Йесо Навин 17:1—18

17  Хал сӕппӕрстой+ Иосифы хистӕр фырт+ Манассийы+ мыггагӕн, Манассийы хистӕр фырт Махирӕн+, Галаады+ фыдӕн, уымӕн ӕмӕ уый уыди хъӕбатыр хӕстон+. Ӕмӕ йӕм Галаад+ ӕмӕ Васан ӕрхаудтой.  Хал сӕппӕрстой Манассийы иннӕ фырттӕн дӕр, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Авиезеры+ фырттӕн, Хелекы+ фырттӕн, Асриилы фырттӕн, Сихемы+ фырттӕн, Хеферы фырттӕн ӕмӕ Шемидӕйы+ фырттӕн. Уыдон сты Иосифы фырт Манассийы фырттӕ – нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.  Фӕлӕ Салпаадӕн+, Манассийы фырт Махирӕн йӕ фырт Галаады фырт Хеферы фыртӕн, лӕппутӕ нӕ уыд, уыди йын ӕрмӕстдӕр чызджытӕ. Йӕ чызджыты нӕмттӕ уыдысты Махлӕ, Ноа, Хоглӕ, Милкӕ ӕмӕ Фирцӕ+.  Гъемӕ уыдон сауджын Елеазармӕ+, Навины фырт Йесомӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ загътой: «Йегъовӕ Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй нӕ мыггаджы ’хсӕн махӕн дӕр бынтӕ раттой»+. Ӕмӕ сын сӕ фыды ӕфсымӕрты ’хсӕн бынтӕ лӕвӕрд ӕрцыд, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ+.  Иорданы фаллаг фарс чи уыд, уыцы Галаад ӕмӕ Васанӕй дарддӕр ма Манассийы мыггагмӕ ӕрхауд дӕс зӕххы хайы+,  уымӕн ӕмӕ Манассийы мыггаджы ’хсӕн бынтӕ райстой чызджытӕ дӕр. Галаады зӕхх та ӕрхауд Манассийы иннӕ фырттӕм.  Манассийы зӕххы арӕн цӕуы Асирӕй, Сихемы+ раз чи ис, уыцы Михмефафы+ онг, стӕй уырдыгӕй фӕзылд рахизырдӕм, Ен-Таппуахы адӕм кӕм цӕрынц, уырдӕм.  Таппуахы+ зӕхх ӕрхауд Манассийы мыггагмӕ, Таппуах йӕхӕдӕг та лӕууы Манассийы зӕххы арӕныл ӕмӕ у Ефремы фыртты.  Дарддӕр арӕн цӕуы дӕлӕмӕ хуссарырдӕм, Канӕйы дӕлвӕзмӕ. Дӕлвӕзы былыл лӕууынц Ефремы горӕттӕ+, сӕ алыварс та Манассийы горӕттӕ. Уырдыгӕй Манассийы зӕххы арӕн цӕуы дӕлвӕзы цӕгатвӕрсты, ӕмӕ фӕвӕййы денджызы был+. 10  Хуссарырдыгӕй сты Ефремы зӕххытӕ, цӕгатырдыгӕй та – Манассийы зӕххытӕ, ӕмӕ денджыз у йӕ зӕххы арӕн+. Манассийы зӕххытӕн цӕгатырдыгӕй сты Асиры зӕххытӕ, скӕсӕнырдыгӕй та – Иссахары зӕххытӕ. 11  Иссахар ӕмӕ Асиры зӕххыл Манассимӕ+ ӕрхауд цалдӕр горӕты сӕ цӕрджытимӕ ӕмӕ сӕ дӕлбар горӕттимӕ: Беф-Сан+, Ивлеам+, Дор+, Аендор+, Фаанах+ ӕмӕ Мегиддо+. Уӕлвӕзтӕй ӕртӕ сты Манассийы мыггаджы. 12  Манассийы фырттӕн сӕ бон нӕ баци уыцы горӕттӕ бацахсын+, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ уыцы зӕххыл цӕргӕйӕ баззадысты+. 13  Израилы фырттӕ куы стыхджын сты+, уӕд ханаайнӕгтӕй сӕхицӕн ӕххуырстытӕ скодтой+, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ иууылдӕр нӕ байстой+. 14  Иосифы фырттӕ Йесойӕн загътой: «Йегъовӕ нын абоны онг дӕр арфӕ кӕны, ӕмӕ тынг сбирӕ стӕм. Ӕмӕ нын уӕд иу хал йеддӕмӕ цӕуылнӕ сӕппӕрстай+ ӕмӕ нын бынӕн иу хай йеддӕмӕ цӕуылнӕ радтай?»+ 15  Уӕд сын Йесо загъта: «Кӕд бирӕ стут ӕмӕ уын Ефремы хӕхбӕстӕ+ къуындӕг у, уӕд ацӕут ӕмӕ, ферезейты+ ӕмӕ рефаимты+ зӕххыл цы хъӕдтӕ ис, уым уӕхицӕн бынат ссыгъдӕг кӕнут». 16  Иосифы фырттӕ та йын загътой: «Хӕхбӕстӕ нын фаг нӕу, фӕлӕ дӕлвӕзы цӕрӕг ханаайнӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, Беф-Саны+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты чи цӕры, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, Изреелы+ дӕлвӕзы чи цӕры, уыдонмӕ дӕр ис, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ кӕмӕн ис, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ»+. 17  Ӕмӕ уӕд Йесо Иосифы фырттӕн, Ефремы мыггагӕн ӕмӕ Манассийы мыггагӕн, загъта: «О, сымах бирӕ стут ӕмӕ уӕм стыр тых ис+. Иу хай уын фаг нӕу+. 18  Хӕхбӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сымах уыдзӕн+. Хъӕд у, фӕлӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзыстут, ӕмӕ уый уыдзӕн уӕ зӕххӕн йӕ кӕрон. Ӕмӕ кӕд ханаайнӕгтӕм, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ кӕмӕн ис, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ис ӕмӕ кӕд тыхджын сты, уӕддӕр сӕ фӕсурдзыстут»+.

Фиппаинӕгтӕ