Йереми 7:1—34
7 Йегъовӕ Йеремийӕн загъта:
2 «Слӕуу Йегъовӕйы хӕдзары кулдуары раз ӕмӕ уым фехъусын кӕн ацы ныхас+. Зӕгъ: „Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ, Иудӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр, ацы кулдуарыл Йегъовӕйӕн бакувынмӕ чи бацӕуы, уыдон.
3 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут, ӕмӕ уӕ ӕз ацы ран цӕргӕйӕ ныууадздзынӕн+.
4 Уӕ зӕрдӕ мӕнг ныхӕстыл ма дарут+, афтӕ ма дзурут: „Ай у Йегъовӕйы кувӕндон, Йегъовӕйы кувӕндон, Йегъовӕйы кувӕндон!“
5 Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ куы сраст кӕнат, дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн хъуыддаг рӕстӕй куы ’взарат+,
6 ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдз сылгоймаджы куы не ’фхӕрат+, ацы ран ӕнаххос туг куы нӕ калат+ ӕмӕ уӕ фыдбылызӕн ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы нӕ цӕуат+,
7 уӕд уӕ ӕз ныууадздзынӕн ацы ран, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл, ӕмӕ йыл цӕрдзыстут ӕнусӕй-ӕнусмӕ“»+.
8 «Сымах уӕ зӕрдӕ дарут мӕнг ныхӕстыл, фӕлӕ уын уымӕй ӕппындӕр ницы пайда уыдзӕн+.
9 Уый куыд у: давут+, марут+, хӕтут+, мӕнг сомытӕ кӕнут+, Ваалӕн нывӕндты фӕздӕг уадзут+ ӕмӕ цӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, кӕй нӕ зыдтат, уыцы хуыцӕутты фӕдыл+,
10 уый фӕстӕ та ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ разы ӕрлӕуут, мӕ номӕй чи хуыйны, уыцы хӕдзары?+ Куыд дзурут, мах аирвӕздзыстӕм, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ ӕппӕт ацы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ кӕнут, уӕд?
11 Мӕ номӕй чи хуыйны, уыцы хӕдзар+ уӕ цӕсты абырджыты лӕгӕт не сси?+ Ӕз уый мӕхӕдӕг федтон»,– зӕгъы Йегъовӕ+.
12 «„Фӕлӕ-ма ацӕут мӕ бынатмӕ, Силомы чи уыд+, мӕ номӕн фыццаг цы бынат равзӕрстон, уырдӕм+, ӕмӕ йӕ фенут, ӕз ын мӕ адӕм Израилы ӕвзӕр миты тыххӕй цы бакодтон+.
13 Ӕмӕ ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕ кӕй кодтат,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕз та уын дзырдтон, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ дзырдтон+, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат+, ӕз уӕм дзырдтон, фӕлӕ мын сымах дзуапп нӕ лӕвӕрдтат+,–
14 уый тыххӕй ӕз, мӕ номӕй чи хуыйны+ ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл дарут+, уыцы хӕдзарӕн ӕмӕ, сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы бынатӕн бакӕндзынӕн, Силомӕн куыддӕриддӕр бакодтон, афтӕ+.
15 Ӕмӕ уӕ ӕз мӕ разӕй фесафдзынӕн+, уе ’фсымӕрты уын се ’ппӕты дӕр, Ефремы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр, куыд фесӕфтон, афтӕ“+.
16 Ды та ацы адӕмы тыххӕй ма кув, уыдоны тыххӕй мын ма лӕгъстӕ кӕн, ма кув ӕмӕ мӕ кургӕ дӕр мацы кӕн, уымӕн+ ӕмӕ дӕ нӕ фехъусдзынӕн+.
17 Нӕ йӕ уыныс, цытӕ кӕнынц Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы уынгты?+
18 Фырттӕ ӕмбырд кӕнынц сугтӕ, фыдӕлтӕ кӕнынц арт, устытӕ та змӕнтынц хыссӕ, цӕмӕй „уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“ кувинаг гуылтӕ скӕной+. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн уадзынц кувинаг нозт+, цӕмӕй мӕ ӕфхӕрой+.
19 „Фӕлӕ мӕн ӕфхӕрынц? – дзуры Йегъовӕ+.– Сӕхи не ’фхӕрынц, цӕмӕй фӕхудинаг уой?“+
20 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ацы бынатыл+, адӕмыл ӕмӕ хӕдзарон фосыл, быдырон бӕласыл+ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл калын мӕ маст ӕмӕ мӕ фыдӕх, ӕмӕ уыдон судздзысты ӕмӕ нӕ ахуысдзысты“+.
21 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Уӕ нывӕндтӕм ма судзинаг нывӕндтӕ дӕр бафтаут ӕмӕ сӕ уӕхӕдӕг хӕрут+.
22 Ӕз уын уӕ фыдӕлты Египеты зӕххӕй цы бон ракодтон, уыцы бон сын судзинаг нывӕндты ӕмӕ ӕндӕр нывӕндты тыххӕй ницы дзырдтон ӕмӕ ницы фӕдзӕхстон+.
23 Фӕлӕ сын ӕз бафӕдзӕхстон: „Хъусут мӕм+, ӕмӕ ӕз суыдзынӕн уӕ Хуыцау+, сымах та суыдзыстут мӕ адӕм. Цӕут, ӕз уын кӕуыл бафӕдзӕхсон цӕуын, ӕппӕт уыцы фӕндӕгтыл+, цӕмӕй уын уа хорз“+.
24 Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр мӕм не ’рдардтой+, фӕлӕ цыдысты се ’взӕр, сӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕндтыл+, ӕмӕ размӕ нал цыдысты, фӕлӕ фӕстӕмӕ+.
25 Афтӕ кодтой, сӕ фыдӕлтӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уыцы бонӕй суанг абоны онг+. Ӕз та сӕм ӕрвыстон ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты, мӕ пехуымпарты, алы бон дӕр-иу раджы сыстадтӕн ӕмӕ-иу сӕ арвыстон+.
26 Фӕлӕ мӕм уыдон нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр мӕм не ’рдардтой+, ӕмӕ сӕхи фӕнд кодтой*+. Сӕ фыдӕлтӕй дӕр фӕфыддӕр сты!+
27 Ды сын дзур ӕппӕт ацы ныхӕстӕ+, фӕлӕ дӕм нӕ хъусдзысты. Дзур сӕм, фӕлӕ дын дзуапп нӕ дӕтдзысты+.
28 Ӕмӕ сын зӕгъ: „Ацы адӕм нӕ хъусынц Йегъовӕмӕ, сӕ Хуыцаумӕ+, ӕмӕ сӕм зондамынд нӕ хъары+. Иузӕрдиондзинад никуыуал ис, сӕ дзыхӕй йӕ кой дӕр нал цӕуы“+.
29 Де ’нӕлвыд сӕрыхъуынтӕ алвын ӕмӕ сӕ аппар+ ӕмӕ лӕгуын къуыбыртыл хъарӕг сис+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, йӕ маст кӕмӕ судзы, уыцы адӕмыл йӕ къух систа+, ӕмӕ сӕ ныууадздзӕн+.
30 „Иудӕйы фырттӕ сарӕзтой, мӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый,– зӕгъы Йегъовӕ.– Се ’лгъаг хуыцӕутты сӕвӕрдтой, мӕ номӕй чи хуыйны, уыцы хӕдзары, цӕмӕй йӕ фӕчъизи кӕной+.
31 Енномы фырты дӕлвӕзы+ чи ис, уыцы Тофеты сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ*+, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътаиккой+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон“+.
32 „Уымӕ гӕсгӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕрцӕуы ахӕм бонтӕ, ӕмӕ, Тофет ӕмӕ Енномы фырты дӕлвӕз, зӕгъгӕ, нал дзурдзысты, фӕлӕ дзурдзысты, адӕмы кӕм марынц, уыцы дӕлвӕз+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мӕрдты ныгӕндзысты Тофеты, бынат дзы куы нӕ фаг кӕна, уӕддӕр+.
33 Ацы адӕмы мӕрдтӕ уыдзысты хӕринаг уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн, ӕмӕ сӕ сурӕг нӕ уыдзӕн+.
34 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы горӕттӕй ӕмӕ Иерусалимы уынгтӕй нал хъуысдзӕн цины хъӕр ӕмӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕба, усгуры хъӕлӕс ӕмӕ чындзы хъӕлӕс+, уымӕн ӕмӕ зӕхх сафтид уыдзӕн, ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестдзӕн“»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «сӕ бӕрзӕйтӕ ныхъхъӕбӕр кодтой».
^ Комк. «бӕрзонд бынӕттӕ». Уыдон уыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.