕр: писыр Елишамӕ+, Шемайӕйы фырт Делайӕ+, Ахборы+ фырт Елнафан+, Шафаны+ фырт Гемари+, Ананийӕйы фырт Седеки ӕмӕ иннӕ кънйӕзтӕ се ’ппӕт дӕр. 13  Ӕмӕ сын Михей+ радзырдта, Варух тыхтонӕй адӕмӕн цы ныхӕстӕ бакаст, уыдон иууылдӕр+. 14  Уӕд кънйӕзтӕ се ’ппӕт дӕр Йегудийы+ Варухмӕ+ арвыстой. Йегуди уыд Нефанийы фырт, Нефани уыд Шелемийы фырт, Шелеми та уыд Хусийы фырт. Арвыстой йӕ, цӕмӕй йын загътаид: «Адӕмӕн цы тыхтонӕй кастӕ, уый-ма рахӕсс ӕмӕ рацу». Ӕмӕ Нирийы фырт Варух тыхтон райста ӕмӕ сӕм ӕрбацыд+. 15  Ӕмӕ йын кънйӕзтӕ загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, ӕрбад ӕмӕ нын ӕй бакӕс». Ӕмӕ сын ӕй Варух+ дӕр бакаст. 16  Уыдӕттӕ иууылдӕр куы фехъуыстой, уӕд кӕрӕдзимӕ тарстхуызӕй бакастысты ӕмӕ Варухӕн загътой: «Ацы ныхӕстӕ иууылдӕр мах хъуамӕ паддзахӕн радзурӕм»+. 17  Варухы та бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, дӕ хорзӕхӕй, куыд дын дзырдта ацы ныхӕстӕ? Куыд сӕ фыстай?»+ 18  Варух сын загъта: «Ацы ныхӕстӕ мын дзырдта йӕхи дзыхӕй, ӕмӕ сӕ ӕз та чернилӕйӕ тыхтоны фыстон»+. 19  Уӕд кънйӕзтӕ Варухӕн загътой: «Ацу, ӕмӕ уӕ дыууӕ дӕр бамбӕхсут, ды дӕр ӕмӕ Йереми дӕр, цӕмӕй мачи зона, кӕм стут, уый»+. 20  Стӕй тыхтон сӕвӕрдтой писыр Елишамӕйы+ хӕрӕндоны+, сӕхӕдӕг та ацыдысты паддзахмӕ, кӕртмӕ+. Ӕмӕ тыхтоны фыст ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн радзырдтой. 21  Уӕд паддзах Йегудийӕн+ загъта, цӕмӕй тыхтон ӕрбахастаид. Йегуди дӕр ӕй писыр+ Елишамӕйы+ хӕрӕндонӕй ӕрбахаста ӕмӕ йӕ паддзахӕн ӕмӕ, паддзахы раз чи лӕууыд, уыцы кънйӕзтӕн кӕсын райдыдта. 22  Паддзах та бадт зымӕгон хӕдзары+. Уӕд уыд фарӕстӕм мӕй+, ӕмӕ паддзахы раз пецы+ арт сыгъд. 23  Ӕмӕ-иу Йегуди тыхтонӕй ӕртӕ-цыппар скъуыддзаджы куы бакаст, уӕд-иу сӕ паддзах писыры кардӕй ралыг кодта ӕмӕ-иу сӕ пецмӕ баппӕрста. Ӕмӕ афтӕ – цалынмӕ тыхтон ӕнӕхъӕнӕй дӕр арты хай нӕ баци, уӕдмӕ+. 24  Ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр нӕ фӕкодтой+. Ӕмӕ нӕдӕр паддзах, нӕдӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕ, ацы ныхӕстӕм чи хъуыста, уыдон, сӕ уӕлӕдарӕс нӕ ӕрыскъуыдтой+. 25  Елнафан+, Делайӕ+ ӕмӕ Гемари+ паддзахӕн бӕргӕ лӕгъстӕ кодтой, ма басудз тыхтон, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕм нӕ байхъуыста+. 26  Уый нӕ, фӕлӕ ма паддзахы фырт Йерахмеилӕн, стӕй Азриилы фырт Серайӕйӕн ӕмӕ Авдиилы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй писыр Варухы ӕмӕ пехуымпар Йеремийы ӕрцахстаиккой+. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ ӕмбӕхста+. 27  Йереми Варухӕн+ Хуыцауы ныхӕстӕ цы тыхтоны ныффыссын кодта, уый паддзах куы басыгъта, уӕд та Йегъовӕ Йеремийӕн+ загъта: 28  «Дӕхицӕн райс ӕндӕр тыхтон ӕмӕ дзы ногӕй ныффысс, Иудӕйы паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы тыхтоны цыдӕриддӕр фыст уыд, уый+. 29  Ӕмӕ афтӕ зӕгъ Иудӕйы паддзах Иоакимӕн: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ды уыцы тыхтон басыгътай+ ӕмӕ загътай: „Цӕмӕн дзы ныффыстай+, Вавилоны паддзах ӕрбацӕудзӕн, ацы бӕстӕ зӕххӕмвӕз скӕндзӕн ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр ӕмӕ дзы иу цӕрӕгой дӕр нал ныууадздзӕн, зӕгъгӕ“?+ 30  Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ Иудӕйы паддзах Иоакимы тыххӕй афтӕ зӕгъы: „Йӕ байзӕддӕгтӕй иу дӕр нӕ баддзӕн Давиды паддзахбадӕныл+. Йӕ мард та йын аппардзысты+ боны судзгӕ хурмӕ ӕмӕ ӕхсӕвы хъызтмӕ. 31  Ӕз ын йӕхицӕй+ дӕр, йӕ цотӕй дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй дӕр сӕ фыдракӕндты+ тыххӕй дзуапп ӕрдомдзынӕн. Ӕз уыдоныл ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытыл ӕруадздзынӕн, кӕй тыххӕй сын дзырдтон, уыцы бӕллӕх+,– дзырдтон сын, фӕлӕ мӕм нӕ хъуыстой“»+. 32  Уӕд Йереми ӕндӕр тыхтон райста ӕмӕ йӕ радта писыр+ Варухмӕ, Нирийы фыртмӕ, ӕмӕ дзы Варух Йеремийы ныхӕстӕм+ гӕсгӕ ногӕй ныффыста, Иудӕйы паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы тыхтоны цыдӕриддӕр фыст уыд, уый+. Ныффыста ма дзы бирӕ ӕндӕр ахӕм ныхӕстӕ дӕр.

Фиппаинӕгтӕ

Ацы ран «писыр»-ӕй цы дзут. дзырд у тӕлмац, уый ма амоны, Закъонӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстыты иннӕ хӕйттӕн къопитӕ чи кодта, уыдонмӕ дӕр.