Йесо Навин 10:1—43

10  Иерусалимы паддзах Адониседек фехъуыста, Йесо Гай+ кӕй бацахста ӕмӕ йӕ сӕфты хай+ кӕй бакодта, Иерихонӕн+ ӕмӕ йын йӕ паддзахӕн+ куыд бакодта, афтӕ кӕй бакодта Гай ӕмӕ йӕ паддзахӕн+ дӕр. Стӕй ма фехъуыста, Гаваоны цӕрджытӕ Израилимӕ кӕй бафидыдтой+ ӕмӕ се ’хсӕн цӕргӕйӕ кӕй баззадысты.  Ӕмӕ тынг фӕтарст+, уымӕн ӕмӕ Гаваон стыр горӕт уыди, паддзӕхты горӕтты хуызӕн, ӕмӕ уыди Гайӕ+ стырдӕр, йӕ адӕм та иууылдӕр уыдысты тынг тыхджын.  Ӕмӕ Иерусалимы+ паддзах Адониседек Хевроны+ паддзах Гогаммӕ, Иармуфы+ паддзах Фираммӕ, Лахисы+ паддзах Иафимӕ ӕмӕ Еглоны+ паддзах Давирмӕ арвыста ахӕм ныхас:  «Ӕрцӕут ӕмӕ мын баххуыс кӕнут Гаваон басӕттынӕн, уымӕн ӕмӕ гаваойнӕгтӕ Йесоимӕ ӕмӕ Израилы фырттимӕ фидыды бадзырд скодтой»+.  Ӕмӕ уыцы фондз аморейаг+ паддзахы: Иерусалимы паддзах, Хевроны паддзах, Иармуфы паддзах, Лахисы паддзах ӕмӕ Еглоны паддзах,– ӕрӕмбырд сты ӕмӕ се ’фсӕдтимӕ ацыдысты ӕмӕ Гаваоны раз ӕрбынат кодтой, цӕмӕй йемӕ схӕцой.  Уӕд Гаваоны цӕрджытӕ арвыстой Йесомӕ Галгалмӕ+, израилӕгтӕ сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уырдӕм, ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъартыл дӕ къух ма сис+. Тагъддӕр нӕм ӕххуысмӕ фӕзын, фервӕзын нӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ, хӕхбӕсты цы аморейаг паддзӕхтӕ цӕры, уыдон иууылдӕр нӕ ныхмӕ рацыдысты».  Йесо дӕр Галгалӕй рацыд ӕмӕ йемӕ ракодта йе ’фсад иууылдӕр+, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстонты се ’ппӕты дӕр+.  Уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Ма сӕ тӕрс+, уымӕн ӕмӕ дын сӕ ӕз дӕ къухмӕ радтон+. Сӕ иу дӕр нӕ фӕлӕудзӕн дӕ ныхмӕ»+.  Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыди Галгалӕй, ӕмӕ сӕ разы ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбалӕууыд. 10  Уӕд сӕ Йегъовӕ кӕрӕдзи мидӕг скодта+, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ Гаваоны+ цӕгъдын райдыдтой, ӕмӕ сӕ бирӕты фӕцагътой. Беф-Оронмӕ хӕрдмӕ цы фӕндаг цӕуы, уыцы фӕндагыл сӕ фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ сӕ цӕгъдгӕ цыдысты суанг Азекӕ+ ӕмӕ Македы+ онг. 11  Ӕмӕ Беф-Оронӕй дӕлӕмӕ израилӕгтӕй куы лыгъдысты, уӕд сыл Йегъовӕ суанг Азекӕмӕ арвӕй калдта стыр дуртӕ+, ӕмӕ цагъды кодтой. Ӕмӕ уыцы ихӕй чи фӕцагъды, уыдон уыдысты, Израилы фырттӕ карды комӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй фылдӕр. 12  Йегъовӕ аморейты Израилы фыртты къухмӕ цы бон радта, уыцы бон Йесо Йегъовӕйӕн Израилы адӕмы раз загъта:«Хур+, ӕрлӕуу Гаваоны+ сӕрмӕ!Мӕй, ды та – Аиалоны+ дӕлвӕзы сӕрмӕ!» 13  Гъемӕ хур лӕууыд йӕ бынаты, ӕмӕ мӕй дӕр не змӕлыд, цалынмӕ адӕм се знӕгтӕй сӕ маст нӕ райстой, уӕдмӕ+. Исты уый тыххӕй Йашары* чиныджы фыст нӕй?+ Хур лӕууыд арвы астӕу ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон нӕ тагъд кодта аныгуылынмӕ+. 14  Уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр нӕ уыд ӕндӕр ахӕм бон, ӕмӕ Йегъовӕ адӕймаджы ныхасмӕ афтӕ байхъуыстаид+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг тохы бацыд Израилы сӕрыл+. 15  Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр фӕстӕмӕ Галгалмӕ+ ӕрыздӕхтысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. 16  Уыцы фондз паддзахы та алыгъдысты+ ӕмӕ Македы+ лӕгӕты бамбӕхстысты. 17  Уый фӕстӕ Йесойӕн фӕхабар кодтой: «Уыцы фондз паддзахы ссардтам. Македы+ лӕгӕты ӕмбӕхсынц». 18  Уӕд Йесо загъта: «Лӕгӕты бахизӕныл стыр дуртӕ бафӕлдахут ӕмӕ дзы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрут. 19  Сымах та ӕнцад ма лӕуут. Уе знӕгты фӕстейӕ сурут ӕмӕ сӕ цӕгъдут+. Ма сӕ бауадзут сӕ горӕттӕм бацӕуын, уымӕн ӕмӕ уын сӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ къухмӕ радта»+. 20  Йесо ӕмӕ сӕ Израилы фырттӕ цагътой+, цалынмӕ знаджы ӕфсад нӕ ныддӕрӕн кодтой, уӕдмӕ. Чи ма сӕ баззад, уыдон та алыгъдысты ӕмӕ фидаргонд горӕтты бамбӕхстысты+. 21  Ӕмӕ уӕд адӕм иууылдӕр фарнимӕ ӕрбаздӕхтысты Йесомӕ, Македмӕ, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Ӕмӕ Израилы фыртты ныхмӕ ныхас зӕгъын дӕр ничи бауӕндыд+. 22  Уӕд Йесо загъта: «Лӕгӕты бахизӕнӕй дуртӕ афӕлдахут ӕмӕ мӕм уыцы фондз паддзахы ракӕнут». 23  Уыдон дӕр афтӕ бакодтой ӕмӕ йӕм лӕгӕтӕй ракодтой уыцы фондз паддзахы: Иерусалимы+ паддзахы, Хевроны+ паддзахы, Иармуфы паддзахы, Лахисы+ паддзахы ӕмӕ Еглоны+ паддзахы. 24  Ӕмӕ йӕм сӕ куы ракодтой, уӕд Йесо фӕдзырдта Израилы лӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ, йемӕ чи хӕцыд, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕн загъта: «Рацӕут размӕ ӕмӕ ацы паддзӕхтӕн сӕ бӕрзӕйтыл къахӕй ныллӕуут»+. Уыдон дӕр размӕ рацыдысты ӕмӕ сын сӕ бӕрзӕйтыл ныллӕууыдысты+. 25  Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут+. Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут, уымӕн ӕмӕ афтӕ бакӕндзӕн Йегъовӕ уе знӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, кӕимӕ хӕцут, уыдонӕн»+. 26  Уый фӕстӕ сӕ Йесо амардта, фондз хъӕдыл сӕ ’рцауыгъта, ӕмӕ афтӕ ауыгъдӕй лӕууыдысты изӕрмӕ+. 27  Хур куы фӕцӕйныгуылд, уӕд Йесо бардзырд радта, ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ хъӕдтӕй ӕристой+ ӕмӕ, кӕм ӕмбӕхстысты, уыцы лӕгӕтмӕ сӕ баппӕрстой. Лӕгӕтмӕ бахизӕныл та стыр дуртӕ бафӕлдӕхтой, ӕмӕ афтӕ сты абоны онг дӕр. 28  Уыцы бон Йесо бацахста Макед+ ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты карды комӕй фӕцагъта. Македы паддзахы ӕмӕ, горӕты чидӕриддӕр уыди, уыдоны* сӕфты хай бакодта+. Удӕгасӕй дзы никӕй ныууагъта. Иерихоны паддзахӕн куыд бакодта, раст афтӕ бакодта Македы+ паддзахӕн дӕр. 29  Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр Македӕй ацыдысты Ливнӕмӕ+ ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 30  Ӕмӕ та Йегъовӕ уыцы горӕт ӕмӕ йӕ паддзахы дӕр Израилы къухмӕ радта, ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдоны карды комӕй фӕцагътой. Удӕгасӕй дзы никӕй ныууагътой. Иерихоны паддзахӕн куыд бакодтой, раст афтӕ бакодтой уыцы горӕты паддзахӕн дӕр+. 31  Ливнӕйӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр ацыдысты Лахисмӕ+, горӕты раз ӕрбынат кодтой ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 32  Ӕмӕ та Йегъовӕ Лахис дӕр Израилы къухмӕ радта, ӕмӕ йӕ дыккаг бон бацахстой. Ливнӕйӕн куыд бакодтой, раст афтӕ бакодтой уыцы горӕтӕн дӕр – чидӕриддӕр дзы уыди, уыдоны карды комӕй фӕцагътой+. 33  Уӕд Газеры+ паддзах Горам ӕрцыд Лахисӕн баххуыс кӕнынмӕ. Фӕлӕ йын Йесо йӕхи дӕр амардта ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр ныццагъта, иуы дӕр дзы удӕгасӕй нӕ ныууагъта+. 34  Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр Лахисӕй ацыдысты Еглонмӕ+, горӕты раз ӕрбынат кодтой ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 35  Ӕмӕ йӕ раст уыцы бон бацахстой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты карды комӕй фӕцагътой. Лахисӕн куыд бакодтой, афтӕ бакодтой уыцы горӕтӕн дӕр – чидӕриддӕр дзы уыди, уыдоны уыцы бон сӕфты хай бакодтой+. 36  Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр Еглонӕй ацыдысты Хевронмӕ+ ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 37  Бацахстой йӕ, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ иууылдӕр ныппырх кодтой, амардтой йын йӕ паддзахы ӕмӕ, горӕты чидӕриддӕр уыди, уыдоны карды комӕй фӕцагътой. Йесо Еглонӕн куыд бакодта, раст афтӕ бакодта Хевронӕн дӕр – удӕгасӕй дзы никӕй ныууагъта. Горӕт ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдоны сӕфты хай бакодта+. 38  Фӕстагмӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр раздӕхтысты, сӕ ных сарӕзтой Давирмӕ+ ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 39  Йесо басаста уыцы горӕт ӕмӕ йӕ паддзахы, стӕй йӕ дӕлбар горӕттӕ дӕр, ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдоны карды комӕй фӕцагътой ӕмӕ сӕ сӕфты хай бакодтой+. Иуы дӕр дзы Йесо удӕгасӕй нӕ ныууагъта+. Хевронӕн, стӕй Ливнӕ ӕмӕ йӕ паддзахӕн куыд бакодта, раст афтӕ бакодта Давир ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр+. 40  Йесо бацахста хӕхбӕстӕ+ иууылдӕр, Негев+, Шефелӕ+ ӕмӕ хӕхты фӕхстӕ+ дӕр ӕмӕ сын сӕ паддзӕхты се ’ппӕты дӕр фӕцагъта. Иу адӕймаджы дӕр дзы удӕгасӕй нӕ ныууагъта, царды улӕфт+ кӕй мидӕг уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр сӕфты хай бакодта+, Израилы Хуыцау Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 41  Фӕцагъта сӕ Кадес-Варнийӕ+ суанг Газӕйы+ онг, бацахста Гесемы+ бӕстӕ иууылдӕр, суанг Гаваоны+ онг. 42  Йесо ӕппӕт уыцы паддзӕхты ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ басаста иу балцӕн+, уымӕн ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы сӕрыл+. 43  Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрыздӕхтысты Галгалмӕ+, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Рӕстгӕнӕджы».
«Чидӕриддӕр уыди, уыдоны» – ам ӕмӕ ацы сӕры иннӕ стихты комк. у «алы уды дӕр»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.