Йереми 6:1—30

6  Искуы бамбӕхсут, Вениамины фырттӕ, лидзгӕ кӕнут Иерусалимӕй, Фекойӕйы+ ныууасут сыкъайӕ+. Бефкаремы+ сӕрмӕ ссудзут фӕдисы арт, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕй ӕрбацӕуы бӕллӕх, стыр фыдбылыз+.  Сионы чызг уыди рӕсугъд, буцахуыр сылгоймаджы хуызӕн+.  Йӕ размӕ ӕрбацыдысты фыййӕуттӕ сӕ дзугтимӕ. Йӕ алыварс ын ӕрӕвӕрдтой сӕ цатыртӕ+. Ӕмӕ фыййӕуттӕй алчидӕр йӕ бынаты хызта йӕ дзугтӕ+.  Уыдон йӕ ныхмӕ хӕст расидтысты*+: «Сыстут, ӕмбисбон схӕцӕм!»+ «Ӕллӕх, бон изӕрырдӕм акъул ӕмӕ аууӕттӕ даргъдӕр кӕнынц!»  «Сыстут, ӕхсӕвы схӕцӕм ӕмӕ йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ ныппырх кӕнӕм»+.  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: «Хъӕдтӕ ракӕнут+ ӕмӕ Иерусалимы алыварс къул саразут+. Уыцы горӕтӕй хъӕуы дзуапп ӕрдомын+. Йӕ мидӕг ӕфхӕрд йеддӕмӕ ницы ис+.  Цъайы алкӕддӕр уазал дон куыд вӕййы, афтӕ уым дӕр алкӕддӕр ис фыддзинад. Тыхми кӕй бакодтой ӕмӕ кӕйдӕр кӕй бастыгътой, уый йеддӕмӕ дзы ницы фехъусдзынӕ+. Мӕ цӕстыты раз ӕдзухдӕр – низтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ.  Дӕ зонд аив+, о Иерусалим, цӕмӕй мӕ удӕн ма фенад уай+, цӕмӕй дӕ ма фестын кӕнон ӕдзӕрӕг бӕстӕ, цӕрӕг кӕм нӕй, ахӕм зӕхх»+.  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: «Уыдон, Израилӕй ма чи баззад, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзысты, сӕнӕфсиры фӕстаг гагатӕ куыд ӕрӕмбырд кӕнынц, афтӕ+. Сӕнӕфсиры къалиутӕй сӕнӕфсир чи тоны, уыйау та сӕм фӕстӕмӕ дӕ къух байваз». 10  «Кӕмӕ дзурон ӕмӕ кӕй фӕдзӕхсон, цӕмӕй фехъусой? Уыдон сты уӕзхъус*, ӕмӕ сӕ бон нӕу лӕмбынӕг хъусын+. Йегъовӕйы ныхас сын у хынджылӕггаг+, ӕхсызгон сын нӕу+. 11  Йегъовӕйы маст мӕ мидӕг судзы. Йӕ уромынӕй бафӕлладтӕн»+. «Ныккал ӕй, уынджы чи ис, уыцы сывӕллӕттыл+ ӕмӕ, иумӕ чи ӕрӕмбырд, уыцы ӕрыгон лӕппутыл. Ныккал ӕй лӕг ӕмӕ усыл, кардзыд лӕгыл ӕмӕ зӕронд адӕймагыл+. 12  Сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ быдыртӕ ӕмӕ сӕ устытӕ ӕндӕрты бауыдзысты+, уымӕн ӕмӕ ӕз мӕ къух сисдзынӕн ацы зӕххы цӕрджытӕм»,– зӕгъы Йегъовӕ+. 13  «Хуымӕтӕг адӕймагӕй, кадджын адӕймагӕй – иууылдӕр сӕхицӕн мулк кӕнынц кӕйдӕр фӕллойӕ+. Пехуымпарӕй, сауджынӕй – се ’ппӕт дӕр кӕнынц мӕнгард митӕ+. 14  Мӕ адӕмы цӕфтӕ уӕлӕнгӕйтты адзӕбӕх кӕныныл архайынц+ ӕмӕ дзурынц: „Мӕнӕ, фарн*! Мӕнӕ, фарн!“ – афтӕмӕй та фарн нӕй+. 15  Ӕлгъаг митӕ кӕй кодтой, уый сӕм цымӕ худинаг нӕ каст?+ Худинаг дӕр сӕм нӕ кӕсы ӕмӕ, уӕвгӕ, ӕгад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц+. Уый тыххӕй уыдон ӕрхаудзысты, чи хауы, уыдонимӕ+. Фӕцуддзысты, дзуапп сӕ куы ’рдомон, уыцы рӕстӕг»,– зӕгъы Йегъовӕ. 16  Йегъовӕ сын афтӕ загъта: «Ӕрлӕуут уӕ фӕндӕгтыл, акӕсут ӕмӕ бафӕрсут рагон фӕндӕгты тыххӕй, базонут, кӕм ис хорз фӕндаг+ ӕмӕ йыл цӕут+, ӕмӕ уӕ удтӕн ӕнцой ссарут»+. Фӕлӕ уыдон дзырдтой: «Нӕ ацӕудзыстӕм»+. 17  «Ӕз уын сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ+ ӕмӕ загътон: „Лӕмбынӕг хъусут сыкъайы уасынмӕ!“»+. Фӕлӕ уыдон дзырдтой: «Нӕ хъусдзыстӕм»+. 18  «Уӕдӕ байхъусут, адӕмтӕ! Базонут, адӕм, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. 19  О зӕхх, байхъус! Ӕз ацы адӕмыл сӕ хъуыдыты+ тыххӕй ӕруадздзынӕн бӕллӕх+, уымӕн ӕмӕ мын мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ мын мӕ закъоныл сӕ къух систой»+. 20  «Савӕйӕ+ урс буд кӕй ласыс ӕмӕ дард бӕстӕй – хӕрздӕф хъӕз, уый мӕ истӕмӕн хъӕуы? Уӕ судзинаг нывӕндтӕ мын ӕхсызгон не сты+, уӕ нывӕндтӕй мӕ зӕрдӕ ӕппындӕр нӕ рухс кӕны»+. 21  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Ӕз ацы адӕмӕн ӕвӕрын цӕлхдуртӕ+, ӕмӕ сыл фӕкӕлдзысты. Фӕкӕлдзысты фыдӕлтӕ ӕмӕ фырттӕ иумӕ, сыхаг ӕмӕ йе ’мбал фесӕфдзысты»+. 22  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Цӕгатаг зӕххӕй ӕрбацӕуы адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй сыстдзӕн стыр адӕм+. 23  Уыдон райсдзысты фат ӕмӕ арц+. Уыдон сты ӕгъатыр адӕм ӕмӕ тӕригъӕд никӕмӕн фӕкӕндзысты. Сӕ хъӕлӕс нӕрдзӕн денджызау+, баддзысты бӕхтыл+. О Сионы чызг, хӕстон лӕгау дӕ ныхмӕ гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты»+. 24  Мах уыцы хабар фехъуыстам ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруагътам+. Не уӕнгтӕ барызтысты, тухитӕ кӕнӕм арӕг сылгоймагау+. 25  Быдырмӕ ма ацу ӕмӕ фӕндагыл ма рацу-бацу кӕн, уымӕн ӕмӕ уым ис знаджы хъама, алырдыгӕй дӕр у тӕссаг+. 26  О мӕ адӕмы чызг, дӕ астӕуыл хъисын ӕрбакӕн+ ӕмӕ дӕхи фӕнычы сӕвдул+. Хъыг кӕн, цыма дӕ иунӕг фыртыл хъыг кӕныс, афтӕ, ӕмӕ судзгӕ хъарӕг кӕн+, уымӕн ӕмӕ нӕм стигъӕг ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбабырсдзӕн+. 27  «Ӕз дӕ скодтон згъӕрсыгъдӕггӕнӕджы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ мын ды хъуамӕ мӕ адӕмы ссыгъдӕг кӕнай. Ды сӕм дӕ хъус дардзынӕ ӕмӕ сын сӕ фӕндагмӕ лӕмбынӕг кӕсдзынӕ+. 28  Се ’ппӕт дӕр сты тынг хивӕнд+, рацу-бацу кӕнынц ӕмӕ иннӕты фыдкой кӕнынц+, уыдон сты ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы хуызӕн. Иууылдӕр сты фыдбылыз+. 29  Куырдадзы куынцытӕ*+ басыгъдысты. Сӕ артӕй рацӕуы зды+. Дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодта згъӕрсыгъдӕггӕнӕг, ӕвзӕртӕ уӕддӕр нӕ ахицӕн сты+. 30  Уыдоны схондзысты, чи ницӕмӕн хъӕуы, ахӕм ӕвзист+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы нал хъӕуынц»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «сыгъдӕг схуыдтой».
Комк. «сӕ хъус у ӕнӕсунӕт».
Кӕнӕ «сабырдзинад».
Куырдадзы-иу зынгтыл цӕмӕй фу кодтой, уыцы мигӕнӕн.