Йереми 39:1—18

39  Седеки Иудӕйы паддзах фарӕстӕм аз куы уыд, уӕд, дӕсӕм мӕй+, Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ Иерусалиммӕ ’рцыдысты ӕмӕ горӕтыл ӕртыхстысты+.  Седеки паддзах иуӕндӕсӕм аз куы уыд, уӕд, цыппӕрӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фарӕстӕм бон, горӕты къул батыдтой+.  Вавилоны паддзахы кънйӕзтӕ иууылдӕр бацыдысты ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары+ раз сбадтысты. Уыцы кънйӕзтӕ уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сарсехим, рабсарис*, равмаг* Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ кънйӕзтӕ се ’ппӕт дӕр.  Ӕмӕ сӕ Иудӕйы паддзах Седеки ӕмӕ хӕстонтӕ иууылдӕр куы федтой, уӕд лидзынмӕ фесты+, ӕмӕ ӕхсӕвы горӕтӕй рацыдысты паддзахы дыргъдоны уылты+, дыууӕ къулы ’хсӕн цы кулдуар уыд, ууыл, ӕмӕ, Аравӕмӕ цы фӕндаг цыди, ууыл ацыдысты+.  Халдейты ӕфсад сӕ фӕстейӕ асырдтой+, ӕмӕ Иерихоны ӕдзӕрӕг быдыры Седекийы баййӕфтой+. Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, Хаматы+ зӕххыл чи ис, уыцы горӕт Ривлӕмӕ+, цӕмӕй йын стӕрхон кодтаид+.  Ривлӕйы Седекийӕн Вавилоны паддзах йӕ цӕстыты раз+ йӕ фыртты амардта+. Вавилоны паддзах ма амардта Иудӕйы кадджын лӕгты се ’ппӕты дӕр+.  Седекийӕн та йӕ цӕстытӕ скъахта+, стӕй йыл ӕрхуы хъадамантӕ бакодта, цӕмӕй йӕ Вавилонмӕ акодтаид.  Халдейтӕ басыгътой паддзахы хӕдзар ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ+ ӕмӕ ныппырх кодтой Иерусалимы къултӕ+.  Горӕты ма чи уыд, уыцы адӕмы, уый ӕрдӕм чи ралыгъд, уыдоны ӕмӕ иннӕ адӕмы Навузардан+, хъахъхъӕнджыты хистӕр+, Вавилонмӕ уацары акодта+. 10  Мӕгуыр адӕмӕй, кӕмӕ ницы уыд, уыдонӕй кӕйдӕрты Навузардан, хъахъхъӕнджыты хистӕр, ныууагъта Иудӕйы зӕххыл+. Уыцы бон сын Навузардан радта сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сӕ лӕвар кусджытӕ скодта+. 11  Уымӕй уӕлдай ма Вавилоны паддзах Навуходоносор хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузарданӕн Йеремийы тыххӕй бардзырд радта: 12  «Акӕн ӕй ӕмӕ йӕм дӕ цӕст дар. Ӕвзӕрӕй йын мацы ракӕн+, фӕлӕ дын куыддӕриддӕр зӕгъа, афтӕ йын бакӕн»+. 13  Уӕд хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан+, рабсарис Навузазван, равмаг Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы стыр хицӕуттӕ иууылдӕр 14  Йеремимӕ арвыстой ӕмӕ йӕ Хъахъхъӕнджыты кӕртӕй+ ӕрбакӕнын кодтой. Ӕмӕ йӕ бакодтой Гедалийы+ бар, Шафанӕн+ йӕ фырт Ахикамы+ фырты бар, цӕмӕй йӕ уый йӕ хӕдзармӕ акодтаид ӕмӕ Йереми адӕмы ’хсӕн цардаид. 15  Йереми ма Хъахъхъӕнджыты кӕрты+ ахст куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ загъта: 16  «Ацу ӕмӕ ефиопаг Авдемелехӕн+ зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, ацы горӕты тыххӕй цы загътон, уый – фыдбылызы хай йӕ бакӕндзынӕн, хорздзинад ын нӕ ракӕндзынӕн, фӕлӕ+. Ӕмӕ уыцы бон уыдӕттӕ дӕ цӕстыты раз ӕрцӕудзысты“+. 17  „Дӕу та ӕз уыцы бон фервӕзын кӕндзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ, кӕмӕй тӕрсыс, уыдоны къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзынӕ“+. 18  „Ӕз дӕ ӕнӕмӕнгӕй фервӕзын кӕндзынӕн. Ды хъамайы амӕттаг нӕ бауыдзынӕ, удӕгасӕй баззайдзынӕ+, уымӕн ӕмӕ ды дӕ зӕрдӕ дарыс мӕныл“+,– зӕгъы Йегъовӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Афтӕ хуыдтой паддзахы фӕсдзӕуинты хистӕры.
Кӕнӕ «хистӕр кӕлӕнгӕнӕг (дӕсны; астролог); кадджынты хистӕр».