Йереми 38:1—28

38  Матфаны фырт Сафати, Пашхуры фырт Гедали, Шелемийы фырт Иухал+ ӕмӕ Малхийы+ фырт Пашхур фехъуыстой, Йереми адӕмӕн+ афтӕ кӕй дзырдта:  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы горӕты чи баззайа, уый хъамайӕ+, ӕххормагдзинадӕй+ ӕмӕ фыднизӕй+ амӕлдзӕн. Ӕддӕмӕ халдейтӕм чи рацӕуа, уый та йӕ цард бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ цӕрдзӕн“+.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы горӕт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Вавилоны паддзахы ӕфсады къухмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн“»+.  Уӕд кънйӕзтӕ паддзахӕн загътой: «Курӕг дӕ стӕм, ацы адӕймаджы амарын кӕн+, уымӕн ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ кӕй кӕны, уымӕй, горӕты ма чи баззад, уыцы ӕфсӕддонтӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ ныфс сӕтты+. Ацы адӕймаджы ацы адӕмӕн сӕ хорз нӕ фӕнды, фӕлӕ се ’взӕр».  Ӕмӕ сын паддзах Седеки загъта: «Уыцы лӕг уӕ къухы ис. Паддзахӕн уӕ ныхмӕ ӕрлӕууын йӕ бон нӕу»+.  Уыдон дӕр Йеремийы ракодтой ӕмӕ йӕ Хъахъхъӕнджыты кӕрты+ паддзахы фырт Малхийы+ доны дзыхъхъы ныппӕрстой. Бынмӕ йӕ ауагътой бӕндӕнтыл. Дзыхъхъы та дон нӕ уыд, фӕлӕ цъыф. Ӕмӕ Йереми цъыфы ныгъуылын райдыдта+.  Паддзахы фӕсдзӕуин Авдемелех, ефиопаг+ чи уыд, уый, уыцы рӕстӕг уыд паддзахы хӕдзары. Авдемелех фехъуыста, Йеремийы дзыхъхъы кӕй ныппӕрстой, уый. Паддзах та уыцы рӕстӕг бадт Вениамины кулдуары раз+.  Ӕмӕ Авдемелех паддзахы хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ паддзахӕн загъта:  «Мӕ буц хицау, паддзах, уыцы адӕм пехуымпар Йеремийӕн афтӕ кӕй бакодтой, уый раст нӕу. Дзыхъхъы йӕ ныппӕрстой, ӕмӕ уым ӕххормагӕй+ амӕлдзӕн+, уымӕн ӕмӕ горӕты дзул нал ис». 10  Уӕд паддзах ефиопаг Авдемелехӕн загъта: «Ардыгӕй демӕ ӕртын лӕджы акӕн, ӕмӕ ацӕут ӕмӕ пехуымпар Йеремийы дзыхъхъӕй сисут, цалынмӕ нӕ амард, уӕдмӕ»+. 11  Авдемелех йемӕ адӕмы ракодта ӕмӕ паддзахы хӕдзармӕ бацыд, ныххызт хӕзнадоны бынмӕ+ ӕмӕ дзы систа зӕронд хӕцъилтӕ ӕмӕ хъуымацы гӕппӕлтӕ, ӕмӕ сӕ Йеремимӕ дзыхъмӕ+ бӕндӕнтыл ныууагъта. 12  Уый фӕстӕ ефиопаг Авдемелех Йеремийӕн загъта: «Ацы зӕронд хӕцъилтӕ ӕмӕ хъуымацы гӕппӕлтӕ дӕ дӕлӕрмтты бакӕн, бӕндӕнты уӕлӕ». Ӕмӕ Йереми дӕр афтӕ бакодта+. 13  Уӕд Йеремийыл бӕндӕнтӕй схӕцыдысты ӕмӕ йӕ дзыхъхъӕй систой. Уымӕй фӕстӕмӕ Йереми уыди Хъахъхъӕнджыты кӕрты+. 14  Паддзах Седеки арвыста пехуымпар Йеремимӕ, цӕмӕй йӕм ӕй ӕрбакодтаиккой+, Йегъовӕйы хӕдзары+ чи ис, уыцы ӕртыккаг бахизӕнмӕ+. Ӕмӕ паддзах Йеремийӕн загъта: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсдзынӕн, ӕмӕ мын ӕй ма басусӕг кӕн»+. 15  Уӕд Йереми Седекийӕн загъта: «Ӕмӕ дын ӕй куы зӕгъон, уӕд мӕ нӕ амарын кӕндзынӕ? Ӕниу дын уынаффӕ куы раттон, уӕд дӕр мӕм нӕ байхъусдзынӕ»+. 16  Ӕмӕ уӕд паддзах Седеки Йеремийӕн хибар ран расомы кодта: «Сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, цард нын чи радта, уымӕй+: нӕ дӕ амарын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ марынмӕ чи хъавы, уыдоны къухмӕ дӕр дӕ нӕ ратдзынӕн»+. 17  Ӕмӕ Йереми Седекийӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, ӕфсӕдты Хуыцау+, Израилы Хуыцау+: „Вавилоны паддзахы+ кънйӕзтӕм куы рацӕуай, уӕд дӕ уд мӕлӕтӕй бахиздзынӕ, ацы горӕт арты хай нӕ бауыдзӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр удӕгасӕй баззайдзыстут+. 18  Фӕлӕ Вавилоны паддзахы кънйӕзтӕм куы нӕ рацӕуай, уӕд ацы горӕт халдейты къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты+. Ӕмӕ ды дӕр сӕ къухӕй нӕ аирвӕздзынӕ“»+. 19  Уӕд паддзах Седеки Йеремийӕн загъта: «Халдейтӕм чи алыгъд, уыцы дзуттӕгтӕй тӕрсын+. Халдейтӕ мӕ сӕ къухмӕ куы раттой, уӕд мын алы фыдмитӕ фӕкӕндзысты»+. 20  Фӕлӕ йын Йереми загъта: «Нӕ дӕ ратдзысты. Курын дӕ, кӕй кой дын кӕнын, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъус, ӕмӕ дыл ницы ӕрцӕудзӕн+, удӕгасӕй баззайдзынӕ. 21  Фӕлӕ сӕм куы нӕ рацӕуай+, уӕд ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕ мын цӕстылуайӕны цы равдыста, уый: 22  Иудӕйы паддзахы хӕдзары ма чи баззад, уыцы сылгоймӕгты+ Вавилоны паддзахы кънйӕзтӕм ракӕндзысты+, ӕмӕ уыдон дзурдзысты:„Демӕ хӕларӕй чи цард, уыдон дыл сайдӕй рацыдысты+ ӕмӕ дыл фӕтых сты+.Уыцы адӕмы тыххӕй дӕ къӕхтӕ цъыфы аныгъуылдысты. Уыдон та фӕстӕмӕ лидзӕг фесты“+. 23  Ӕмӕ дын дӕ устыты ӕмӕ дӕ фыртты се ’ппӕты дӕр акӕндзысты халдейтӕм, ӕмӕ ды дӕр сӕ къухӕй нӕ аирвӕздзынӕ+ – Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн. Ӕмӕ дӕу тыххӕй ацы горӕт арты хай бауыдзӕн»+. 24  Седеки Йеремийӕн загъта: «Адӕттӕ иу адӕймаг дӕр хъуамӕ ма базона, цӕмӕй ма амӕлай. 25  Ӕз демӕ кӕй ныхас кодтон, уый кънйӕзтӕ+ куы фехъусой, ӕмӕ дӕм куы ӕрбацӕуой ӕмӕ дӕ куы фӕрсой: „Зӕгъ-ма нын, паддзахӕн цы дзырдтай? Мацы нӕ басусӕг кӕн, ӕмӕ дӕ нӕ амардзыстӕм. Цы дын дзырдта паддзах?“ – 26  уӕд-иу сын афтӕ зӕгъ: „Паддзахӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ Ионафаны+ хӕдзармӕ мауал арвита ӕмӕ уым ма амӕлон“. 27  Цасдӕры фӕстӕ кънйӕзтӕ иууылдӕр Йеремимӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ фӕрсын райдыдтой. Ӕмӕ сын Йереми загъта, паддзах ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста зӕгъын, афтӕ+. Уӕд уыдон дӕр ницыуал загътой, уымӕн ӕмӕ, цӕуыл ныхас кодтой, уый нӕ базыдтой. 28  Ӕмӕ, цалынмӕ Иерусалим нӕ бацахстой+, уӕдмӕ Йереми уыди Хъахъхъӕнджыты кӕрты+. Ӕмӕ адӕттӕ ӕрцыдысты, Иерусалим куы бацахстой, уӕд+.

Фиппаинӕгтӕ