Йесо Навин 19:1—51

19  Дыккаг хал+ схауд Симеонӕн, Симеоны+ мыггагӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Сӕ бынтӕ уыдысты, Иудӕйы фырттӕ бынӕн кӕй райстой, уыцы зӕххыл+.  Бынӕн сӕм ӕрхауд Вирсави+ Савӕимӕ, Моладӕ+,  Хацар-Шуал+, Валӕ, Ецем+,  Елтолад+, Вефул, Хормӕ,  Секелаг+, Беф-Маркавоф, Хацар-Сусӕ+,  Беф-Леваоф+, Шарухен – ӕртындӕс горӕты ӕд хъӕутӕ.  Аин+, Риммон+, Ефер ӕмӕ Ашан+ – цыппар горӕты ӕд хъӕутӕ,  ӕмӕ ма уыцы горӕтты алыварс цыдӕриддӕр хъӕутӕ уыди, уыдон дӕр, суанг Ваалаф-Беермӕ+, хуссар Рамӕмӕ+. Адон сты Симеоны мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.  Симеоны фырттӕн зӕхх бынӕн рахицӕн кодтой, Иудӕйы фырттӕм цы зӕхх ӕрхауд, ууыл, уымӕн ӕмӕ Иудӕйы фырттӕн уыцы зӕхх ӕгӕр стыр уыди+. Гъемӕ Симеоны фырттӕ бынтӕ райстой уыдоны зӕххыл+. 10  Ӕртыккаг хал+ схауд Завулоны+ фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ зӕххы арӕн хӕццӕ кӕны Сариды онг. 11  Уырдыгӕй сӕ арӕн цӕуы хӕрдмӕ, ныгуылӕнырдӕм, Маралӕмӕ ӕмӕ хӕццӕ кӕны Дабешефы онг ӕмӕ, Иокнеамы+ раз чи ис, уыцы дӕлвӕзы онг. 12  Саридӕй цӕуы фӕстӕмӕ, скӕсӕнырдӕм, Кислоф-Фаворы арӕнмӕ, стӕй рахызт Даврафмӕ+ ӕмӕ цӕуы хӕрдмӕ, Иафимӕ. 13  Уырдыгӕй дарддӕр цӕуы скӕсӕнырдӕм, Гафхефермӕ+, Итта-Кацинмӕ, стӕй рахызт Риммонмӕ ӕмӕ цӕуы Нейӕмӕ. 14  Уыцы горӕтыл арӕн ӕрзылд цӕгатырдыгӕй, стӕй цӕуы Ханнафонмӕ ӕмӕ фӕвӕййы Ифтах-Елы дӕлвӕзы. 15  Завулоны фыртты ма сты Каттаф, Нагалал, Шимрон+, Идеалӕ ӕмӕ Вифлеем+ дӕр – ӕдӕппӕтӕй дыууадӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 16  Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Завулоны мыггаджы бынтӕ+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+. 17  Цыппӕрӕм хал схауд Иссахарӕн+, Иссахары фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 18  Сӕ зӕххы арӕн цӕуы Изреелыл+, стӕй Кесуллоф, Сунем+, 19  Хафараим, Шион, Анахараф, 20  Раввиф, Кишион, Авец, 21  Ремеф, Ен-Ганним+, Ен-Хаддӕ ӕмӕ Беф-Пацецыл. 22  Сӕ арӕн хӕццӕ кӕны Фавормӕ+, Шахациммӕ ӕмӕ Вефсамисмӕ ӕмӕ фӕвӕййы Иорданы цӕугӕдоны раз. Ӕдӕппӕтӕй ӕхсӕрдӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 23  Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Иссахары мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+. 24  Фӕндзӕм хал+ схауд Асиры+ мыггагӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 25  Сӕ зӕххы арӕн цӕуы Хелкафыл+, стӕй Хали, Ветен, Ахсаф+, 26  Аламелех, Амад ӕмӕ Мишалыл+. Хурныгуылӕнырдыгӕй хӕццӕ кӕны Кармил+ ӕмӕ Шихор-Ливнафы онг. 27  Дарддӕр цӕуы фӕстӕмӕ, скӕсӕнырдӕм, Беф-Дагонмӕ, ӕмӕ хӕццӕ кӕны Завулоны+ онг, Ифтах-Елы дӕлвӕзы цӕгат фарсы онг, Беф-Емек ӕмӕ Нейелы онг, дарддӕр цӕуы Кавулы галиувӕрсты, 28  ӕмӕ дарддӕр Евронмӕ, Реховмӕ, Хаммонмӕ ӕмӕ Канӕмӕ, суанг стыр горӕт Сидоны+ онг. 29  Уырдыгӕй арӕн цӕуы фӕстӕмӕ, Рамӕйы ’рдӕм ӕмӕ хӕццӕ кӕны фидаргонд горӕт Тиры+ онг. Дарддӕр арӕн цӕуы фӕстӕмӕ, Хосӕмӕ ӕмӕ фӕвӕййы денджызы былгӕрон, Ахзив+ кӕм ис, уым. 30  Асиры мыггаджы ма сты Уммӕ, Афек+ ӕмӕ Рехов+ дӕр – ӕдӕппӕтӕй дыууын дыууӕ горӕты ӕд хъӕутӕ. 31  Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Асиры мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+. 32  Ӕхсӕзӕм хал+ схауд Неффалимӕн+, Неффалимы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 33  Сӕ зӕххы арӕн цӕуы Хелефӕй, Цананнимы+ цы стыр бӕлас ис, уырдыгӕй. Стӕй цӕуы Адами-Некев ӕмӕ Иавнеилыл, хӕццӕ кӕны Лаккуммӕ ӕмӕ фӕвӕййы Иорданы цӕугӕдоны раз. 34  Уырдыгӕй арӕн цӕуы фӕстӕмӕ, ныгуылӕнырдӕм, Азноф-Фавормӕ, уырдыгӕй рахызт Хуккокмӕ ӕмӕ хуссарырдыгӕй хӕццӕ кӕны Завулоны+ арӕны онг, ныгуылӕнырдыгӕй – Асиры+ арӕны онг ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны цур, хур кӕм скӕсы, уым та – Иудӕйы*+ арӕны онг. 35  Сӕ фидаргонд горӕттӕ уыдысты Циддим, Цер, Хамаф+, Раккаф, Киннереф+, 36  Адамӕ, Рамӕ, Асор+, 37  Кедес+, Едрей, Ен-Гацор, 38  Иреон, Мигдал-Ел, Хорем, Беф-Анаф ӕмӕ Вефсамис+ – нудӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 39  Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Неффалимы мыггаджы+ бынтӕ+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 40  Ӕвдӕм хал+ та схауд Даны+ мыггагӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 41  Сӕ зӕххы арӕн цӕуы Цорӕйыл+, стӕй Естаол, Ир-Шемеш, 42  Шаалаввин+, Аиалон+, Ифлӕ, 43  Елон, Фимнӕ+, Екрон+, 44  Елтеке, Гавафон+, Ваалаф+, 45  Игуд, Бене-Верак, Гаф-Риммон+, 46  Ме-Иаркон ӕмӕ Раконыл, стӕй Иоппийы+ рӕзты. 47  Фӕлӕ Даны фырттӕн сӕ зӕххытӕ ӕгӕр къуындӕг+ уыдысты. Гъемӕ Даны фырттӕ ацыдысты ӕмӕ Ласемимӕ+ схӕцыдысты. Бацахстой уыцы горӕт ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты карды комӕй фӕцагътой. Ӕмӕ уыцы горӕт сӕхи баци, ӕмӕ дзы ӕрцардысты. Йӕ ном Ласем ын раивтой ӕмӕ йӕ схуыдтой Дан, сӕ фыдӕл Даны номӕй+. 48  Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Даны мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 49  Уыйадыл зӕхх хӕйттыл дихгонд фесты. Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ Навины фырт Йесойӕн дӕр се ’хсӕн бынтӕ радтой. 50  Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын радтой, цы горӕт куырдта, уый+ – Фамнаф-Сараи+, Ефремы хӕхбӕсты. Гъемӕ Йесо уыцы горӕт сарӕзта ӕмӕ дзы ӕрцард. 51  Адон сты, сауджын Елеазар, Навины фырт Йесо ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕ Силомы+ Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз+, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ кӕй байуӕрстой, уыцы бынтӕ+. Уыйадыл зӕхх уӕрст фӕци.

Фиппаинӕгтӕ

Ацы ран, ӕвӕц., Иудӕйы мыггаджы кой нӕ цӕуы, фӕлӕ, Иудӕйы мыггагӕй чи уыд, ахӕм лӕджы зӕххы кой.