Йесо Навин 15:1—63

15  Иудӕйы мыггаджы хӕдзарвӕндӕгтӕм хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ+ цы зӕхх ӕрхауд, уый уыд Едомы+ арӕны онг, Цины+ ӕдзӕрӕг быдыр Негевы+ хуссар кӕроны онг.  Хуссарырдыгӕй сӕ арӕн цӕуы Цӕхджын денджызы+ кӕронӕй, ома йын хуссарырдыгӕй цы донбакӕлӕн ис, уырдыгӕй.  Дарддӕр цӕуы хуссарырдӕм, Акравимы+ къуылдыммӕ, уырдыгӕй Цинмӕ+, стӕй хуссарӕй хӕрдмӕ Кадес-Варнимӕ+, дарддӕр Есроммӕ, стӕй хӕрдмӕ Аддармӕ ӕмӕ уырдыгӕй фӕзылд Каркӕмӕ.  Дарддӕр цӕуы Ацмонмӕ+ ӕмӕ рахызт Египеты+ дӕлвӕзмӕ. Арӕнӕн йӕ кӕрон та у денджыз. Уый у сӕ арӕн хуссарырдыгӕй.  Скӕсӕнырдыгӕй сӕ арӕн у Цӕхджын денджыз, Иордан денджызмӕ кӕм бакӕлы, уый онг. Цӕгатырдыгӕй та сӕ арӕн райдыдта денджызы донбакӕлӕнӕй, ома, Иордан денджызмӕ кӕм бакӕлы, уырдыгӕй+.  Дарддӕр арӕн цӕуы хӕрдмӕ Беф-Хоглӕмӕ+, уырдыгӕй Беф-Аравӕйы+ цӕгатвӕрсты ӕмӕ стӕй хӕрдмӕ Рувимы фырт Боганы+ дурмӕ.  Уырдыгӕй арӕн цӕуы хӕрдмӕ, Ахоры+ дӕлвӕзы чи ис, уыцы Давирмӕ, стӕй фӕзылд цӕгатырдӕм Галгалмӕ+ – Галгал ис, дӕлвӕзы хуссарырдыгӕй чи ис, уыцы Адуммимы къуылдымы раз. Уырдыгӕй цӕуы Ен-Шемешы+ дӕттӕм ӕмӕ фӕвӕййы Ен-Рогелы+.  Дарддӕр арӕн цӕуы хӕрдмӕ Енномы+ фырты дӕлвӕзмӕ, йевусейты+ къуылдымы хуссар фарсмӕ, ома Иерусалиммӕ+, уырдыгӕй та – рефаимты+ дӕлвӕзы цӕгат кӕрон чи ис ӕмӕ Енномы дӕлвӕзы ныгуылӕн фарсмӕ чи кӕсы, уыцы хохы цъупмӕ.  Хохӕй арӕн цӕуы Нефтоахы+ суадонмӕ ӕмӕ дарддӕр, Ефроны хохыл цы горӕттӕ ис, уыдонмӕ. Уырдыгӕй та цӕуы Ваалмӕ+, ома Кириаф-Иариммӕ+. 10  Ваалӕй арӕн фӕзылд ныгуылӕнырдӕм Сеиры хохмӕ ӕмӕ цӕуы Йеаримы, ома Кесалоны, хохы цӕгат фарсмӕ. Уырдыгӕй цӕуы дӕлӕмӕ Вефсамисмӕ+ ӕмӕ дарддӕр Фимнӕмӕ+. 11  Стӕй арӕн цӕуы Екроны+ цӕгат фарсмӕ, уырдыгӕй Шикаронмӕ, дарддӕр ахызт Ваалы хохыл ӕмӕ рахызт Иавнеилмӕ. Арӕнӕн йӕ кӕрон та у денджыз. 12  Ныгуылӕн фарс та сӕ арӕн у Стыр денджызы+ былгӕрон. Уый у Иудӕйы фыртты хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ зӕххы арӕн кӕрӕй-кӕронмӕ. 13  Йефоннийы фырт Халевӕн+ Йесо хай радта Иудӕйы фыртты ’хсӕн, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Радта йын Кириаф-Арбӕ, ома Хеврон+. Арбӕ та уыд Енакы фыд. 14  Халев уырдыгӕй фӕсырдта Енакы+ ӕртӕ фырты: Шешайы+, Ахиманы ӕмӕ Фалмайы+ – Енакӕн чи райгуырд, уыдоны+. 15  Уый фӕстӕ уырдыгӕй ацыд ӕмӕ схӕцыд Давиры+ цӕрджытимӕ – Давир раздӕр хуынди Кириаф-Сефер+. 16  Халев загъта: «Кириаф-Сефермӕ чи бабырса ӕмӕ йӕ чи бацахса, уымӕн мӕ чызг Ахсӕйы+ ратдзынӕн». 17  Ӕмӕ йӕ бацахста Гофониил+, Халевӕн йе ’фсымӕр Кеназы+ фырт. Ӕмӕ йын Халев йӕ чызг Ахсӕйы+ радта. 18  Ахсӕ йӕ лӕджы хӕдзармӕ куы цыд, уӕд Гофониилӕн дзурын райдыдта, цӕмӕй йын йӕ фыдӕй зӕхх ракура. Стӕй, хӕрӕгыл бадгӕйӕ, Ахсӕ йӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцавта, мӕ фыд мӕм ракӕса, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ уӕд Халев бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?»+ 19  Ахсӕ йын дзуапп радта: «Раарфӕ мын кӕн. Хуссары мын радтай зӕхх, фӕлӕ ма мын Гуллоф-Маим дӕр ратт». Ӕмӕ йын уый дӕр Уӕллаг Гуллоф ӕмӕ Дӕллаг Гуллоф радта+. 20  Адон сты Иудӕйы+ мыггаджы бынтӕ+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 21  Иудӕйы мыггаджы зӕххыл тӕккӕ хуссарырдыгӕй, Едомы+ арӕны ’рдыгӕй, уыди ахӕм горӕттӕ: Кавцеил+, Едер, Иагур, 22  Кинӕ, Димонӕ, Ададӕ, 23  Кедес, Асор, Ифнан, 24  Зиф, Телем+, Баалоф, 25  Гацор-Хадафӕ, Кириаф-Хецрон, ома Асор, 26  Амам, Шемӕ, Моладӕ+, 27  Хацар-Гаддӕ, Хешмон, Беф-Палет+, 28  Хацар-Шуал+, Вирсави+, Визиофей, 29  Ваал+, Иим, Ецем+, 30  Елтолад, Кесил, Хормӕ+, 31  Секелаг+, Мадманӕ, Сансанӕ, 32  Беф-Леваоф, Шелихим, Аин+ ӕмӕ Риммон+ – ӕдӕппӕтӕй дыууын фараст горӕты ӕд хъӕутӕ. 33  Шефелӕйы+: Естаол+, Цорӕ+, Ашнӕ, 34  Заноах+, Ен-Ганним, Таппуах, Гаенам, 35  Иармуф+, Одоллам+, Сохо+, Азекӕ+, 36  Шаарим+, Адифаим, Гедерӕ ӕмӕ Гедерофаим – цыппӕрдӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 37  Ценан, Хадашӕ, Мигдал-Гад, 38  Дилеан, Массифӕ, Иокфеил, 39  Лахис+, Воцкаф+, Еглон+, 40  Хаббон, Лахмас, Хифлис, 41  Гедероф, Беф-Дагон, Наамӕ ӕмӕ Макед+ – ӕхсӕрдӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 42  Ливнӕ+, Ефер+, Ашан, 43  Иффах, Ашнӕ, Нецив, 44  Кеил+, Ахзив+ ӕмӕ Марешӕ+ – фараст горӕты ӕд хъӕутӕ. 45  Екрон+ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ хъӕутимӕ. 46  Екронӕй ныгуылӕнырдӕм – Азотмӕ хӕстӕг цыдӕриддӕр горӕттӕ ис, уыдон ӕд хъӕутӕ. 47  Азот+ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ хъӕутимӕ, Газӕ+ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ хъӕутимӕ, суанг Египеты дӕлвӕзы онг ӕмӕ Стыр денджызы былгӕрӕтты онг+. 48  Хӕхбӕсты: Шамир, Иаттир+, Сохо, 49   Даннӕ, Кириаф-Саннӕ, ома Давир, 50  Анав, Ештемо+, Аним, 51  Гесем+, Холон ӕмӕ Гило+ – иуӕндӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 52  Арав, Думӕ, Ешан, 53  Ианум, Беф-Таппуах, Афек, 54  Хумтӕ, Кириаф-Арбӕ, ома Хеврон+, ӕмӕ Цигор – фараст горӕты ӕд хъӕутӕ. 55  Маон+, Кармил, Зиф+, Юттӕ, 56  Изреел, Иокдам, Заноах, 57  Каин, Гивӕ ӕмӕ Фимнӕ+ – дӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 58  Халхул, Беф-Цур, Гедор, 59  Маараф, Беф-Аноф ӕмӕ Елтекон – ӕхсӕз горӕты ӕд хъӕутӕ. 60  Кириаф-Ваал+, ома Кириаф-Иарим+, ӕмӕ Раввӕ – дыууӕ горӕты ӕд хъӕутӕ. 61  Ӕдзӕрӕг быдыры: Беф-Аравӕ+, Миддин, Секахӕ, 62  Нившан, Цӕххы горӕт ӕмӕ Ен-Геди+ – ӕхсӕз горӕты ӕд хъӕутӕ. 63  Фӕлӕ Иудӕйы фырттӕн сӕ бон нӕ баци, Иерусалимы+ чи цард, уыцы йевусейты+ фӕсурын+, ӕмӕ йевусейтӕ абоны онг дӕр цӕрынц Иерусалимы, Иудӕйы фыртты ’хсӕн.

Фиппаинӕгтӕ