Йереми 5:1—31

5  Иерусалимы уынгтыл ӕрзилут, йӕ фӕзтӕ йын басгарут, фенут ӕмӕ базонут, цымӕ дзы ис иу ахӕм адӕймаг дӕр+, раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ чи архайы+ ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ чи тырны?+ Ӕмӕ уӕд горӕтӕн ныххатыр кӕндзынӕн.  Афтӕ куы дзуриккой: «Сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ!», уӕддӕр сӕ сомы уаид мӕнг+.  О Йегъовӕ, дӕ цӕстытӕ иузӕрдион адӕммӕ здӕхт не сты?+ Ды цавтай дӕ адӕмы+, фӕлӕ сӕм цӕф нӕ хъардта+. Цагътай сӕ+, фӕлӕ ницӕуыл ахуыр кодтой+. Сӕ цӕсгӕмттӕ дурӕй хъӕбӕрдӕр ныккодтой+. Нӕ сӕ фӕнды фӕстӕмӕ раздӕхын+.  Ӕз загътон: «Адон мӕгуыр ӕмӕ талынг адӕм сты. Ӕнӕзонд митӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ ницӕмӕ дардтой Йегъовӕйы фӕндаг, сӕ Хуыцауы закъон+.  Ацӕуон кадджын адӕммӕ ӕмӕ уыдонимӕ аныхас кӕнон+, уыдон ӕнӕмӕнг сӕ хъус дардтаиккой Йегъовӕйы фӕндагмӕ, сӕ Хуыцауы закъонмӕ+. Фӕлӕ уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфсондз ныссастой, бӕттӕнтӕ атыдтой»+.  Гъе уый тыххӕй сыл йӕхи ныццӕвы, хъӕды чи цӕры, уыцы домбай, ницыуал сын ныууадзы ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕг бирӕгъ+, сӕ горӕтты раз сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фыранк+. Уырдыгӕй чидӕриддӕр рацӕуы, уый акъабӕзтӕ кӕны. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахат хъуыддӕгтӕн нымӕц дӕр нал ис+.  Куыд дын ныххатыр кӕнон уый? Дӕ фырттӕ мӕ ныууагътой ӕмӕ сомы кӕнынц+, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕй+. Ӕз сӕ ӕфсӕстон+, уыдон та уӕддӕр хӕтынц+ ӕмӕ къордгӕйттӕй цӕуынц хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ.  Уыдон систы, хъазгӕ чи кӕны, стыр мӕхстӕттӕ* кӕмӕн ис, ахӕм бӕхты хуызӕн. Алчидӕр дзы мыр-мыр кӕны иннӕйы усмӕ+.  «Уӕдӕ уыцы хъуыддӕгты тыххӕй хъуамӕ дзуапп ма ’рдомон? – зӕгъы Йегъовӕ+.– Ӕмӕ ахӕм адӕмӕй мӕ маст хъуамӕ ма райсон?»+ 10  «Рацӕут йӕ сӕнӕфсирбӕлӕсты рӕнхъыты ныхмӕ ӕмӕ пырх кӕнут+, фӕлӕ сӕ бынтон ма ныццӕгъдут+. Ныссӕттут ын йӕ пӕлӕхсар къалиутӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы не сты+. 11  Израилы адӕм ӕмӕ мыл Иудӕйы адӕм гадзрахатӕй рацыдысты,– зӕгъы Йегъовӕ+.– 12  Уыдон Йегъовӕйыл сӕ къух систой ӕмӕ дзурынц: „Хуыцау нӕй+. Махыл ницы ’рцӕудзӕн, нӕ нӕ баййафдзӕн хъамайы азар, ӕххормаг заман ныл не скӕндзӕн“+. 13  Пехуымпартӕ дӕр дымгӕйӕ уӕлдай не сты, нӕй сӕм Хуыцауы ныхас+. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр сӕ ныхӕстау ницы фестдзысты». 14  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ: «Афтӕ кӕй дзурут, уый тыххӕй дын ӕз мӕ ныхӕстӕ де ’взагыл скӕндзынӕн арты хуызӕн+, ацы адӕм та уыдзысты сугты хуызӕн, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдзӕн»+. 15  «О Израилы адӕм, ӕз уӕм ӕрбакӕндзынӕн адӕм дард бӕстӕй+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Уыцы адӕм сты раджы замантӕй фӕстӕмӕ+. Уыдон сты рагон адӕм, се ’взаг кӕмӕн нӕ зонут ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ кӕмӕн не ’мбарут, ахӕм адӕм. 16  Сӕ фатдон у гом ингӕны хуызӕн, иууылдӕр – гуыппырсартӕ+. 17  Уыдон уын бахӕрдзысты уӕ тыллӕг ӕмӕ уӕ дзул+. Уыцы адӕм уын бахӕрдзысты уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты. Бахӕрдзысты уын уӕ лыстӕг фос ӕмӕ уе стурвос. Бахӕрдзысты уын уӕ сӕнӕфсирбӕлӕстӕ ӕмӕ уӕ легъуибӕлӕстӕ+. Уӕ ныфс кӕуыл дарут, уыцы фидаргонд горӕттӕ уын хъамайӕ ныппырх кӕндзысты». 18  «Фӕлӕ уӕ уӕддӕр уыцы бонты бындзагъд нӕ фӕкӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ+.– 19  Сымах зӕгъдзыстут: „Адӕттӕ нын нӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕй тыххӕй бакодта?“+ Ӕмӕ сын уӕд зӕгъ: „Сымах ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут, кӕй мӕ ныууагътат ӕмӕ уӕ зӕххыл ӕцӕгӕлон хуыцауӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй“»+. 20  Ацы ныхӕстӕ зӕгъ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн, фехъусын сӕ кӕн Иудӕйы: 21  «Байхъусут, ӕнӕзонд, ӕнӕмбаргӕ*+ адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ чи нӕ уыны+, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ чи нӕ хъусы+. 22  „Мӕнӕй нӕ тӕрсут?+ – дзуры Йегъовӕ.– Мӕнӕй нӕ ризут ӕмризӕджы+ – денджызӕн арӕнӕн змис чи сӕвӕрдта, йӕ бон кӕй сӕрты ахизын нӕу, уыцы ӕнусон закъон чи радта, уымӕй? Кӕд йӕ уылӕнтӕ сӕхи хойынц, уӕддӕр сӕ бон ницы у. Кӕд абухынц, уӕддӕр сӕ бон нӕу йӕ сӕрты ахизын+. 23  Фӕлӕ ацы адӕмы зӕрдӕ сси хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон. Уыдон мӕн ныууагътой ӕмӕ цӕуынц сӕхи фӕндагыл+. 24  Уыдон сӕхинымӕр афтӕ нӕ ахъуыды кодтой: „Цӕй ӕмӕ тӕрсӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ+, тӕрккъӕвда, фӕззыгон къӕвда ӕмӕ уалдзыгон къӕвда йӕ афоныл чи дӕтты+, хуымгӕрдӕнтӕн нын нысангонд къуыритӕ уа, уымӕ чи кӕсы, уымӕй“+. 25  Уӕ фыдракӕндты тыххӕй уыдӕттӕ нал сты, уӕ тӕригъӕдты тыххӕй хорздзинӕдтӕй хайджын нал стут+. 26  Мӕ адӕмы ’хсӕн разынд фыдгӕнджытӕ+. Уыдон ӕдзынӕг кӕсынц, цъиуахсӕг зӕххыл куы ӕрхуыссы, уӕд куыд фӕкӕсы, афтӕ+. Уыдон сӕвӕрдтой фыдбылызы къӕппӕг. Ахсынц адӕмы. 27  Къалати цъиутӕй йедзаг куыд вӕййы, афтӕ сӕ хӕдзӕрттӕ йедзаг сты мӕнгдзинадӕй+. Ӕмӕ кадджын ӕмӕ хъӕздыг дӕр уымӕн систы+. 28  Уыдон фӕйнӕрдӕм фӕцыдысты+, фырнардӕй сӕ цӕсгӕмттӕ ӕрттивынц. Се ’взӕр хъуыддӕгтӕ сӕ сӕрты акалдысты. Тӕрхоны хъуыддӕгтӕ не ’взарынц+,– суанг сидзӕры* хъуыддаг дӕр+,– цӕмӕй сӕхи цард хорз цӕуа+. Мӕгуыр адӕмӕн рӕстӕй нӕ тӕрхон кӕнынц“». 29  «Уӕдӕ уыцы хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп хъуамӕ ма ’рдомон? – зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕмӕ ахӕм адӕмӕй мӕ маст хъуамӕ ма райсон?+ 30  Ацы зӕххыл цӕуы, хъуын арц кӕмӕй слӕууы, ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ+: 31  пехуымпартӕ кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ+, сауджынтӕ адӕмы ссӕндынц, сӕхи цы фӕнды, уый аразынц+. Ӕмӕ уый мӕ адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуы+. Фӕлӕ уыдӕттӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд куыд кӕндзыстут?»+

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «хъӕппытӕ».
Комк. «ӕнӕзӕрдӕ».
Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, ахӕм лӕппуйы».