Йереми 41:1—18

41  Ӕвдӕм мӕйы паддзахы байзӕддаг+ Измаил+, Елишамӕйӕн+ йӕ фырт Нефанийы фырт, паддзахимӕ-иу цы хицӕуттӕ уыди, уыдонӕй иу, ӕмӕ йемӕ дӕс адӕймаджы+ ӕрцыдысты Ахикамы фырт Гедалимӕ Массифӕмӕ+. Ӕмӕ Массифӕйы иумӕ минас кӕнын райдыдтой+.  Уӕд иуафон Нефанийы фырт Измаил ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон фестадысты ӕмӕ Гедалийы, Шафанӕн йӕ фырт Ахикамы фырты, хъамайӕ барӕхуыстой+. Афтӕ Измаил амардта, Вавилоны паддзах уыцы бӕстӕйы сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уый+.  Измаил ма амардта, Гедалиимӕ Массифӕйы чи уыд, уыцы дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ дзы халдейаг ӕфсӕддонтӕй чи уыд, уыдоны дӕр.  Гедалийы куы амардтой, уымӕй дыккаг бон, хабар куы ничима базыдта, уӕд+  Сихемӕй+, Силомӕй+ ӕмӕ Самарийӕ+ ӕрцыди ӕстай адӕймаджы, сӕ боцъотӕ ныддастой+, сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой ӕмӕ сӕхи ныллыгтӕ кодтой, афтӕмӕй+. Сӕ къухты уыди хоры кувинаг ӕмӕ урс буд+ – хъуамӕ сӕ бахастаиккой Йегъовӕйы хӕдзармӕ.  Нефанийы фырт Измаил Массифӕйӕ сӕ размӕ кӕугӕйӕ рацыд+ ӕмӕ сӕм куы бахӕццӕ, уӕд сын загъта: «Цомут Ахикамы фырт Гедалимӕ».  Ӕмӕ куыддӕр горӕтмӕ бацыдысты, афтӕ сӕ Нефанийы фырт Измаил ӕмӕ йӕ адӕм амардтой ӕмӕ сӕ доны дзыхъхъы ныппӕрстой+.  Фӕлӕ уыдоны ’хсӕн уыди дӕс лӕджы, ӕмӕ сӕм куыддӕр Измаил йӕ къух систа, афтӕ йын загътой: «Ма нӕ амар, махӕн быдыры ӕмбӕхст ис хӕринаг: мӕнӕу, хъӕбӕрхор, сой ӕмӕ мыд»+. Ӕмӕ Измаил дӕр йӕхи фӕурӕдта ӕмӕ сӕ се ’фсымӕртау нӕ амардта.  Измаил+, кӕй амардта, уыцы адӕмӕн сӕ мӕрдтӕ цы доны дзыхъхъы ныппӕрста, уый уыд тынг стыр. Скъахта йӕ паддзах Асӕ, Израилы паддзах Ваасӕ йӕм ныббырсынмӕ куы хъавыд, уӕд+. Уыцы дзыхъхъ Нефанийы фырт Измаил байдзаг кодта мӕрдтӕй. 10  Уый фӕстӕ Измаил, Массифӕйы+ ма цы адӕм уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр уацары акодта. Акодта паддзахы чызджыты+ ӕмӕ ма Массифӕйы чи баззад, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр+ – хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан Ахикамы фырт Гедалийы бар кӕй бакодта, уыдоны+. Нефанийы фырт Измаил сӕ уацары акодта ӕмӕ ацыд, цӕмӕй цӕугӕдоныл Аммоны фырттӕм ахызтаид+. 11  Цасдӕры фӕстӕ Карейы фырт Иоханан+ ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы ӕфсады хистӕртӕ+ фехъуыстой, Нефанийы фырт Измаил цытӕ бакодта, уый. 12  Ӕмӕ уӕд адӕмы ракодтой ӕмӕ ацыдысты, цӕмӕй Нефанийы фырт Измаилимӕ схӕцыдаиккой, ӕмӕ йӕ ссардтой Гаваоны, стыр дӕтты цур+. 13  Измаилимӕ цы адӕм уыд, уыдон Карейы фырт Иохананы ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы ӕфсады хистӕрты куы федтой, уӕд бацин кодтой. 14  Ӕмӕ, Измаил Массифӕйӕ+ уацары кӕй ракодта, уыцы адӕм иууылдӕр фездӕхтысты ӕмӕ Карейы фырт Иохананмӕ ацыдысты. 15  Нефанийы фырт Измаил та ӕмӕ ма йемӕ аст лӕджы Иохананы къухӕй аирвӕзтысты+ ӕмӕ Аммоны фырттӕм алыгъдысты. 16  Карейы фырт Иоханан+ ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы ӕфсады хистӕртӕ Нефанийы фырт Измаилы къухӕй байстой, Измаил Ахикамы фырт Гедалийы+ куы амардта, уӕд Массифӕйӕ уацары кӕй акодта, уыдоны: нӕлгоймӕгты, хӕстонты, устыты, сывӕллӕтты ӕмӕ паддзахы фӕсдзӕуинты – Гаваонӕй кӕй ӕркодта, уыцы адӕмы. 17  Стӕй ацыдысты ӕмӕ ӕхсӕвы ӕрлӕууыдысты Кимгамы, Вифлеемы+ раз, цӕмӕй уый фӕстӕ Египетмӕ ацыдаиккой+, 18  уымӕн ӕмӕ халдейтӕй+ тарстысты+. Тӕрсгӕ та сӕ уымӕн кодтой, ӕмӕ Нефанийы фырт Измаил амардта Ахикамы фырт Гедалийы+, Вавилоны паддзах уыцы бӕстӕйы сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уый+.

Фиппаинӕгтӕ