Йереми 43:1—13

43  Йереми ӕппӕт адӕмӕн дӕр радзырдта сӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхӕстӕ, сӕ Хуыцау Йегъовӕ сын Йеремийӕн цы ныхӕстӕ рарвыста, уыдон иууылдӕр. Ӕмӕ куыддӕр дзырд фӕци+,  афтӕ Гошайы+ фырт Азари, Карейы фырт Иоханан+ ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕм+ иууылдӕр Йеремийӕн загътой: «Мӕнг ныхӕстӕ кӕныс!+ Дӕу уыцы ныхӕстимӕ, Египетмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕй цӕрынмӕ ма ацӕут, зӕгъгӕ, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ рарвыста+.  Уый дӕ Нирийы фырт Варух+ скодта нӕ ныхмӕ, цӕмӕй халдейты къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕуӕм. Уыдон та нӕ йе маргӕ акӕндзысты, йе та нӕ Вавилонмӕ уацары акӕндзысты»+.  Ӕмӕ Карейы фырт Иоханан, ӕфсады хистӕртӕ иууылдӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыстой+ ӕмӕ Иудӕйы зӕххыл нӕ баззадысты+.  Карейы фырт Иоханан ӕмӕ ӕфсады хистӕртӕ се ’ппӕт дӕр акодтой, Иудӕйӕ ма чи баззад, уыдоны – иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныххӕлиу, фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ Иудӕйы зӕхмӕ чи ӕрыздӕхт ӕмӕ дзы иуцасдӕр чи ацард, уыдоны се ’ппӕты дӕр+:  нӕлгоймӕгты, устыты, сывӕллӕтты, паддзахы чызджыты+ ӕмӕ, хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан+ бар кӕмӕн радта, цӕмӕй Шафанӕн+ йӕ фырт Ахикамы+ фырт Гедалиимӕ+ баззадаиккой, уыдоны* се ’ппӕты дӕр, стӕй ма пехуымпар Йеремийы ӕмӕ Нирийы фырт Варухы+ дӕр.  Ӕмӕ Египеты зӕхмӕ ӕрцыдысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой. Ӕппынфӕстаг бахӕццӕ сты Тафнисмӕ+.  Тафнисы Йегъовӕ Йеремийӕн загъта:  «Райс стыр дуртӕ ӕмӕ сӕ дзуттӕгты цӕстыты раз, фараонӕн Тафнисы цы хӕдзар ис, уымӕн йӕ бахизӕны раз агуыридурӕй конд кӕрты чъыры змӕсты бын фӕкӕн+. 10  Ӕмӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз фӕсиддзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ+, мӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+, ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн сӕвӕрдзынӕн, кӕй бамбӕхстон, тӕккӕ дӕр уыцы дурты сӕрмӕ, ӕмӕ уыцы дурты сӕрмӕ йӕ рӕсугъд цатыр айтынг кӕндзӕн. 11  Уый ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Египет басӕтдзӕн+. Мӕлӕтдзаг низы аккаг чи у, уый мӕлӕтдзаг низӕй амӕлдзӕн. Уацары ацӕуыны аккаг чи у, уый уацары ацӕудзӕн. Хъамайӕ амӕлыны аккаг чи у, уый та хъамайӕ фӕмард уыдзӕн+. 12  Ӕз Египеты хуыцӕутты кувӕндӕттыл арт бафтаудзынӕн+. Вавилоны паддзах сын сӕ хӕдзӕрттӕ басудздзӕн ӕмӕ сӕ уацары акӕндзӕн. Фыййау йӕ уӕлӕдарӕс йӕхиуыл куыд ӕрбатухы, афтӕ уый дӕр Египеты зӕхх йӕ уӕлӕ ӕрбатухдзӕн+. Ӕмӕ фарнимӕ рацӕудзӕн уырдыгӕй. 13  Уый, Египеты зӕххыл чи ис, уыцы Вефсамисы цӕджындзтӕ ныппырх кӕндзӕн, Египеты хуыцӕутты кувӕндӕттӕ та арты хай бакӕндзӕн“».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уыдоны удтӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.