Йереми 37:1—21

37  Иоакимы+ фырт Йехонийы+ бӕсты паддзах сси Иосийы+ фырт Седеки+, уымӕн ӕмӕ йӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор сӕвӕрдта паддзахӕй Иудӕйы бӕстӕйы+.  Ӕмӕ, Йегъовӕ пехуымпар Йеремийы уылты цы дзырдта+, уымӕ нӕдӕр Седеки хъуыста, нӕдӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕ, нӕдӕр уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕм+.  Паддзах Седеки пехуымпар Йеремимӕ арвыста Шелемийы фырт Йегухалы+ ӕмӕ сауджын Маасейӕйы+ фырт Софонийы+, цӕмӕй йын загътаиккой: «Курӕг дӕ стӕм, мах тыххӕй-ма нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ скув»+.  Уыцы рӕстӕг Йереми адӕмы ’хсӕн цард сӕрибарӕй+, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕд ахӕстоны нӕма сбадын кодтой.  Египетӕй рацыд фараоны ӕфсад+, ӕмӕ уый, Иерусалимыл чи ӕртыхст, уыцы халдейтӕ куы фехъуыстой, уӕд Иерусалимы разӕй сӕхи айстой+.  Ӕмӕ Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн загъта:  «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Иудӕйы паддзахӕн, мӕн бафӕрсынмӕ уӕ чи рарвыста, уымӕн, афтӕ зӕгъут+: „Ӕххуысмӕ уӕм чи ’рбацӕуы, уыцы фараоны ӕфсад фӕстӕмӕ йӕхи зӕхмӕ, Египетмӕ, аздӕхдзӕн+.  Халдейтӕ та фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзысты, ацы горӕтимӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты“+.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Уӕхи ма сайут+, ма дзурут, халдейтӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ аздӕхдзысты. 10  Уемӕ чи хӕцы, уыцы халдейты ӕфсад ӕнӕхъӕнӕй дӕр куы ныццӕгъдат+, ӕмӕ ма дзы ӕрмӕст, уӕззау цӕф чи фӕци, ахӕмтӕ куы баззайа+, уӕд уыдон дӕр сыстдзысты, сӕ цатыртӕй рацӕудзысты ӕмӕ ацы горӕт арты хай бакӕндзысты“». 11  Ӕмӕ халдейты ӕфсад фараоны ӕфсады+ тӕссӕй Иерусалимы разӕй йӕхи куы айста+, 12  уӕд Йереми Иерусалимӕй араст Вениамины зӕхмӕ+, цӕмӕй йӕ адӕмы ’хсӕн йӕ хай райстаид. 13  Вениамины кулдуары+ раз куы уыди, уӕд уым уыд хъахъхъӕнджыты хистӕр Ирей, Ананийӕйӕн йӕ фырт Шелемийы фырт. Ирей пехуымпар Йеремийы рацахста ӕмӕ йын загъта: «Халдейтӕм лидзынмӕ хъавыс!» 14  Фӕлӕ йын Йереми загъта: «Гӕдыныхас!+ Ницы хъавын халдейтӕм лидзынмӕ». Фӕлӕ йӕм Ирей хъусгӕ дӕр нӕ кодта, ныххӕцыд ыл ӕмӕ йӕ кънйӕзтӕм акодта. 15  Кънйӕзтӕ+ Йеремимӕ смӕсты сты+, фӕнадтой йӕ+ ӕмӕ йӕ ахӕстоны сбадын кодтой+. Ахӕстон та уыд писыр Ионафаны+ хӕдзары, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хӕдзарӕй скодтой ахӕстон+. 16  Йереми ныххызт ахӕстоны ныккӕндмӕ+, зӕххы бын цы уӕттӕ уыд, уырдӕм, ӕмӕ уым фӕци бирӕ рӕстӕг. 17  Паддзах Седеки йӕм арвыста ӕмӕ йӕ йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта. Ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзары хибар ран фӕрсын райдыдта+: «Йегъовӕйӕ исты ныхас ис?» Йереми йын загъта: «Ис!» Ӕмӕ стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Вавилоны паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзынӕ!»+ 18  Стӕй Йереми паддзах Седекийӕн загъта: «Цавӕр тӕригъӕд ракодтон дӕ разы, дӕ лӕггадгӕнджыты раз ӕмӕ ацы адӕмы раз?+ Ахӕстоны мӕ цӕй тыххӕй бакодтат? 19  Кӕм сты ныр уӕ пехуымпартӕ, афтӕ уын чи дзырдта, зӕгъгӕ, Вавилоны паддзах уӕ ныхмӕ ӕмӕ ацы зӕххы ныхмӕ нӕ рацӕудзӕн?+ 20  Мӕ буц хицау, паддзах, байхъус-ма мӕм, дӕ хорзӕхӕй. Мӕ лӕгъстӕ мын фехъус+, ӕмӕ мӕ фӕстӕмӕ писыр Ионафаны+ хӕдзармӕ мауал арвит, цӕмӕй уым ма амӕлон»+. 21  Ӕмӕ уӕд паддзах Седеки бардзырд радта, цӕмӕй Йеремийы Хъахъхъӕнджыты кӕрты+ бакодтаиккой. Ӕмӕ йын алы бон дӕр дзулгӕнджыты уынгӕй+ хастой иу дзул, цалынмӕ горӕты дзул уыд, уӕдмӕ+. Гъемӕ Йереми уыд Хъахъхъӕнджыты кӕрты+.

Фиппаинӕгтӕ