Йесо Навин 16:1—10

16  Иосифы фырттӕм+ хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ+ ӕрхауд мӕнӕ ацы зӕхх: Иорданы+ цӕугӕдон Иерихоны рӕзты кӕм цӕуы, уырдыгӕй Иерихоны дӕтты скӕсӕн фарсы онг, Иерихонӕй Вефилы+ хӕхбӕстӕм чи хӕццӕ кӕны, уыцы ӕдзӕрӕг быдыр.  Сӕ зӕххы арӕн цӕуы, Лузмӕ+ чи хауы, уыцы Вефилӕй Атарофы онг, ома архитӕгты+ зӕххы арӕны онг,  уырдыгӕй цӕуы дӕлӕмӕ ныгуылӕнырдӕм, иафлетӕгты зӕххы арӕнмӕ, суанг Дӕллаг Беф-Ороны+ арӕнты онг ӕмӕ Газеры+ онг, ӕмӕ фӕвӕййы денджызы был+.  Ӕмӕ Иосифы фырттӕ+ – Манассийы мыггаг ӕмӕ Ефремы+ мыггаг – уыцы зӕхх сӕхи бакодтой+.  Ефремы мыггаджы хӕдзарвӕндӕгты зӕххы арӕн, бынӕн кӕй райстой, уыцы зӕххы арӕн скӕсӕнырдыгӕй у Атароф-Адар+ ӕмӕ уырдыгӕй цӕуы Уӕллаг Беф-Ороны+ онг.  Дарддӕр арӕн рахызти денджызмӕ. Цӕгатырдыгӕй сӕ арӕн у Михмефаф+, уырдыгӕй фӕзылд скӕсӕнырдӕм, Фаанаф-Силоммӕ ӕмӕ дарддӕр цӕуы Ианохмӕ, уый дӕр скӕсӕнырдӕм.  Ианохӕй цӕуы дӕлӕмӕ, Атарофмӕ ӕмӕ Наарӕмӕ, ӕрхӕццӕ Иерихонмӕ+ ӕмӕ рахызт Иорданы цӕугӕдонмӕ.  Таппуахӕй+ арӕн цӕуы ныгуылӕнырдӕм, Канӕйы+ дӕлвӕзмӕ, ӕмӕ фӕвӕййы денджызы был+. Уыцы зӕххытӕ сты Ефремы мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.  Ефремы фырттӕн ма, Манассийы фырттӕ кӕй райстой бынӕн, уыцы зӕххыл дӕр уыд горӕттӕ+ ӕмӕ хъӕутӕ. 10  Фӕлӕ Ефремы фырттӕ нӕ фӕсырдтой, Газеры+ чи цард, уыцы ханаайнӕгты+, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ абоны онг дӕр цӕрынц се ’хсӕн+ ӕмӕ сын ӕххуырстытӕ систы+.

Фиппаинӕгтӕ