Йесо Навин 11:1—23

11  Асоры паддзах Иавин уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыста, уӕд арвыста Мадоны+ паддзах Иовавмӕ, Шимроны паддзахмӕ, Ахсафы+ паддзахмӕ  ӕмӕ, цӕгатырдыгӕй хӕхбӕсты, стӕй Киннерефӕй+ хуссарырдӕм ӕдзӕрӕг быдырты, Шефелӕйы+ ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй Доры+ хӕхтыл чи цард, уыцы паддзӕхтӕм.  Фӕдзырдта ма скӕсӕнырдыгӕй ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй цӕрӕг ханаайнӕгтӕм+, хӕхбӕсты цӕрӕг аморейтӕм+, хеттӕм+, ферезейтӕм+ ӕмӕ йевусейтӕм+, стӕй Массифӕйы+ зӕххыл Ермоны+ хохрӕбын цӕрӕг евейтӕм+ дӕр.  Ӕмӕ уыцы паддзӕхтӕ иууылдӕр се ’фсӕдтимӕ рацыдысты. Денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ бирӕ уыдысты+. Уыди сӕм тынг бирӕ бӕхтӕ+ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ.  Уыцы паддзӕхтӕ сӕмбӕлдысты, куыд баныхас кодтой, афтӕ, ӕмӕ Меромы дӕттӕм ӕрцыдысты ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой, цӕмӕй Израилимӕ схӕцыдаиккой+.  Уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Ма сӕ тӕрс+. Райсом ацафон ӕз се ’ппӕты дӕр ратдзынӕн Израилы къухмӕ, ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзыстут. Сӕ бӕхты нуӕрттӕ сын ныллыг кӕндзынӕ+, сӕ бӕхуӕрдӕттӕ та сын арты басудздзынӕ»+.  Уӕд Йесо ӕмӕ йе ’фсад Меромы дӕтты цур ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ разы ӕрбалӕууыдысты ӕмӕ сӕм бабырстой.  Гъемӕ сӕ Йегъовӕ Израилы къухмӕ радта+, ӕмӕ сӕ цӕгъдын райдыдтой ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сырдтой суанг стыр горӕт Сидоны+ онг, Мисрефоф-Маимы+ онг ӕмӕ скӕсӕнырдӕм Массифӕйы+ дӕлвӕзы онг. Цӕгъдгӕ сӕ цыдысты, цалынмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ ныццагътой, уӕдмӕ+.  Уый фӕстӕ Йесо бакодта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ: сӕ бӕхты нуӕрттӕ сын ныллыг кодта+, сӕ бӕхуӕрдӕттӕ та сын арты басыгъта+. 10  Уыцы рӕстӕг Йесо аздӕхт+ ӕмӕ бацахста Асор+, йӕ паддзахы та йын амардта+, уымӕн ӕмӕ уӕды онг уыцы паддзахӕдты ’хсӕн Асор сӕйраг уыд. 11  Ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдоны* карды комӕй фӕцагътой, сӕфты хай сӕ бакодтой+. Иу цӕрӕг уд дӕр дзы нал баззад+. Ӕмӕ Йесо Асор арты хай бакодта. 12  Йесо басаста уыцы паддзӕхтӕн сӕ горӕттӕ дӕр ӕмӕ сӕхи дӕр, ӕмӕ сӕ карды комӕй фӕцагъта+. Сӕфты хай сӕ бакодта+, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ+. 13  Фӕлӕ, къуыппытыл цы горӕттӕ уыд, уыдонӕй израилӕгтӕ иу дӕр нӕ басыгътой, Йесо кӕй басыгъта, уыцы Асор йеддӕмӕ. 14  Уыцы горӕтты цы фос уыд, уый израилӕгтӕ сӕхицӕн ратардтой ӕмӕ дзы мулкӕй цы уыд, уый дӕр рахастой+. Адӕмы та се ’ппӕты дӕр карды комӕй фӕцагътой, бындзагъд сӕ фӕкодтой+. Иу цӕрӕг уд дӕр дзы нал ныууагътой+. 15  Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый Моисей дӕр бафӕдзӕхста Йесойӕн+, ӕмӕ Йесо дӕр раст афтӕ бакодта. Йегъовӕ Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдонӕй иу ныхас дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ ныууагъта+. 16  Йесо байста уыцы зӕхх ӕгасӕй дӕр: хӕхбӕстӕ ӕмӕ Негев+ ӕнӕхъӕнӕй, Гесемы+ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр, Шефелӕ+ ӕмӕ Аравӕ+, Израилы хӕхбӕстӕ ӕмӕ йӕ дӕлвӕз+ – 17  Сеиры+ ’рдӕм чи кӕсы, уыцы хох Халакӕй+ суанг, Ермоны+ хохрӕбын Ливаны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ваал-Гады+ онг. Уым чи цард, уыцы паддзӕхты се ’ппӕты дӕр басаста ӕмӕ сӕ амардта+. 18  Бирӕ фӕхӕцыд Йесо ӕппӕт уыцы паддзӕхтимӕ. 19  Гаваоны+ цӕрӕг евейты+ йеддӕмӕ иу горӕт дӕр нӕ бафидыдта Израилы фырттимӕ. Иннӕ горӕттӕ иууылдӕр тыхӕй байстой+. 20  Йегъовӕ сӕ сӕхи бар ауагъта, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой+ ӕмӕ Израилимӕ схӕцыдысты, цӕмӕй сӕ сӕфты хай бакодтаид, ма сын фӕтӕригъӕд кодтаид+, фӕлӕ сӕ ныццагътаид, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 21  Уыцы рӕстӕг Йесо ацыд ӕмӕ хӕхбӕсты, Хевроны, Давиры, Анавы+, Иудӕйы хӕхты ӕмӕ Израилы хӕхты чи цард+, уыцы енакимты+ се ’ппӕты дӕр ныццагъта. Сӕ горӕттӕ ӕмӕ сын сӕхи дӕр сӕфты хай бакодта+. 22  Израилы фыртты зӕххыл енакимтӕй иу дӕр нал баззад. Ӕрмӕстдӕр ма Газӕйы+, Гефы+ ӕмӕ Азоты+ баззадысты+. 23  Афтӕ Йесо байста уыцы зӕхх иууылдӕр, Йегъовӕ Моисейӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+, ӕмӕ йӕ Израилӕн бынӕн радта – хай дзы бакодта алы мыггагӕн дӕр+. Ӕмӕ зӕхх хӕстӕй сулӕфыд+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «алы уды дӕр»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.