Йесо Навин 18:1—28

18  Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Силомы+ ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ ӕмбырды цатыр уым сӕвӕрдтой+, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх сӕхи баци+.  Фӕлӕ ма Израилы фыртты ’хсӕн уыди, бынтӕ уӕрст кӕмӕн нӕма ’рцыд, ахӕм мыггӕгтӕ – авд мыггаджы.  Ӕмӕ Йесо Израилы фырттӕн загъта: «Цас ма ракӕ-бакӕ кӕндзыстут? Кӕд ацӕудзыстут ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ цы зӕхх радта+, уый кӕд бацахсдзыстут?+  Алы мыггагӕй дӕр фӕйнӕ ӕртӕ лӕджы равзарут, ӕмӕ сӕ ӕз арвитдзынӕн, цӕмӕй уыцы зӕххыл ӕрзилой ӕмӕ дзы кӕм цы ис, уый ныффыссой, ӕмӕ цӕмӕй бынтӕ уымӕ гӕсгӕ байуарӕм. Стӕй мӕнмӕ ӕрбацӕуӕнт+.  Зӕхх адих кӕндзысты авд хайыл+. Иудӕйы мыггаг баззайдзӕн хуссары – кӕм ис, уым+, ӕмӕ Иосифы фырттӕ дӕр баззайдзысты, кӕм сты, уым – цӕгаты+.  Сымах ацӕут, зӕххыл ӕрзилут, кӕм дзы цы ис, уый ныффыссут, стӕй йӕ авд хайыл адих кӕнут ӕмӕ йӕ мӕнмӕ ӕрбахӕссут, ӕмӕ уын ӕз ам нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз хӕлттӕ сӕппардзынӕн+.  Левиттӕн уе ’хсӕн хай нӕй+, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ хай у, Йегъовӕйӕн сауджынтӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый+. Гады мыггаг, Рувимы+ мыггаг ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбис та сӕ бынтӕ райстой Иорданы скӕсӕн фарс – Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей сын сӕ радта»+.  Уыцы лӕгтӕ дӕр сӕхи срӕвдз кодтой, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ, уыцы зӕххыл кӕм цы ис, уый ныффыссой, ӕмӕ сын Йесо бафӕдзӕхста+: «Ацӕут, уыцы зӕххыл ӕрзилут ӕмӕ дзы кӕм цы ис, уый ныффыссут, ӕмӕ мӕм стӕй ӕрбаздӕхут. Ӕмӕ уын ӕз ам, Силомы+, Йегъовӕйы раз хӕлттӕ сӕппардзынӕн»+.  Уыдон дӕр ацыдысты, зӕххыл ӕрзылдысты ӕмӕ йӕ авд хайыл адих кодтой. Стӕй чиныджы ныффыстой+, алы хайы дӕр дзы цы горӕттӕ уыд, уыдон. Уый фӕстӕ Йесомӕ Силоммӕ ӕрбаздӕхтысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. 10  Ӕмӕ сын Йесо Силомы Йегъовӕйы раз хӕлттӕ сӕппӕрста+. Афтӕмӕй Йесо Израилы фырттыл зӕхх байуӕрста, кӕмӕ дзы цы хай ӕрхауд, уымӕ гӕсгӕ+. 11  Фыццаг хал+ схауд Вениамины+ мыггагӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сӕм ӕрхауд, Иудӕйы+ ӕмӕ Иосифы+ фыртты ’хсӕн цы зӕхх уыди, уый. 12  Цӕгатырдыгӕй сӕ зӕххы арӕн райдыдта Иорданы цӕугӕдонӕй, дарддӕр цӕуы хӕрдмӕ, Иерихоны+ цӕгат фарсмӕ, уырдыгӕй ныгуылӕнырдӕм, хӕрдмӕ хохмӕ, ӕмӕ фӕвӕййы Беф-Авены+ ӕдзӕрӕг быдыры. 13  Уырдыгӕй арӕн цӕуы Лузы ’рдӕм, Лузы+ хуссар фарсмӕ, ома Вефилмӕ+, ӕмӕ дарддӕр дӕлӕмӕ, Атароф-Адармӕ+ – уый та лӕууы, Дӕллаг Беф-Оронӕй+ хуссарырдыгӕй чи ис, уыцы хохыл. 14  Уырдыгӕй арӕн фӕзылд хуссарырдӕм, сӕ зӕххы ныгуылӕн фӕрсты: цӕуы, Беф-Ороны хуссар фарсмӕ чи кӕсы, уыцы хохӕй ӕмӕ фӕвӕййы Кириаф-Ваалы, ома Кириаф-Иаримы+, Иудӕйы фыртты горӕты. Уый у сӕ арӕн ныгуылӕнырдыгӕй. 15  Хуссарырдыгӕй та сӕ арӕн райдыдта Кириаф-Иаримы кӕрон, дарддӕр цӕуы ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ рахызт Нефтоахы+ суадонмӕ. 16  Стӕй арӕн цӕуы дӕлӕмӕ, рефаимты+ дӕлвӕзы цӕгат кӕрон чи ис ӕмӕ Енномы+ фырты дӕлвӕзмӕ чи кӕсы, уыцы хохы рӕбынмӕ. Уырдыгӕй цӕуы Енномы дӕлвӕзмӕ, йевусейты+ горӕты хуссар фарсмӕ, ӕмӕ дарддӕр дӕлӕмӕ, Ен-Рогелмӕ+. 17  Дарддӕр цӕуы цӕгатырдӕм ӕмӕ рахызт Ен-Шемешмӕ, уырдыгӕй та, Адуммимы+ къуылдымы раз чи ис, уыцы Гелилофмӕ, ӕмӕ дарддӕр дӕлӕмӕ, Рувимы фырт Боганы+ дурмӕ+. 18  Уырдыгӕй цӕуы, Аравӕйы раз чи ис, уыцы хохы цӕгат фарсмӕ ӕмӕ стӕй дӕлӕмӕ, Аравӕмӕ. 19  Дарддӕр арӕн цӕуы Беф-Хоглӕйы+ цӕгат фарсмӕ ӕмӕ фӕвӕййы Цӕхджын денджызы+ цӕгат донбакӕлӕны, Иордан хуссарырдыгӕй денджызмӕ кӕм бакӕлы, уым. Уый у сӕ арӕн хуссарырдыгӕй. 20  Скӕсӕнырдыгӕй та сӕ арӕн у Иорданы цӕугӕдон. Адон сты, Вениамины фырттӕм сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ бынӕн цы зӕхх ӕрхауд, уый арӕнтӕ. 21  Вениамины мыггагмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕрхауд мӕнӕ ацы горӕттӕ: Иерихон+, Беф-Хоглӕ, Емек-Кециц, 22  Беф-Аравӕ+, Цемараим, Вефил+, 23  Аввим, Фарӕ, Офрӕ+, 24  Кефар-Аммонай, Афни ӕмӕ Гевӕ+ – дыууадӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 25  Гаваон+, Рамӕ, Беероф, 26  Массифӕ+, Кефирӕ+, Моцӕ, 27  Рекем, Ирфеил, Фаралӕ, 28  Целӕ+, йевусейты горӕт Елеф, ома Иерусалим+, Гивӕ+ ӕмӕ Кириаф – цыппӕрдӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. Адон сты Вениамины фыртты бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.

Фиппаинӕгтӕ