Йереми 9:1—26

9  Тӕхуды, ӕмӕ мӕ сӕр дон куы фестид ӕмӕ мӕ цӕстытӕ – цӕссыджы суадон!+ Уӕд ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕуин мӕ адӕмы чызджы мӕрдтыл+.  Тӕхуды, ӕмӕ мын ӕдзӕрӕг быдыры, фӕндаггон кӕм ӕрлӕууы, ахӕм бынат куы уаид!+ Уӕд мӕ адӕмы ныууадзин ӕмӕ сӕ ацӕуин, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр сты хӕтаг+, иууылдӕр цӕуынц гадзрахатӕй+.  Се ’взӕгтӕ ӕрдынау ӕркъӕдз кӕнынц, цӕмӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕной+. Ацы зӕххыл сӕ иузӕрдиондзинадӕй нӕ басгуыхтысты. «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинады фӕдыл кодтой ӕмӕ мӕн ницӕмӕ дардтой»+,– зӕгъы Йегъовӕ.  «Алчидӕр уӕ йе ’мбалӕй йӕхи хъахъхъӕнӕд+ ӕмӕ уе ’фсымӕртӕй иуыл дӕр уӕ зӕрдӕ ма дарут+, уымӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕй алчидӕр йе ’фсымӕрыл хинӕй цӕуы+, цӕмӕй йын йӕ бынат байса, ӕмӕ ӕмбӕлттӕй алчидӕр рацу-бацу кӕны ӕмӕ йе ’мбалы фыдкой кӕны+.  Алчидӕр йе ’мбалыл сайдӕй цӕуы+, иу раст ныхас сӕ нӕ фехъусдзынӕ. Се ’взаг сахуыр кодтой мӕнг ныхӕстӕ кӕнын+. Уыдон сфӕлмӕцыдысты ӕвзӕрдзинад аразынӕй+.  Ды бадыс мӕнгдзинады тӕккӕ астӕу+. Мӕнгдзинады тыххӕй сӕ мӕн базонын нӕ фӕнды»+,– зӕгъы Йегъовӕ.  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: «Ӕз сӕ бадон кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсдзынӕн+, уӕдӕ ӕндӕр куыд бакӕнон мӕ адӕмы чызгӕн?+  Се ’взаг у мӕлӕтхӕссӕг фат+, кӕны ӕрмӕст сайгӕ. Адӕймаг йе ’мбалимӕ дзургӕ фӕлмӕнӕй кӕны, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы та кӕны фыдвӕндтӕ»+.  «Уӕдӕ сӕ уыцы хъуыддӕгты тыххӕй хъуамӕ дзуапп ма ’рдомон? – зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕмӕ ахӕм адӕмӕй мӕ маст хъуамӕ ма райсон?+ 10  Хӕхты тыххӕй кӕудзынӕн ӕмӕ хъарджытӕ кӕндзынӕн+, ӕдзӕрӕг быдыры хизӕнты тыххӕй хъарӕг сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ басудздзысты+ ӕмӕ сыл иу адӕймаг дӕр нал ацӕудзӕн, нал дзы хъуысдзӕн фосы хъӕр+. Уӕларвон мӕргътӕ атӕхдзысты, сырдтӕ алидздзысты, иууылдӕр фӕцыдӕр уыдзысты+. 11  Иерусалим фестын кӕндзынӕн дурты цӕнд+, хъӕддаг куыйты лӕгӕт+. Иудӕйы горӕттӕ фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ, цӕрӕг дзы нал уыдзӕн+. 12  Чи у афтӕ зондджын, цӕмӕй уый бамбара? Кӕмӕн дзырдта Йегъовӕ, цӕмӕй йӕ уый радзура?+ Цӕмӕн фесӕфдзӕн ацы зӕхх, ӕдзӕрӕг быдырау афтӕ цӕмӕн басудздзӕн, цӕмӕй йыл иу адӕймаг дӕр мауал цӕуа?»+ 13  Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Кӕй сын радтон, уыцы закъон кӕй ныууагътой, кӕй мӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ мӕ закъонмӕ гӕсгӕ кӕй нӕ цардысты+, 14  фӕлӕ сӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл+ ӕмӕ Ваалты фӕдыл+ кӕй цыдысты, сӕ фыдӕлтӕ сӕ куыд сахуыр кодтой, афтӕ+, 15  уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ацы адӕм хӕрдзысты скъӕлдзой+ ӕмӕ нуаздзысты маргӕйдзаг дон+. 16  Ӕмӕ сӕ ныппырх кӕндзынӕн, сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой+, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕмӕ сын сӕ фӕдыл бафтаудзынӕн хъама, цалынмӕ сӕ нӕ ныццӕгъдон, уӕдмӕ“+. 17  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕмбаргӕйӕ архайут ӕмӕ хъарӕггӕнӕг устытӕм фӕдзурут+, цӕмӕй ӕрбацӕуой, арвитут дӕсны хъарӕггӕнджытӕм, цӕмӕй ӕрбацӕуой+, 18  цӕмӕй фӕтагъд кӕной ӕмӕ ныл фӕхъарӕг кӕной. Уадз ӕмӕ нӕ цӕстытӕй цӕссыг фемӕхсӕд, нӕ цӕстытӕ цыхцырджытӕ фестӕнт+. 19  Сионӕй хъуысы хъарӕг+: „Мӕнӕ куыд бабын стӕм!+ Мӕнӕ куыд фӕхудинаг стӕм! Нӕ зӕххӕй фӕлыгъдыстӕм, нӕ хӕдзӕрттӕ нын ныппырх кодтой“+. 20  Байхъусут, сылгоймӕгтӕ, Йегъовӕйы ныхасмӕ. Уӕ хъус ӕрдарут, йӕ дзыхӕй цы ныхас цӕуы, уымӕ. Уӕ чызджыты хъарӕг кӕнын сахуыр кӕнут+, ӕмӕ алы сылгоймаг дӕр йе ’мбалӕн бацамонӕд хъарӕг+. 21  Уымӕн ӕмӕ мӕлӕт ӕрбахызт нӕ рудзгуытӕй, ӕрбацыд нӕ цӕрӕн мӕсгуытӕм, цӕмӕй уынгты ныццӕгъда сывӕллӕтты, горӕты фӕзты – ӕрыгон лӕппуты“+. 22  Зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Адӕмы мӕрдтӕ уыдзысты, быдырты фаджыс куыд уа, хуымгӕрдӕджы фӕстӕ ногкарст хоры ӕфсиртӕ куыд уой, афтӕ, ӕмӕ сӕ ничи ӕрӕмбырд кӕндзӕн“»+. 23  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Зондджын ма ӕппӕлӕд йӕ зондӕй+, тыхджын ма ӕппӕлӕд йӕ тыхӕй+, хъӕздыг ма ӕппӕлӕд йӕ хъӕздыгдзинадӕй»+. 24  «Фӕлӕ йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд, ӕмбаргӕдзинад+ ӕм кӕй ис, мӕн кӕй зоны, уымӕй, кӕй зоны, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+ ӕмӕ зӕххыл ӕнувыд уарзт, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй архайын+, уымӕн ӕмӕ мын уыдон сты ӕхсызгон»+,– зӕгъы Йегъовӕ. 25  «Ӕрхӕццӕ кӕны уыцы рӕстӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз ӕрдомдзынӕн дзуапп, сунӕтгонд чи у, фӕлӕ уӕддӕр сунӕтгонд чи нӕу, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр+, 26  Египетӕй+, Иудӕйӕ+, Едомӕй+, Аммоны+ фырттӕй ӕмӕ Моавӕй+, йӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвыд кӕмӕн сты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры чи цӕры, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр+, уымӕн ӕмӕ адӕмтӕ иууылдӕр сты ӕнӕсунӕт ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн дӕр сӕ зӕрдӕ у ӕнӕсунӕт»+.

Фиппаинӕгтӕ