Йереми 46:1—28

46  Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн загъта адӕмты тыххӕй+ –  Египеты+ тыххӕй, фараон Нехойы, Египеты паддзахы+ ӕфсады тыххӕй, Евфраты цӕугӕдоны раз Кархемисы+ чи уыд ӕмӕ, Иосийы фырт Иоаким+ Иудӕйы паддзах цыппӕрӕм аз куы уыд, уӕд Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй ныппырх кодта, уый тыххӕй:  «Ӕрцӕттӕ кӕнут гыццыл ӕмӕ стыр уартытӕ, ӕмӕ хӕцынмӕ ацӕут+.  Барджытӕ, уӕ бӕхтӕ сифтындзут ӕмӕ сыл сбадут, уе згъӕрхудтӕ ӕркӕнут ӕмӕ цӕттӕйӕ лӕуут. Сцыргъ кӕнут уӕ ӕрцытӕ ӕмӕ скӕнут уе згъӕрхӕдӕттӕ+.  „Фыртӕссӕй сӕ зыр-зыр цӕмӕн цӕуы? Лидзӕг фесты, сӕ тыхджын лӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕркалдысты. Сӕ сӕртӕ ӕфснайынмӕ фесты+, фӕстӕмӕ дӕр дзы ничи фӕкаст+,– зӕгъы Йегъовӕ.–  Цӕрдӕг чи у, уый алидзыныл ма архайӕд, тыхджын чи у, уый та – йӕ сӕр бафснайыныл+. Цӕгатырдыгӕй+, Евфраты цӕугӕдоны был фӕкалдысты ӕмӕ ахаудысты“+.  Уӕртӕ уый чи у? Нилы абухгӕ дӕттау чи ӕрбацӕуы?+  Египет ӕрбацӕуы Нилы цӕугӕдонау+, абухгӕ цӕугӕдӕттау+. Уый зӕгъы: „Ацӕуон, зӕхх бамбӕрзон, горӕт ныппырх кӕнон ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты фесафон“+.  Бӕхтӕ, сыстут! Бӕхуӕрдӕттӕ, размӕ тӕхут! Рацӕуӕнт тыхджын лӕгтӕ, Куш*+ ӕмӕ Фут+, уартыл чи хӕцы, уыдон, ӕмӕ Лудим+, ӕрдын чи цӕттӕ кӕны, уый. 10  Уый у Дунедарӕг Хуыцауы, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы бон, йӕ мастисӕн бон. Уыцы бон йе знӕгтӕй йӕ маст райсдзӕн+. Хъама сӕ ныхъуырдзӕн, сӕ тугӕй йӕхи ӕфсаддзӕн, цалынмӕ йӕ дойны сӕ тугӕй нӕ басӕтта, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг+ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ нывонд хӕссы+ цӕгатаг зӕххыл, Евфраты цӕугӕдоны цур+. 11  Галаадмӕ ссу ӕмӕ бальзам+ ӕрхӕсс, Египеты чызг+. Дзӕгъӕлы сбирӕ кодтай дӕ хостӕ. Дӕуӕн уӕддӕр ницыуал баххуыс кӕндзӕн+. 12  Кӕй фегад дӕ, уый адӕмтӕ фехъуыстой+, ӕмӕ бӕстӕ дӕ хъӕрӕй байдзаг+. Иу тыхджын лӕг иннӕ тыхджын лӕгыл+ йӕ къах скъуырдта, сӕ дыууӕ дӕр ахаудысты». 13  Вавилоны паддзах Навуходоносор Египеты бӕстӕ басӕттынмӕ кӕй ӕрбацӕудзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн загъта+: 14  «Дзурут уый тыххӕй Египеты, хъусын ӕй кӕнут Мигдолы+, хъусын ӕй кӕнут Нофы+ ӕмӕ Тафнисы+. Дзурут: „Сыст, дӕхи бацӕттӕ кӕн+, уымӕн ӕмӕ хъама дӕ алыварс алкӕй ныхъуырдзӕн+. 15  Дӕ тыхджын лӕгты дын цӕугӕдон цӕмӕн фӕласта?+ Сӕ бон фидар фӕлӕууын нӕ баци, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ фӕсырдта+. 16  Тынг бирӕтӕ сӕ сӕ къах скъуырынц ӕмӕ фӕкӕлынц. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурынц: „Сыст, ӕмӕ аздӕхӕм нӕ адӕммӕ, нӕ райгуырӕн зӕхмӕ, цӕмӕй ӕгъатыр хъамайы амӕттаг ма бауӕм“. 17  Уым ныхъхъӕр кодтой: „Фараон, Египеты паддзах, у хиппӕлой!+ Йӕ бӕрӕгбоны рӕстӕг аивгъуыдта“+. 18  „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Паддзах, йӕ ном ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+ кӕмӕн у, уый,– уый ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыдзӕн, Фавор+ хӕхты ’хсӕн куыд у ӕмӕ Кармил+ – денджызы цур, афтӕ. 19  Египеты цӕрӕг чызг+, дӕ дзаумӕттӕ ӕрӕмбырд кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ уацары акӕндзысты+. Ноф+ диссагӕн дзуринаг фӕуыдзӕн, арты хай бауыдзӕн ӕмӕ дзы цӕрӕг нал баззайдзӕн+. 20  Египет у рӕсугъд дыгӕрдыджы хуызӕн. Цӕгатӕй къогъотӕ ратӕхдзысты ӕмӕ йыл сӕхи ныццӕвдзысты+. 21  Ӕмӕ кӕд йе ’ххуырст ӕфсӕддонтӕ хӕрзхаст уӕнгуыты+ хуызӕн сты, уӕддӕр лидзӕг фесты+, иууылдӕр иумӕ алыгъдысты. Сӕ бон фидар фӕлӕууын нӕ баци+, уымӕн ӕмӕ се сӕфты бон ӕрцыд, Хуыцау сын сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркаст“+. 22  „Растдӕр калмау сыф-сыф кӕны+. Хъаруджын лӕгтӕ йӕм фӕрӕттимӕ ӕрбацӕудзысты, сугтӕ кӕнынмӕ куыд фӕцӕуынц, афтӕ. 23  Уыдон ын йӕ хъӕд ныццӕгъддзысты+,– зӕгъы Йегъовӕ,– уымӕн ӕмӕ дзы ахизӕнтӕ нӕй. Мӕтыхтӕй+ фӕфылдӕр сты, нымӕц дӕр сын нӕй. 24  Египеты чызг+ фефсӕрмы уыдзӕн. Цӕгатаг адӕмы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн“+. 25  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз ме ’ргом аздахдзынӕн, Нойы+ чи ис, уыцы Амонмӕ+, фараонмӕ, Египетмӕ, йӕ хуыцӕуттӕм+ ӕмӕ йӕ паддзӕхтӕм+, фараонӕн йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уыдонмӕ дӕр“+. 26  „Ӕз сӕ ратдзынӕн, марынмӕ сӕ чи хъавы, уыдоны къухмӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ+ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты къухмӕ. Фӕлӕ та дзы уый фӕстӕ раздӕрау адӕм ӕрцӕрдзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ. 27  „Ды та, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг, ма тӕрс, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн+. 28  Ма тӕрс, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаков,– зӕгъы Йегъовӕ,– уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн+. Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыцы адӕмты ныццӕгъддзынӕн+. Фӕлӕ дӕу нӕ фесафдзынӕн+. Куыд дын ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ дын зонд бацамондзынӕн+ ӕмӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ Ефиопи.