Йереми 8:1—22

8  «Уыцы рӕстӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– адӕм ингӕнтӕй рахӕсдзысты Иудӕйы паддзӕхты стджытӕ, йӕ кънйӕзты стджытӕ, сауджынты стджытӕ, пехуымпарты стджытӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты стджытӕ+.  Ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кӕндзысты хуры бын, мӕйы бын ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдоны* бын – кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой, кӕй фӕдыл цыдысты+, кӕй агуырдтой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын+. Уыцы стджытӕ нӕдӕр ӕмбырд ӕркӕндзысты, нӕдӕр сӕ ныгӕнгӕ бакӕндзысты. Фаджысау суыдзысты зӕххы цъарыл»+.  «Уыцы ӕвзӕр мыггаг кӕм ныххӕлиу кӕнон, ӕппӕт уыцы бынӕтты ма дзы чи баззайа+, уыдон цардӕй мӕлӕтмӕ тынгдӕр бӕлдзысты»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.  «Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Адӕймаг куы ахауа, уӕд фӕстӕмӕ нӕ сыстдзӕн?+ Иу куы раздӕха, уӕд иннӕ дӕр нӕ раздӕхдзӕн?+  Уӕд ацы адӕм, Иерусалимы цӕрджытӕ, къӕрттӕй цъула куы не ’ппарынц, уӕддӕр мыл гадзрахатӕй куыд цӕуынц? Сӕ мӕнгард митыл фидар ныххӕцыдысты+, раздӕхын сӕ нӕ фӕнды+.  Ӕз мӕ хъус дардтон+, лӕмбынӕг хъуыстон+, фӕлӕ раст ныхӕстӕ нӕ кодтой. Иу дӕр дзы йе ’взӕр митыл не ’рфӕсмон кодта+ ӕмӕ нӕ загъта, ай цы бакуыстон, зӕгъгӕ. Алчидӕр аздӕхы, иннӕтӕ цы фӕндагыл цӕуынц, уымӕ+, бӕх тохмӕ куыд бырса, уыйау.  Къадз дӕр ма уӕларвыл йӕ нысангонд рӕстӕджытӕ зоны+, ӕхсинӕг+, чъима ӕмӕ булӕмӕргъ – алкӕцы дӕр сӕ зоны, кӕд хъуамӕ ӕртӕха, уыцы рӕстӕг. Мӕ адӕм та Йегъовӕйы тӕрхоны рӕстӕг нӕ базыдтой“+.  „Сымах афтӕ куыд дзурут: „Мах зондджын стӕм ӕмӕ махмӕ ис Йегъовӕйы закъон“?+ Афтӕмӕй писырты мӕнгард фыссӕнгарз+ фыссы сыгъдӕг гӕдыныхӕстӕ.  Зондджынтӕ фӕхудинаг сты+. Тас сӕ бацыд ӕмӕ къӕппӕджы бахаудзысты. Уыдон сӕ къух систой Йегъовӕйы ныхасыл, ӕмӕ уӕд цӕй зондджын сты?+ 10  Уымӕ гӕсгӕ сын ӕз сӕ устыты ратдзынӕн ӕндӕртӕн, сӕ быдыртӕ бауыдзысты, чи сӕм бабырса, уыдоны+, уымӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймагӕй, кадджын адӕймагӕй – иууылдӕр сӕхицӕн мулк кӕнынц кӕйдӕр фӕллойӕ+. Пехуымпарӕй, сауджынӕй – се ’ппӕт дӕр кӕнынц мӕнгард митӕ+. 11  Мӕ адӕмы чызджы цӕфтӕ уӕлӕнгӕйтты адзӕбӕх кӕныныл архайынц+ ӕмӕ дзурынц: „Мӕнӕ, фарн*! Мӕнӕ, фарн!“ – афтӕмӕй та фарн нӕй+. 12  Ӕлгъаг митӕ кӕй кодтой, уый сӕм цымӕ худинаг нӕ каст?+ Худинаг дӕр сӕм нӕ каст ӕмӕ, уӕвгӕ, ӕгад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтой+. Уый тыххӕй уыдон ӕрхаудзысты, чи хауы, уыдонимӕ. Фӕцуддзысты, сӕ хъуыддӕгтӕм сын куы ’ркӕсон, уыцы рӕстӕг“+,– зӕгъы Йегъовӕ+. 13  „Тыллӕг ӕфснайыны афон сын ӕз кӕрон скӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ+.– Сӕнӕфсирбӕласыл гагатӕ нӕ уыдзӕн+, легъуибӕласыл – легъуитӕ, ӕмӕ сыфтӕр дӕр бахус уыдзӕн. Ӕмӕ сын цы дӕттын, уыдӕттӕ сӕ рӕзты аивгъуыйдзысты“». 14  «Ӕнцад цӕмӕн бадӕм? Ӕрӕмбырд ут ӕмӕ фидаргонд горӕттӕм бацӕуӕм+ ӕмӕ уым амӕлӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ радта мӕлӕтмӕ+, ӕмӕ нын дары маргӕйдзаг дон+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ракодтам. 15  Ӕнхъӕлмӕ кастысты сабырдзинадмӕ, фӕлӕ хорзӕй ницы+. Ӕнхъӕлмӕ кастысты, кӕд сдзӕбӕх уыдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ, фӕлӕ ӕрмӕст ӕвирхъау хабӕрттӕ!+ 16  Данӕй+ хъуысы йӕ бӕхты хуыррытт. Йӕ нӕл бӕхты мыр-мырӕй зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр нызмӕлыди+. Уыдон ӕрбацӕуынц ӕмӕ хӕрынц зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый, горӕт ӕмӕ йӕ цӕрджыты». 17  «Ӕз уыл рауадздзынӕн кӕлмытӕ, маргджын кӕлмытӕ+, уыдоны ницавӕр кӕлӕнтӕй ис ӕрсабыр кӕнӕн+, ӕмӕ уыл хӕцдзысты»,– зӕгъы Йегъовӕ. 18  Ӕрсабыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм мастӕй байдзаг мӕ хуылф+. Мӕ зӕрдӕ дудгӕ рыст кӕны. 19  Мӕ адӕмы чызг дард бӕстӕйӕ ӕххуысмӕ дзыназы+: «Йегъовӕ Сионы нӕй?+ Йӕ паддзах уым нӕй?»+ «Цӕмӕн мӕ ӕфхӕрдтой сӕ гуымирытӕй, сӕ ницӕйаг ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕй?»+ 20  «Хуымгӕрдӕн афон фӕци, сӕрд аивгъуыдта, фӕлӕ мах уӕддӕр нӕ фервӕзтыстӕм!»+ 21  Мӕ адӕмы чызг кӕй бабын+, уый мӕ амардта+. Мӕ зӕрдӕмӕ рухс нал кӕлы. Арвы цӕфау фӕдӕн+. 22  Ау, Галаады бальзам нӕй?+ Иу дохтыр дзы нӕй?+ Мӕ адӕмы чызг ӕппын йӕ сӕрӕн цӕуылнӕ кӕны?+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕнӕхъӕн уӕларвон ӕфсады».
Кӕнӕ «сабырдзинад».