Йереми 47:1—7

47  Мӕнӕ, фараон Газӕ куы нӕма басаста+, уӕд Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн филистимӕгты+ тыххӕй цы загъта, уый.  Йегъовӕ загъта: «Дӕттӕ цӕгатырдыгӕй+ ӕрбацӕуынц+, абухгӕ дӕттау размӕ бырсынц. Уыдон сӕ быны фӕкӕндзысты зӕхх ӕмӕ йыл цы ис, уый – горӕт ӕмӕ йӕ цӕрджыты+. Адӕм цъӕхахст кӕндзысты, уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕмӕн се ’рдиаг цӕудзӕн+.  Сӕ бӕхты цӕфхӕдты хъӕр+, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕтты уынӕр+ ӕмӕ сӕ цӕлхыты гыбар-гыбур куы райхъуыса+, уӕд фыдӕлтӕ сӕ фырттӕн баххуыс кӕнынмӕ дӕр нал фездӕхдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс асӕтдзӕн.  Уыцы бон ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй филистимӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фӕцагъды уой+, цӕмӕй, Тир+ ӕмӕ Сидоны+ ӕххуысгӕнджытӕй чи аирвӕзт, уыдон фесӕфой+. Йегъовӕ цӕгъды филистимӕгты+, Кафторы+ сакъадахӕй ма чи баззад, уыдоны.  Газӕ+ ныллӕгуын+. Аскалонӕн+ афтӕ бакодтой, ӕмӕ бамыр. Кӕдмӕ лыгтӕ кӕндзыстут сымах уӕхи, сӕ дӕлвӕзы ма чи баззад, уыдон?+  Йегъовӕйы хъама+, кӕдмӕ не ’рсабыр уыдзынӕ? Фӕстӕмӕ дӕ кӕрддзӕммӕ аздӕх+. Ӕрлӕуу, ӕрсабыр у.  Ӕнцад куыд хъуамӕ лӕууа, кӕд ӕмӕ йын Йегъовӕ бардзырд радта, уӕд? Йӕ хъама арӕзт у Аскалоны ’рдӕм ӕмӕ денджызы былы ’рдӕм+. Уырдӕм ӕй арвыста».

Фиппаинӕгтӕ