Йереми 44:1—30

44  Египеты зӕххыл чи цард, уыцы дзуттӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+, ома, Мигдолы+, Тафнисы+, Нофы+ ӕмӕ Пафросы+ зӕххыл чи цард, уыдонӕн, Йереми Хуыцауы номӕй загъта:  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Сымах федтат, Иерусалим+ ӕмӕ Иудӕйы горӕттыл цы бӕллӕх ӕруагътон, уый. Ӕмӕ ныр афтидӕй лӕууынц, цӕрӕг дзы нал ис+.  Уыцы бӕллӕх уымӕн ӕрцыд, ӕмӕ сымах фыдхъуыддӕгтӕ кодтат, цӕмӕй мӕ ӕфхӕрдтаиккат. Кӕй нӕ зыдтат, уыцы хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уагътат+ ӕмӕ сын куывтат. Уыцы хуыцӕутты нӕдӕр сымах зыдтат, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ+.  Ӕз уӕм ӕрвыстон ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты, мӕ пехуымпарты, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ-иу сӕ арвыстон+, ӕмӕ уын дзырдтон: „Курын уӕ, ме сӕфт кӕмӕй уынын, уыцы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ ма кӕнут“+.  Фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат+, уӕ хъус дӕр-иу мӕм не ’рдардтат, ӕмӕ дарддӕр дӕр уӕ фыдхъуыддӕгтӕ кодтат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уагътат+.  Уый тыххӕй ӕз Иудӕйы горӕттыл ӕмӕ Иерусалимы уынгтыл мӕ фыдӕх+ ӕмӕ мӕ маст ныккалдтон, ӕмӕ сӕ мӕ азар басыгъта, ӕмӕ сафтид сты, ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестадысты, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ“+.  Ӕмӕ ныр афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, ӕфсӕдты Хуыцау, Израилы Хуыцау: „Уӕхи ахӕм стыр бӕллӕхы цӕмӕн ӕппарут?+ Иудӕйы нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ дзидзидай сабитӕ+ цӕмӕн хъуамӕ фӕцагъды уой? Цӕмӕн кӕнут афтӕ, ӕмӕ уӕ ӕппындӕр мачи баззайа?  Сымах мӕ уӕ хъуыддӕгтӕй ӕфхӕрут: Египеты зӕххыл, ӕрцӕуӕггӕгтӕй цӕрынмӕ кӕдӕм ӕрцыдыстут, уыцы зӕххыл, ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уадзут+. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕфты хай бауыдзыстут, зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр ӕлгъыстаг фӕуыдзыстут ӕмӕ сӕ разы фӕхудинаг уыдзыстут+.  Ӕви уӕ ферох сты уӕ фыдӕлты фыдхъуыддӕгтӕ+, Иудӕйы паддзӕхты фыдхъуыддӕгтӕ+ ӕмӕ сӕ устыты фыдхъуыддӕгтӕ+, стӕй уӕхи ӕмӕ уӕ устыты фыдхъуыддӕгтӕ+, Иудӕйы зӕххыл ӕмӕ Иерусалимы уынгты кӕй кодтат, уыдон? 10  Абоны онг дӕр уӕ зӕрдӕ уӕхиуыл не ’рхудт+ ӕмӕ нӕ фӕтарстыстут+. Сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы закъӕттӕ+ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон не ’ххӕст кӕнут“+. 11  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз уӕ ныхмӕ рацыдтӕн, цӕмӕй уӕ бӕллӕхы хай бакӕнон ӕмӕ Иудӕйы адӕмы се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдон+. 12  Иудӕйӕ ма чи баззад, Египетмӕ цӕуынвӕнд чи скодта, цӕмӕй уым ӕрцӕуӕггагӕй цӕра+, уыдон мӕ къухӕй нӕ аирвӕздзысты, ӕмӕ Египеты зӕххыл сӕ мӕлӕт ссардзысты+. Хуымӕтӕг адӕймагӕй, кадджын адӕймагӕй иууылдӕр хъамайӕ фӕмард уыдзысты, ӕххормагӕй амӕлдзысты+. Хъамайы амӕттаг бауыдзысты ӕмӕ ӕххормагӕй сыскъуыйдзысты. Ӕлгъыстаг ӕмӕ диссагӕн дзуринаг фӕуыдзысты, фегад уыдзысты ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты+. 13  Ӕмӕ, Иерусалимӕй дзуапп куыд ӕрдомдтон, афтӕ дзуапп ӕрдомдзынӕн, Египеты зӕххыл чи цӕры, уыдонӕй дӕр – хъама, ӕххормагдзинад ӕмӕ сыл фыдниз бафтаудзынӕн+. 14  Иудӕйӕ ма чи баззад, Египеты зӕхмӕ чи ӕрцыд, цӕмӕй дзы ӕрцӕуӕггагӕй цӕра+, уыдонӕй ничи аирвӕздзӕн, удӕгасӕй сӕ ничи баззайдзӕн. Ничи сӕ ӕрыздӕхдзӕн Иудӕйы зӕхмӕ, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхынмӕ кӕдӕм бӕллынц, уырдӕм+. Чи аирвӕза, уыцы цалдӕр адӕймаджы йеддӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ничи ӕрыздӕхдзӕн“». 15  Ӕмӕ уӕд, сӕ устытӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг кӕй уагътой, уый чи зыдта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+, стӕй ма, уым ӕмбырдӕй чи лӕууыд, уыцы устытӕ дӕр ӕмӕ, Египеты зӕххыл+, Пафросы+ цы адӕм цард, уыдон се ’ппӕт дӕр Йеремийӕн загътой: 16  «Йегъовӕйы номӕй нын цы загътай, уымӕ мах нӕ байхъусдзыстӕм+. 17  Цыдӕриддӕр загътам, уый кӕндзыстӕм+: „уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“ нывӕндты фӕздӕг уадздзыстӕм+ ӕмӕ йын кувинаг нозт хӕсдзыстӕм+. Афтӕ кодтам Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы уынгты нӕхӕдӕг+ дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ+ дӕр, нӕ паддзӕхтӕ+ ӕмӕ нӕ кънйӕзтӕ, хӕринагӕй цух куы нӕ уыдыстӕм, нӕхицӕн дзӕбӕх куы цардыстӕм ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз куы уыдыстӕм, уӕд+. 18  „Уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“+ нывӕндты фӕздӕг куы нал уадзӕм ӕмӕ йын кувинаг нозт куы нал хӕссӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ та алцӕмӕй дӕр хъуаг ӕййафӕм ӕмӕ хъамайӕ ӕмӕ ӕххормагдзинадӕй сӕфӕм+. 19  Стӕй-иу „уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“ нывӕндты фӕздӕг куы суагътам+ ӕмӕ йын-иу кувинаг нозт куы рауагътам+, уӕд-иу ын йӕ сурӕты хуызӕн кувинаг гуылтӕ, мыййаг, нӕ лӕгты ӕвастӕй кодтам ӕмӕ-иу ын кувинаг нозт нӕ лӕгты ӕвастӕй рауагътам?»+ 20  Уӕд Йереми, ахӕм дзуапп ын чи радта, уыдонӕн – нӕлгоймӕгтӕн, устытӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн, загъта: 21  «Цымӕ, Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы уынгты+ сымах+ ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ+, уӕ паддзӕхтӕ+, уӕ кънйӕзтӕ+ ӕмӕ иннӕ адӕм – уе ’ппӕт дӕр нывӕндты фӕздӕг кӕй уагътат, уый не ’рхъуыды кодта Йегъовӕ ӕмӕ уый не ’рлӕууыд йӕ зӕрдыл?+ 22  Ӕппынфӕстаг Йегъовӕйӕн уымӕ кӕсын йӕ бон нал уыд, нал быхста уӕ фыдхъуыддӕгтӕн ӕмӕ уе ’лгъаг митӕн+, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестад, диссагӕн дзуринаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕци, цӕрӕг дзы нал баззад, абон куыд у, афтӕ+. 23  Сымах нывӕндты фӕздӕг уагътат+, Йегъовӕйы раз тӕригъӕдтӕ арӕзтат+, нӕ хъуыстат Йегъовӕйы ныхасмӕ+, йӕ закъӕттӕ+, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йын йӕ амындтӕ* не ’ххӕст кодтат, ӕмӕ уыл уый тыххӕй ӕрцыд ацы бӕллӕх, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ»+. 24  Ӕмӕ Йереми ӕппӕт адӕмӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр дарддӕр загъта: «Иудӕйы адӕм, Египеты чи ис, уыдон! Байхъусут, Йегъовӕ цы зӕгъы, уымӕ+. 25  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Сымах ӕмӕ уӕ устытӕ+ дзырд радтат ӕмӕ уыцы дзырд ӕххӕст кӕнут. Сымах загътат: „Цы дзырд радтам, уый ӕнӕмӕнгӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм+ – „уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“ нывӕндты фӕздӕг уадздзыстӕм+ ӕмӕ йын кувинаг нозт хӕсдзыстӕм“+. Сымах дӕр ӕмӕ уӕ устытӕ дӕр, цы дзырд радтат, уый ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст кӕндзыстут“. 26  Уӕдӕ ныр, Иудӕйы адӕм, Египеты чи ис, уыдон, уе ’ппӕт дӕр байхъусут, Йегъовӕ цы зӕгъы, уымӕ+: „Ӕз ме стыр номӕй расомы кодтон+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕнӕхъӕн Египеты зӕххы иу дзуттаг лӕгӕн дӕр йӕ дзыхӕй мӕ ном кӕй не схаудзӕн+, кӕй нӕ зӕгъдзӕн, сомы кӕнын Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ, удӕгас Хуыцауӕй+, зӕгъгӕ. 27  Ӕз цӕттӕйӕ лӕудзынӕн, цӕмӕй сӕ фыдбылызы хай бакӕнон,– хорздзинад сын саразон, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ+. Ӕмӕ Иудӕйы адӕм, Египеты чи ис, уыдон, иууылдӕр хъамайӕ фӕмард уыдзысты, ӕххормагӕй амӕлдзысты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг ничиуал баззайдзӕн+. 28  Хъамайӕ чи аирвӕза, уыдон та Египеты зӕххӕй Иудӕйы зӕхмӕ ӕрыздӕхдзысты, армыдзаг йеддӕмӕ нӕ уыдзысты, афтӕмӕй+. Ӕмӕ ма Иудӕйы адӕмӕй чи баззад, Египеты зӕхмӕ ӕрцӕуӕггагӕй цӕрынмӕ чи ’рцыд, уыдон иууылдӕр базондзысты, кӕй ныхас сӕххӕст уыдзӕн, уый – мӕн ӕви уыдоны“»+. 29  «„Ӕмӕ уын мӕнӕ нысан+, ацы бынаты уӕм ме ’ргом кӕй раздахдзынӕн, уымӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕмӕй йӕ зонат, мӕ ныхӕстӕ уыл кӕй сӕххӕст уыдзысты, фыдбылызы хай кӕй бауыдзыстут+. 30  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз фараон Вафрийы, Египеты паддзахы+, ратдзынӕн йе знӕгты къухмӕ, марынмӕ йӕ чи хъавы, уыдоны къухмӕ+, раст Иудӕйы паддзах Седекийы Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ, марынмӕ йӕ чи хъавыд, уыцы знаджы къухмӕ куыд радтон, афтӕ“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Пс 119:2, фип.