Йесо Навин 1:1—18

1  Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей куы амард, уӕд Йегъовӕ загъта Навины фырт Йесойӕн+, Моисейы лӕггадгӕнӕгӕн+:  «Мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей амард+. Уӕдӕ ныр сыст ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕмимӕ, Израилы фырттимӕ, ахиз Иорданыл, ӕз сын кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ+.  Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххытӕ ратдзынӕн сымахӕн, Моисейӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ+.  Ӕдзӕрӕг быдырӕй ӕмӕ Ливанӕй стыр цӕугӕдон Евфраты онг цы зӕххытӕ ис, уыдон, ома хетты+ зӕххытӕ иууылдӕр, суанг Стыр денджызы онг, ныгуылӕнырдыгӕй, уыдзысты сымах+.  Де ’ппӕт царды бонты дӕр дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ничи бафӕраздзӕн+. Моисеимӕ куыд уыдтӕн, афтӕ уыдзынӕн демӕ дӕр+. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн+.  У хъӕбатыр ӕмӕ фидар+, уымӕн ӕмӕ ацы адӕмы ды акӕндзынӕ+, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй тыххӕй расомы кодтон, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой+.  Ӕрмӕст хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу, цӕмӕй ӕппӕт дӕр аразай, мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей дын цы закъон бафӕдзӕхста ӕххӕст кӕнын, уымӕ гӕсгӕ+. Уыцы закъонӕй мадӕр рахизырдӕм аздӕх, мадӕр галиуырдӕм+, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр зондджынӕй архайай+.  Ацы закъоны чиныг алкӕддӕр уӕд де ’взагыл+. Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай+. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ+.  Ӕз дын загътон: „Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у“+. Уӕдӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс+, уымӕн ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ»+. 10  Уӕд Йесо адӕмы хицӕуттӕн загъта: 11  «Цатыртыл ӕрзилут ӕмӕ адӕмӕн зӕгъут: „Уӕхицӕн фӕндагмӕ хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ ахиздзыстут Иорданыл, цӕмӕй уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зӕхх бынӕн райсат“»+. 12  Рувимы мыггагӕн, Гады мыггагӕн ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн та Йесо загъта: 13  «Уӕ зӕрдыл дарут, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уын цы бафӕдзӕхста, уый+, зӕгъгӕ, „уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын дӕтты ӕнцойдзинад. Уый уын радта ацы зӕхх. 14  Уӕ устытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ фос баззайдзысты, Моисей уын Иорданы ацы фарс цы зӕхх радта, уым+. Сымах та, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын нӕлгоймӕгтӕ+ иууылдӕр, ахиздзыстут иннӕ фарсмӕ ӕмӕ гӕрзифтонгӕй ацӕудзыстут+ уе ’фсымӕрты разӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнат. 15  Ӕмӕ Йегъовӕ уе ’фсымӕртӕн дӕр сымахау ӕнцойдзинад куы ратта ӕмӕ сын уӕ Хуыцау Йегъовӕ цы зӕхх дӕтты, уый куы бацахсой+, уӕд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстут уӕ зӕхмӕ+, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уын Иорданы скӕсӕн фарс цы зӕхх радта, уымӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзыстут“»+. 16  Ӕмӕ уӕд уыдон Йесойӕн загътой: «Цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхстай, уый бакӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ кӕдӕмдӕриддӕр арвитай, уырдӕм ацӕудзыстӕм+. 17  Моисеймӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд хъуыстам, афтӕ хъусдзыстӕм дӕумӕ дӕр. Ӕрмӕст дӕ Хуыцау Йегъовӕ демӕ уӕд+, Моисеимӕ куыд уыди, афтӕ+. 18  Дӕ ныхасы ныхмӕ чи рацӕуа+ ӕмӕ йын цы бафӕдзӕхсай, уымӕ чи нӕ байхъуса, уый та удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн+. Ӕрмӕст хъӕбатыр ӕмӕ фидар у»+.

Фиппаинӕгтӕ