Йереми 50:1—46

50  Йегъовӕ Вавилоны+ тыххӕй, халдейты+ зӕххы тыххӕй, пехуымпар Йеремийы уылты загъта:  «Дзурут уый тыххӕй адӕмты ’хсӕн ӕмӕ хъусын кӕнут+. Амонӕн цӕджындз сӕвӕрут+ ӕмӕ хъусын кӕнут. Мацы басусӕг кӕнут. Дзурут: „Вавилон бацахстой+. Вил фӕхудинаг+. Меродахы тас бацыд. Вавилоны гуымирытӕ фӕхудинаг сты+. Йӕ фаджыс-хуыцӕутты тас бацыд“.  Йӕ ныхмӕ цӕгатӕй рацыд адӕм+. Уыдон ын йӕ зӕхх диссагӕн дзуринаг фӕкодтой, ӕмӕ дзы иу цӕрӕг дӕр нал баззад+. Адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр алырдӕмты ныппырх сты+, дард фӕлыгъдысты»+.  «Уыцы бон ӕмӕ уыцы рӕстӕг+,– зӕгъы Йегъовӕ,– Израилы фырттӕ ӕрбацӕудзысты Иудӕйы фырттимӕ+. Уыдон цӕудзысты, цӕудзысты кӕугӕйӕ+, ӕмӕ агурдзысты сӕ Хуыцау Йегъовӕйы+.  Уыдон фӕрсдзысты, Сионмӕ кӕуылты ацӕуӕм, зӕгъгӕ. Се ’ргом уырдӕм здӕхт уыдзӕн+ ӕмӕ дзурдзысты: „Цомут ӕмӕ Йегъовӕимӕ ӕнусон бадзырд скӕнӕм, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕ уыдзӕн, ахӕм бадзырд“+.  Мӕ адӕм систы, чи адзӕгъӕл, ахӕм фысты дзуджы хуызӕн+. Сӕ фыййӕутты аххосӕй адзӕгъӕл сты+. Уыцы фыййӕуттӕ сӕ хӕхты дзӕгъӕлы ракӕн-бакӕн кодтой+. Куы-иу хохмӕ цыдысты, куы та – къуыбырмӕ. Сӕ улӕфӕн бынат ферох кодтой+.  Чи-иу сӕ ссардта, уыдон-иу сӕ хордтой+, ӕмӕ-иу се знӕгтӕ та загътой+: „Махыл ницы аххос ис+, уымӕн ӕмӕ уыдон тӕригъӕд ракодтой Йегъовӕйы раз – рӕстдзинады цӕрӕнбынат чи у, уый раз+, Йегъовӕйы раз – сӕ фыдӕлты ныфс чи уыд, уый раз“»+.  «Лидзгӕ ут Вавилонӕй, ацӕут халдейты зӕххӕй+. Дзуджы разӕй чи фӕцӕуы, уыцы фырыты ӕмӕ цӕуты хуызӕн скӕнут уӕхи+.  Ӕз Вавилоны ныхмӕ цӕгатаг зӕххӕй ракӕндзынӕн тынг бирӕ стыр адӕмтӕ+. Уыдон йӕ ныхмӕ рацӕудзысты+ ӕмӕ йӕ бацахсдзысты+. Сӕ фаттӕ сты, ныййарджыты сӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай чи фӕкӕны, йӕ фӕнд йӕ къухы кӕмӕн бафты, ахӕм тыхджын лӕгты хуызӕн+. 10  Ӕмӕ Халдейӕ знаджы амӕттаг бауыдзӕн+. Кӕй амӕттаг бауа, уыдон иууылдӕр бафсӕддзысты»+,– зӕгъы Йегъовӕ. 11  «Сымах цин кодтат+, фырцинӕй зӕххыл нал лӕууыдыстут, мӕ бынтӕ мын фӕйнӕрдӕм куы хастат, уӕд+. Дыгӕрдыг фӕлмӕн кӕрдӕгыл куыд фӕчъыллиппытӕ кӕны, афтӕ чъыллиппытӕ кодтат+ ӕмӕ бӕхтау мыр-мыр кодтат+. 12  Уӕ мад фырхудинагӕй цы фӕуа, уый нӕ зоны+. Чи уӕ ныййардта, уый фыдӕнхъӕл фӕци+. Уый адӕмты ’хсӕн зынгӕ дӕр нӕ кӕны, уый у ӕнӕдон ӕдзӕрӕг быдыр, хус бӕстӕ+. 13  Йегъовӕ йӕм кӕй смӕсты ис, уый тыххӕй йыл цӕрӕг нал уыдзӕн+, ӕгасӕй дӕр ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн+. Вавилоны рӕзты-иу чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дистӕгӕнгӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йӕ цы бӕллӕхтӕ баййӕфтой, уый фенгӕйӕ-иу ныхситт кӕндзӕн+. 14  Фатӕхсджытӕ!+ Вавилоны ныхмӕ рацӕут ӕмӕ йӕ алыварс ӕрлӕуут+. Ӕхсут ыл уӕ фаттӕ!+ Ма сӕ ӕвгъау кӕнут, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ракодта+. 15  Алырдыгӕй дӕр тохы хъӕр кӕнут йӕ ныхмӕ+. Йӕ къухтӕ ӕруагъта+. Йӕ цӕджындзтӕ афӕлдӕхтысты, йӕ къултӕ ныппырх сты+, уымӕн ӕмӕ дзы Йегъовӕ йӕ маст исы+. Уӕ маст дзы райсут. Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бакӕнут сымах дӕр+. 16  Ныццӕгъдут, Вавилоны таугӕ чи кӕны+ ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ӕхсырфӕй чи кусы, уыдоны. Ӕгъатыр хъамайы тыххӕй сӕ алчи йӕ адӕммӕ аздӕхдзӕн, алчи сӕ йӕ бӕстӕмӕ алидздзӕн+. 17  Израил у, дзугӕй чи адзӕгъӕл, ахӕм фыс+. Домбӕйттӕ йӕ дзугӕй фӕхицӕн кодтой+. Фыццаг ӕй Ассирийы паддзах хордта+, ныр та йын йе стджытӕ ӕхсыны Вавилоны паддзах Навуходоносор+. 18  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ассирийы паддзахмӕ куыд аздӕхтон ме ’ргом, афтӕ Вавилоны паддзахмӕ дӕр ӕмӕ йӕ зӕхмӕ дӕр ме ’ргом аздахдзынӕн+. 19  Ӕз Израилы фӕстӕмӕ йӕ хизӕнтӕм ӕркӕндзынӕн+, ӕмӕ та Кармилыл+ ӕмӕ Васаны+ хиздзӕн, Ефремы+ хӕхбӕсты ӕмӕ Галаады+ хӕхбӕсты йӕ уд бафсӕддзӕн“». 20  «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг+,– зӕгъы Йегъовӕ,– агурдзысты Израилы фыдракӕнд+, фӕлӕ никуы уыдзӕн, агурдзысты Иудӕйы тӕригъӕдтӕ+, фӕлӕ сӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ ӕз ныххатыр кӕндзынӕн, удӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн»+. 21  «Рацу Мерафаимы зӕххы ныхмӕ+ ӕмӕ Пеходы цӕрджыты ныхмӕ+. Уадз ӕмӕ сӕ сӕргӕвдой ӕмӕ сӕ сӕфты хай бакӕной,– зӕгъы Йегъовӕ.– Куыддӕриддӕр дын зӕгъын, афтӕ бакӕн+. 22  Зӕххыл тохы хъӕр хъуысы, бӕстӕ пырх кӕнынц+. 23  Мӕнӕ куыд асаст, мӕнӕ куыд ныцъцъӕл+, зӕххыл ӕппӕт адӕмты дӕр чи пырх кодта, уыцы дзӕбуг!+ Мӕнӕ Вавилон адӕмты ’хсӕн диссагӕн дзуринаг куыд фӕци!+ 24  Ӕз дын къӕппӕг сӕвӕрдтон, Вавилон, ӕмӕ дзы бахаудтӕ,– ды та йӕ зонгӕ дӕр нӕ кодтай+. Ссардтой дӕ ӕмӕ дӕ ӕрцахстой, уымӕн ӕмӕ ды рацыдтӕ Йегъовӕйы ныхмӕ+. 25  Йегъовӕ йе ’вӕрӕнтӕ байгом кодта ӕмӕ йӕ фыдӕхы хӕцӕнгӕрзтӕ рахӕссы+. Дунедарӕг+ Хуыцауӕн, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн, халдейты зӕххы ис хъуыддаг+. 26  Рацӕут ӕм ӕппӕты дарддӕр бӕстӕтӕй+. Йӕ хордӕттӕ йын байгом кӕнут+. Ӕрӕмбырд ӕй кӕнут, хор куыд ӕрӕмбырд кӕнынц ӕмӕ дзы кӕритӕ куыд скӕнынц, афтӕ+ ӕмӕ йӕ сӕфты хай бакӕнут+, иу дӕр дзы куыд нал баззайа+. 27  Йӕ уӕнгуыты йын сӕргӕвд+. Иууылдӕр карды амӕттаг фӕуӕнт+. Додой сӕ къона, уымӕн ӕмӕ ӕрцыд сӕ бон – сӕ хъуыддӕгтӕм сын куы ’ркӕсон, уыцы рӕстӕг!+ 28  Лидзынмӕ чи фӕци, Вавилоны зӕххӕй чи фӕлидзы, уыдоны хъӕр хъуысы+. Хъуамӕ Сионыл фехъусын кӕной, нӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ маст кӕй исы+, йӕ кувӕндоны тыххӕй кӕй исы йӕ маст, уый тыххӕй+. 29  Ракӕнут Вавилоны ныхмӕ фатӕхсджыты, ӕрдын чи ӕрбакъӕдз кӕны, уыдоны+. Уӕ цатыртӕ йӕ алыварс ӕрӕвӕрут. Иу дӕр дзы хъуамӕ ма аирвӕза+. Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йын цы ’мбӕлы, уый йын бакӕнут+. Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бакӕнут сымах дӕр+, уымӕн ӕмӕ йӕ фырсӕрбӕрзондӕй рацыд Йегъовӕйы ныхмӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы ныхмӕ+. 30  Уымӕ гӕсгӕ, йе ’рыгон лӕппутӕ горӕты фӕзты фӕмард уыдзысты+, уыцы бон хӕстон лӕгтӕ иууылдӕр бамыр уыдзысты»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ. 31  «Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн+, Сӕрбӕрзонд Вавилон+,– зӕгъы Дунедарӕг+ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн дӕ бон – дӕ хъуыддӕгтӕм дын куы ’ркӕсон, уыцы рӕстӕг. 32  Сӕрбӕрзонддзинад фӕкӕлдзӕн ӕмӕ ахаудзӕн+, ӕмӕ йӕ ничиуал сыстын кӕндзӕн+. Ӕз ын йӕ горӕттыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ йын уыцы арт, йӕ алыварс цы зӕххытӕ ис, уыдон аныхъуырдзӕн»+. 33  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: «Израилы фырттӕ ӕмӕ Иудӕйы фырттӕ се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафынц. Уацары сӕ чи акодта, уыдон сыл фидар хӕцынц+, нӕ сӕ уадзынц+. 34  Фӕлӕ сӕ Ӕлхӕнӕг тыхджын у+, йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+. Уый сын сӕ хъуыддаг равзардзӕн+ ӕмӕ сын сӕ зӕххӕн ӕнцойдзинад ратдзӕн+, Вавилоны цӕрджыты та катайы бафтаудзӕн»+. 35  «Хъама цӕгъддзӕн халдейты+,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕгъддзӕн Вавилоны цӕрджыты+, йӕ кънйӕзты+ ӕмӕ йӕ зондджын лӕгты+. 36  Хъама цӕгъддзӕн, афтид ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны+, ӕмӕ ӕнӕзонд митӕ кӕндзысты+. Хъама йын цӕгъддзӕн йӕ тыхджын лӕгты+, ӕмӕ сӕ тас бацӕудзӕн+. 37  Хъама сын цӕгъддзӕн сӕ бӕхты+, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ дзы иннӕ адӕмтӕй чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр+, ӕмӕ сылгоймӕгтӕй уӕлдай нал уыдзысты+. Хъамайы амӕттаг бауыдзысты йӕ хӕзнатӕ+, ӕмӕ йын сӕ фӕхӕсдзысты. 38  Бӕллӕх ӕрцӕудзӕн йӕ дӕттыл, ӕмӕ йын бахус уыдзысты+. Уыцы бӕстӕ у гуымирыты бӕстӕ+, ӕмӕ сӕ тасӕфтауӕг цӕстылуайӕнты тыххӕй ӕнӕзонд митӕ кӕнынц. 39  Уый тыххӕй дзы цӕрдзысты ӕрмӕстдӕр, хус бӕстӕйы чи цӕры, стӕй, ниугӕ чи кӕны, уыцы цӕрӕгойтӕ, цӕрдзысты дзы страустӕ+. Цӕрӕг дзы никуыуал уыдзӕн, адӕймаг кӕм ӕрцӕра, ахӕм бынат дзы нал уыдзӕн, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ»+. 40  «Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕ+ ӕмӕ сӕ сыхаг горӕттӕ+ куы фесӕфта, уӕд куыд уыд, афтӕ уыдзӕн ныр дӕр,– зӕгъы Йегъовӕ,– ничи дзы ӕрцӕрдзӕн, иу адӕймаг дӕр дзы ӕрцӕуӕггагӕй нӕ цӕрдзӕн+. 41  Мӕнӕ, цӕгатӕй адӕм рацӕуынц. Стыр адӕмтӕ+ ӕмӕ номдзыд паддзӕхтӕ+ сыстдзысты зӕххы кӕрӕттӕй+. 42  Сӕ къухты – ӕрдын ӕмӕ арц+. Сты ӕгъатыр, никӕуыл бацауӕрддзысты+. Сӕ хъӕлӕба – абухгӕ денджызы хъӕлӕбайы хуызӕн+, бӕхтыл фӕцӕуынц+. Иууылдӕр иумӕ гӕрзифтонгӕй дӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты, Вавилоны чызг+. 43  Вавилоны паддзах сын сӕ кой куы фехъуыста+, уӕд йӕ къухтӕ ӕруагъта+. Бӕллӕх! Фыррыстӕй ныкъкъӕдзтӕ, тухитӕ кӕны арӕг сылгоймагау+. 44  Иорданы былгӕрӕтты цы пыхсджын хъӕд ис, уырдыгӕй чидӕр домбайау рацӕудзӕн ӕмӕ, фыстӕн тӕссаг кӕм ницӕмӕй у, уыцы сӕрвӕтмӕ ӕрбацӕудзӕн+, фӕлӕ йӕ ӕз уайтагъд лидзӕг фӕкӕндзынӕн+. Ӕмӕ кӕй равзӕрстон, уый йын йӕ сӕргъы сӕвӕрдзынӕн+. Мӕн хуызӕн чи у+ ӕмӕ мӕ ныхмӕ чи ’рлӕудзӕн?+ Мӕ разы фӕлӕууын чи бафӕраза, ахӕм фыййау ис?+ 45  Уӕдӕ байхъусут, Йегъовӕ Вавилоны+ тыххӕй цы уынаффӕ рахаста+ ӕмӕ халдейты зӕххы тыххӕй цы фӕнд кӕны, уымӕ+. Уӕрыччыты фӕхӕсдзысты+. Уыдоны тыххӕй сын сӕ сӕрвӕт сафтид кӕндзӕн+. 46  Вавилон куы бацахсой, уӕд ахӕм хъӕр уыдзӕн, ӕмӕ зӕхх нынкъуысдзӕн+, адӕмты ’хсӕн хъуысдзӕни цъӕхахст»+.

Фиппаинӕгтӕ