Йереми 48:1—47

48  Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, Моавӕн+ афтӕ зӕгъы+: «Додой йӕ къона Невойӕн+, уымӕн ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой! Кириафаим+ фӕхудинаг, бацахстой йӕ. Бӕрзонд хӕхтыл чи цӕры, уыдон фӕхудинаг сты, фыртӕссӕй сӕ зыр-зыр цӕуы+.  Моавӕй ничиуал ӕппӕлы+. Есевоны+ йӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц: „Ацӕуӕм ӕмӕ сӕ ныццӕгъдӕм, цӕмӕй адӕмыхатты ном мауал хӕссой“+. Мадмен, ды дӕр ныссабыр у. Дӕуӕн дӕр дӕ фӕдыл хъама зилы.  Оронаимӕй+ хъӕр цӕуы, уым адӕмы стигъынц ӕмӕ бӕстӕ дӕрӕн кӕнынц.  Моав ныппырх кодтой+. Йӕ сывӕллӕтты кӕуын хъуысы.  Лухитмӕ+ чи ссӕуы, уыдон фӕндагыл кӕуынц, уым се ’рдиаг цӕуы. Оронаимӕй дӕлӕмӕ чи цӕуы, уыдон фӕндагыл зӕрдӕхалӕн хъарӕг кӕнынц, знӕгтӕ бӕстӕ кӕй ныддӕрӕн кодтой, ууыл+.  Лидзгӕ ут, уӕ сӕртӕ бафснайут!+ Сымах суыдзыстут, ӕдзӕрӕг быдыры ӕхсӕлыбӕлас куыд уа, уый хуызӕн+.  Дӕ зӕрдӕ де ’нтыстдзинӕдтыл ӕмӕ дӕ хӕзнатыл кӕй дарыс, уый тыххӕй дӕ бацахсдзысты+. Ӕмӕ Хамосы+ йӕ сауджынтимӕ ӕмӕ йӕ кънйӕзтимӕ+ уацары акӕндзысты+.  Стигъӕг алы горӕтмӕ дӕр бабырсдзӕн+ ӕмӕ дзы иу горӕт дӕр нӕ аирвӕздзӕн+. Дӕлвӕз бабын уыдзӕн, ӕмӕ быдыр фесӕфдзӕн. Афтӕ загъта Йегъовӕ.  Моавӕн фӕндагамонӕн скӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕххӕмвӕз куы скӕной, уӕд ацӕудзӕн+. Йӕ горӕттӕ диссагӕн дзуринаг фӕуыдзысты, цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн+. 10  Ӕлгъыст фӕуӕд, Йегъовӕйы хӕслӕвӕрдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы!+ Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ хъама туг калынӕй чи уромы! 11  Моавӕгтӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕнӕмӕт цард кӕнынц+, хъыгдарӕг сӕ нӕй – сӕны бынтӕ куы ныббадынц, уӕд куыд вӕййынц, раст афтӕ сты уыдон дӕр+. Иу мигӕнӕнӕй сӕ иннӕ мигӕнӕнмӕ нӕ кодтой, ӕмӕ сӕ уацары дӕр никуы акодтой. Сӕ ад уый тыххӕй нӕ фендӕрхуызон, ӕмӕ сӕ тӕф дӕр нӕ фӕивта. 12  „Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕуы рӕстӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕм ӕз арвитдзынӕн, фӕрсудзгӕ чи кӕны, уыдоны ӕмӕ сӕ ныффӕрсудздзысты+. Сӕ мигӕнӕнтӕ сын раафтид кӕндзысты ӕмӕ сын се стыр дурынтӕ ныппырх кӕндзысты. 13  Моавӕгтӕ Хамосы+ тыххӕй фӕхудинаг уыдзысты, Израилы адӕм Вефилы тыххӕй, сӕ ныфс кӕуыл дардтой, уый тыххӕй, куыд фӕхудинаг сты, афтӕ+. 14  Цы цӕсгомӕй дзурут: „Мах стӕм тыхджын+, ӕмӕ нӕм фаг хъарутӕ ис хӕцынӕн“?“ 15  „Моав ныппырх кодтой, йӕ горӕттимӕ йын хӕцынц+. Йӕ хуыздӕр ӕрыгон лӕппуты йын марынмӕ акодтой“+,– зӕгъы Паддзах, йӕ ном ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ кӕмӕн у, уый+. 16  Тагъд Моавӕгты баййафдзӕн бӕллӕх, ӕмӕ уыцы бӕллӕх фӕдисонау ӕрхӕццӕ кӕны+. 17  Сӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ сӕ сӕ номӕй чи зоны, уыдон сын иууылдӕр тӕригъӕд кӕндзысты+. Дзурут афтӕ: „Асаст хъаруйы лӕдзӕг, фидыцы хъил!“+ 18  Дӕ къух сис дӕ кадыл, Дивоны+ цӕрӕг чызг+, ӕмӕ дойныйӕ мӕл, уымӕн ӕмӕ, Моав чи ныппырх кодта, уый дӕ ныхмӕ рацыд. Уый дын дӕ фидаргонд горӕттӕ зӕххӕмвӕз скӕндзӕн+. 19  Ӕрлӕуу, ӕмӕ фӕндагмӕ кӕс, Ароеры цӕрӕг чызг+. Чи лидзы ӕмӕ йӕ сӕр чи ӕфснайы, уый бафӕрс, цы ’рцыд, зӕгъгӕ+. 20  Моав фӕхудинаг, фыртӕссӕй йӕ зыр-зыр цӕуы+. Ӕрдиаг кӕнут ӕмӕ дзыназут. Арноны+ дзурут, Моав кӕй ныппырх кодтой, уый тыххӕй. 21  Тӕрхонгонд ӕрцыд, дӕлвӕзы чи ис, уыцы бӕстӕ+ – Холон, Иаацӕ+, Мефааф+, 22  Дивон+, Нево+, Бет-Дивлафаим, 23  Кириафаим+, Бет-Гамул, Бет-Маон+, 24  Кериоф+, Восор+ ӕмӕ Моавы бӕстӕйы ӕппӕт горӕттӕ, дард ӕмӕ ӕввахс чи сты, уыдон. 25  „Моавы сыкъа ныссастой+, йӕ цонг ын асастой+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 26  Срасыг ӕй кӕнут+, уымӕн ӕмӕ йӕхицӕй схъал, Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд+. Моав ратул-батул кӕны йӕ омдзӕджы+, ӕмӕ йын йӕхиуыл худынц. 27  Дӕхӕдӕг Израилыл нӕ худтӕ?+ Мыййаг ӕй искуы давджытимӕ федтай?+ Уӕдӕ-иу йӕ кой куы кодтай, уӕд-иу алы хатт дӕ сӕр цӕмӕн батылдтай? 28  Моавы цӕрджытӕ, уӕ горӕттӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхыл ӕрцӕрут+, йӕ ахстон лӕгӕты бахизӕны чи скӕны, ахӕм бӕлоны хуызӕн ут“»+. 29  «Мах фехъуыстам Моавы сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй+ – куыд хъал у, уый тыххӕй – иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕй кӕсы, сӕрбӕрзонд кӕй у, йӕхиуыл кӕй фервӕссыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй схъал»+. 30  «„Ӕз ӕй зонын, мӕстӕй куыд судзы,– зӕгъы Йегъовӕ,– фӕлӕ йӕхицӕй дзӕгъӕлы ӕппӕлы. Йӕ ныхӕстӕ сты афтид+. Цы дзурынц, уый нӕ сӕххӕст кӕндзысты+. 31  Гъе уый тыххӕй Моавыл богъ-богъӕй кӕудзынӕн, ӕрдиаг кӕндзынӕн ӕгас Моавыл дӕр+. Кирхаресы+ цӕрджытыл хъыг кӕндзысты. 32  О Сивмӕйы+ сӕнӕфсирбӕлас, дӕуыл Иазерӕй+ тынгдӕр кӕудзынӕн. Дӕ пӕлӕхсар къалиутӕ денджызы фаллаг фарсмӕ аххӕссыдысты, бахӕццӕ сты денджызы онг, Иазеры+ онг. Дӕ сӕрдыгон дыргътыл+ ӕмӕ дӕ тынд сӕнӕфсирыл стигъӕг йӕхи ныццавта+. 33  Моавы дыргъдон ӕмӕ Моавы зӕхх циндзинадӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕй ӕнӕхай фӕкодтой+. Ӕз афтӕ бакодтон, ӕмӕ сӕндуцӕнты сӕн нал ис+. Ничиуал дзы цъӕл кӕндзӕн сӕнӕфсир цины хъӕр кӕнгӕйӕ. Хъӕр кӕндзысты, фӕлӕ уый цины хъӕр нал уыдзӕн“»+. 34  «Есевонӕй+ цӕуы хъӕр ӕмӕ хъуысы суанг Елеалейы+ онг, суанг Иаацӕйы+ онг, Сигорӕй+ хъӕр цӕуы+ ӕмӕ хъуысы суанг Оронаимы+ онг, Егла-Шелишийы+ онг, уымӕн ӕмӕ Нимримы+ дӕттӕ байсысдзысты. 35  Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ Моавы иу ахӕм адӕймаг дӕр нал уыдзӕн, кувӕн бынаты нывонд чи хӕсса ӕмӕ йӕ хуыцауӕн нывонды фӕздӕг чи уадза+. 36  Гъе уый тыххӕй мӕ зӕрдӕ уадындзау кӕудзӕн Моавыл, мӕ зӕрдӕ уадындзау+ кӕудзӕн Кирхаресы+ цӕрджытыл. Гъе уый тыххӕй ӕрбайсӕфдзысты, йӕ къухы чи бафтыд, уыцы стыр фӕллӕйттӕ+. 37  Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сӕртӕ ӕмӕ сӕ боцъотӕ сты даст+. Се ’ппӕт дӕр сӕ къухтӕ ныллыгтӕ кодтой+, сӕ астӕутыл хъисынтӕ ӕрбакодтой“»+. 38  «„Моавы ӕппӕт хӕдзӕртты сӕртӕй дӕр ӕмӕ йӕ горӕтты фӕзтӕй – алы ранӕй дӕр – хъуысы кӕуын+, уымӕн ӕмӕ ӕз Моавы ныппырх кодтон, чи ницӕмӕн бӕззы, ахӕм дурынау+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 39  О, куыд тынг фӕтарст! Ӕрдиаг кӕнут, адӕм! Мӕнӕ Моав лидзӕг куыд фӕци! Фӕхудинаг ис+. Иууылдӕр ыл худынц. Йӕ алыварс чи ис, уыдоны тас уадзы“». 40  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Цӕргӕс йӕхи йӕ амӕттагыл куыд ныццӕвы+, афтӕ Моавы сӕрмӕ дӕр чидӕр йӕ базыртӕ айтынг кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕхи ныццӕвдзӕн+. 41  Горӕттӕ бацахсдзысты, йӕ фидар мӕсгуытӕ йын сӕхи бакӕндзысты. Уыцы бон моаваг тыхджын лӕгты зӕрдӕ катай кӕндзӕн, арӕг сылгоймаджы зӕрдӕ куыд фӕкатай кӕны, афтӕ“»+. 42  «„Моавӕгты ныццӕгъддзысты, ӕмӕ адӕмыхатты ном нал хӕсдзысты+, уымӕн ӕмӕ схъал сты, Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты+. 43  Моавы цӕрджытӕ, сымахмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы тасдзинад, дзыхъхъ ӕмӕ къӕппӕг+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 44  Фыртӕссӕй чи алидза, уый дзыхъхъы ныххаудзӕн, дзыхъхъӕй чи сбыра, уый та къӕппӕджы бахаудзӕн“+. „Ӕз Моавыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм ын куы ’ркӕсон, уыцы аз+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 45  Чи алыгъд, уыдонмӕ хъарутӕ нал баззад ӕмӕ Есевоны аууоны ӕрлӕууыдысты. Есевонӕй+ рацӕудзӕн арт, Сигонӕй+ – пиллон арт, ӕмӕ басудздзӕн Моавы къӕмисӕнтӕ ӕмӕ хъӕлӕбагӕнаг фыртты тылтӕ“+. 46  „Додой дӕ къона, Моав!+ Хамосы+ адӕм бындзагъд фесты. Дӕ фыртты ӕмӕ дын дӕ чызджыты уацары акодтой. 47  Фӕлӕ, моавӕгтӕй уацары чи уа, уыдоны ӕз фӕстаг бонты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ам фӕуд кӕны тӕрхон Моавыл“»+.

Фиппаинӕгтӕ