Йереми 49:1—39

49  Йегъовӕ Аммоны+ фырттӕн афтӕ зӕгъы: «Ау, Израилӕн фырттӕ нӕй кӕнӕ йын бындар нӕй? Уӕдӕ уӕд Малхам+ цӕмӕн бацахста Гад+ ӕмӕ йӕ адӕм Израилы горӕтты цӕмӕн ӕрцардысты?»+  «„Уымӕ гӕсгӕ, ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Раввӕйы+ ныхмӕ, Аммоны фыртты ныхмӕ, хӕстон фӕдисы хъӕр ныккӕндзысты+. Раввӕ фестдзӕн ӕдзӕрӕг къуыбыр+, йӕ дӕлбар горӕттӕ+ арты хай бауыдзысты“+. „Израил бацахсдзӕн, йӕ зӕхх ын чи бацахста, уыдоны зӕхх“+,– зӕгъы Йегъовӕ.  „Ӕрдиаг кӕн+, Есевон+, уымӕн ӕмӕ Гай ныппырх кодтой! Хъӕр кӕнут, Раввӕйы дӕлбар горӕттӕ. Уӕ уӕлӕ хъисынтӕ скӕнут+. Кӕут ӕмӕ дурӕй конд фысдӕтты ’хсӕн рахау-бахау кӕнут, уымӕн ӕмӕ Малхамы акӕндзысты уацары+, йӕ сауджынты ӕмӕ йӕ кънйӕзты – се ’ппӕты дӕр иумӕ+.  Мӕнӕ мӕнгард чызг, цӕмӕн ӕппӕлыс дӕлвӕзтӕй, бирӕ дӕттӕ кӕм ис, дӕ уыцы дӕлвӕзӕй?+ Ды дӕ зӕрдӕ дарыс дӕ хӕзнатыл+ ӕмӕ дзурыс: „Чи мӕм ӕрбацӕудзӕн?“»+  «„Ӕз дыл ӕвирхъау хабар ӕрцӕуын кӕндзынӕн, дӕ алыварс чи цӕры, уыдоны къухӕй+,– зӕгъы Дунедарӕг+ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– Алырдӕмты ныххӕлиу уыдзыстут, чи кӕдӕм лидздзӕн, чи та кӕдӕм+, ӕмӕ сӕ ӕмбырдгӕнӕг нӕ уыдзӕн“».  «„Фӕлӕ уый фӕстӕ ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Аммоны+ фырттӕй уацары чи уа, уыдоны“,– зӕгъы Йегъовӕ».  Едомӕн ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Феманы+ нал ис зонд ссарӕн, ӕви?+ Ӕмбаргӕтӕ уынаффӕтӕ нал дӕттынц? Сӕ зонд бын баци?+  Лидзгӕ ут!+ Фӕстӕмӕ аздӕхут! Арф кӕмтты бамбӕхсут+, Деданы цӕрджытӕ+. Ӕз Исавыл ӕруадздзынӕн бӕллӕх – ме ’ргом ӕм куы раздахон, уыцы рӕстӕг+.  Сӕнӕфсиртонджытӕ дӕм куы ӕрцыдаиккой, уӕд сӕ фӕстӕ иу-цалдӕр цупалы дӕр нӕ ныууагътаиккой? Давджытӕ дӕм ӕхсӕвы куы ’рбацыдаиккой, уӕд, цы сӕ хъуыдаид, уый йеддӕмӕ ницы адавтаиккой+. 10  Ӕз Исавы сбӕгънӕг кӕндзынӕн+. Йе ’мбӕхсӕн бынӕттӕ йын ныггом кӕндзынӕн+, цӕмӕй дзы мачиуал бамбӕхса+. Йӕ байзӕддӕгтӕн, йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йын йӕ сыхӕгтӕн ӕппындӕр ницыуал ныууадздзысты+, ӕмӕ нал уыдзӕн+. 11  Дӕ сидзӕрты ныууадз+. Ӕз сын сӕ цард бахъахъхъӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ идӕдз устытӕ сӕ зӕрдӕ дардзысты мӕныл»+. 12  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Кӕд мын уыдон мӕ къусӕй нӕ фӕнуазынц, уӕддӕр дзы ӕнӕмӕнгӕй бануаздзысты+. Ӕмӕ уӕд ды афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ ды ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзынӕ? Ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ ӕмӕ дзы ӕнӕмӕнгӕй бануаздзынӕ»+. 13  «Мӕхицӕй сомы кӕнын+,– зӕгъы Йегъовӕ,– Восор+ фӕуыдзӕн диссагӕн дзуринаг+, фӕхудинаг уыдзӕн, ницыуал дзы баззайдзӕн ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуыдзӕн. Йӕ горӕттӕ иууылдӕр ӕнустӕм ӕдзӕрӕгӕй лӕудзысты»+. 14  Йегъовӕ мын фӕхабар кодта, ӕмӕ адӕмтӕм хабархӕссӕг ӕрвыст ӕрцыд, цӕмӕй сын фехъусын кӕна: «Ӕрӕмбырд ут, йӕ ныхмӕ рацӕут ӕмӕ йемӕ схӕцут»+. 15  «Ӕз афтӕ сарӕзтон, ӕмӕ адӕмты ’хсӕн зынгӕ дӕр нӕ кӕныс, адӕм дӕ сӕ сӕрмӕ нӕ хӕссынц»+. 16  Дӕу фӕсайдта, адӕмы зӕрдӕты тас кӕй уагътай, уый ӕмӕ дӕ хъал зӕрдӕ+. Ды цӕрыс къӕдзӕхты ’хсӕн, хохыл. Дӕ ахстон цӕргӕсау бӕрзонд ран аразыс+, фӕлӕ дӕ ӕз уырдыгӕй дӕр раппардзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 17  Едом диссагӕн дзуринаг фӕуыдзӕн+. Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йӕ цы бӕллӕхтӕ баййӕфтой, уый фенгӕйӕ-иу ныхситт кӕндзӕн+. 18  Содом ӕмӕ Гоморрӕ ӕмӕ сӕ сыхаг горӕттӕ+ куы фесӕфтысты, уӕд куыд уыд, афтӕ уыдзӕн ныр дӕр,– зӕгъы Йегъовӕ,– ничи дзы ӕрцӕрдзӕн, иу адӕймаг дӕр дзы ӕрцӕуӕггагӕй нӕ цӕрдзӕн+. 19  Иорданы былгӕрӕтты цы пыхсджын хъӕд ис, уырдыгӕй чидӕр домбайау рацӕудзӕн+ ӕмӕ, фыстӕн тӕссаг кӕм ницӕмӕй у, уыцы сӕрвӕтмӕ ӕрбацӕудзӕн+, фӕлӕ йӕ ӕз уайтагъд лидзӕг фӕкӕндзынӕн+. Ӕмӕ кӕй равзӕрстон, уый йын йӕ сӕргъы сӕвӕрдзынӕн. Мӕн хуызӕн чи у+ ӕмӕ мӕ ныхмӕ чи ’рлӕудзӕн?+ Мӕ разы фӕлӕууын чи бафӕраза, ахӕм фыййау ис?+ 20  Уымӕ гӕсгӕ, байхъусут, Йегъовӕ Едомы+ тыххӕй цы уынаффӕ рахаста ӕмӕ Феманы+ цӕрджыты тыххӕй цы фӕнд кӕны, уымӕ: уӕрыччыты фӕхӕсдзысты. Уыдоны тыххӕй сын сӕ сӕрвӕт сафтид кӕндзӕн+. 21  Куы ’рхаудысты, уӕд уыцы гыбар-гыбурӕй зӕхх нынкъуысыд+. Цъӕхахст цӕуы!+ Уыцы хъӕр хъуысы суанг Сырх денджызы онг+. 22  Чидӕр цӕргӕсау уӕлӕмӕ стӕхдзӕн, йӕ базыртӕ Восоры+ сӕрмӕ айтынг кӕндзӕн ӕмӕ йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн+. Уыцы бон Едомы тыхджын лӕгты зӕрдӕ катай кӕндзӕн, арӕг сылгоймаджы зӕрдӕ куыд фӕкатай кӕны, афтӕ»+. 23  Дамаскӕн+: «Хамат+ ӕмӕ Арпадмӕ+ худинаг ӕркаст, цы ӕвзӕр хабар фехъуыстой, уый тыххӕй. Сӕ ныфс асаст+. Денджыз скатай, нал сабыр кӕны+. 24  Дамаскмӕ ницыуал ныфс ис, лидзӕг фӕци, фыртӕссӕй йӕ сӕр йӕ кой сси+. Йе уӕнгтӕ барызтысты, тухитӕ кӕны арӕг сылгоймагау+. 25  Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ кадджын горӕт, циндзинады горӕт, ӕдзӕрӕгӕй нӕ баззад?+ 26  Уымӕ гӕсгӕ, йе ’рыгон лӕппутӕ горӕты фӕзты фӕмард уыдзысты, уыцы бон хӕстон лӕгтӕ иууылдӕр бамыр уыдзысты+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– 27  Дамаскы къултыл арт бафтаудзынӕн ӕмӕ уыцы арт Венадады цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн»+. 28  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Кедары+ тыххӕй ӕмӕ Асоры+ паддзахӕдты тыххӕй, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй басаста+, уыдоны тыххӕй: «Сыстут, Кедармӕ ацӕут ӕмӕ Скӕсӕны цӕрӕг адӕмы бастигъут+. 29  Сӕ цатыртӕ+ сын байсдзысты ӕмӕ сын сӕ фысты+ дзугтӕ атӕрдзысты, байсдзысты сын сӕ цатырты ӕмбӕрзӕнтӕ+ ӕмӕ сӕ дзауматӕ иууылдӕр. Акӕндзысты сын сӕ теуаты+ дӕр. Ӕмӕ сӕм хъӕр кӕндзысты: „Алырдыгӕй дӕр у тӕссаг!“»+. 30  «Лидзгӕ ут, дард алидзут, Асоры+ цӕрджытӕ, арф лӕгӕты бамбӕхсут,– зӕгъы Йегъовӕ.– Вавилоны+ паддзах Навуходоносор сымах тыххӕй уынаффӕ рахаста ӕмӕ уӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодта». 31  «Сыстут ӕмӕ рацӕут, йӕхицӕн сабырӕй+ ӕмӕ ӕдасӕй чи цӕры, уыцы адӕмы ныхмӕ!»+ – зӕгъы Йегъовӕ. «Уыдонӕн нӕдӕр дуӕрттӕ ис, нӕдӕр – дуарӕхгӕнӕнтӕ. Уыдон цӕрынц хибарӕй+. 32  Сӕ теуаты+ сын акӕндзысты ӕмӕ сын сӕ бирӕ фос атӕрдзысты. Ӕз уыдоны, йӕ къӕмисӕнтӕ даст кӕмӕн сты, уыцы адӕмы+, дымгӕйӕн алырдӕмты фӕхӕссын кӕндзынӕн+. Сӕ алыварс цыдӕриддӕр бӕстӕтӕ ис, уырдыгӕй сыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ.– 33  Асор+ суыдзӕн хъӕддаг куыйты+ лӕгӕт, ӕнустӕм дӕр уыдзӕн ӕдзӕрӕг. Ничи дзы ӕрцӕрдзӕн, иу адӕймаг дӕр дзы ӕрцӕуӕггагӕй нӕ цӕрдзӕн»+. 34  Седеки+ Иудӕйы паддзах куы сси, уый фӕстӕ Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн Еламы+ тыххӕй загъта: 35  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕз ныссӕтдзынӕн Еламы ӕрдын+, йӕ тых сӕйраджыдӕр цӕй мидӕг ис, уый. 36  Ӕз Еламыл арвы цыппар кӕронӕй цыппар дымгӕйы рауадздзынӕн+. Ӕмӕ сӕ уыцы дымгӕтӕн+ алырдӕмты фӕхӕссын кӕндзынӕн, ӕмӕ ахӕм адӕм нӕ уыдзӕн, Еламӕй алырдӕмты чи ныппырх уа, уыдон кӕмӕ нӕ бацӕуой“»+. 37  «Ӕз еламӕгты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ се знӕгтӕй ӕмӕ сӕ марынмӕ чи хъавы, уыдонӕй ӕмризӕджы риздзысты. Ӕз сӕ бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн, мӕ судзгӕ маст сыл ныккалдзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Сӕ фӕдыл-иу сын хъама бафтаудзынӕн, цалынмӕ сӕ нӕ ныццӕгъдон, уӕдмӕ»+. 38  «Ӕз мӕ паддзахбадӕн сӕвӕрдзынӕн Еламы+ ӕмӕ сын амардзынӕн сӕ паддзахы, ныццӕгъддзынӕн сын сӕ кънйӕзты»,– зӕгъы Йегъовӕ. 39  «Фӕлӕ фӕстаг бонты+ ӕз, Еламӕй уацары чи уа, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн»+,– зӕгъы Йегъовӕ.

Фиппаинӕгтӕ