Йесо Навин 20:1—9

20  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Йесойӕн загъта:  «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Уӕхицӕн рахицӕн кӕнут, Моисейы уылты уын кӕй тыххӕй дзырдтон, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕттӕ+,  цӕмӕй-иу уырдӕм алидза, адӕймаджы* барӕй чи нӕ амара+, уый. Уыцы горӕттӕ уын уыдзысты тугисджытӕй бамбӕхсынӕн+.  Адӕймаг кӕй къухӕй амӕла, уый хъуамӕ алидза+ уыцы горӕттӕй иумӕ, горӕты кулдуары+ раз слӕууа ӕмӕ, цы ’рцыди, уый горӕты хистӕр лӕгтӕн+ радзура. Уыдон ӕй горӕтмӕ мидӕмӕ бауадздзысты ӕмӕ йын цӕрӕнбынат ратдзысты, ӕмӕ уым цӕрдзӕн.  Тугисӕг йӕ фӕдыл куы ’рхӕццӕ уа ӕмӕ йӕ куы ’рцагура, уӕд ын ӕй хъуамӕ йӕ къухмӕ ма раттой+, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы барӕй нӕ амардта, йе сӕфт дзы нӕ уыдта+.  Ӕмӕ уыцы горӕты цӕрдзӕн, цалынмӕ адӕмы раз тӕрхоны+ не ’рлӕууа, уӕдмӕ. Аххосджын кӕй нӕу, уый куы сбӕлвырд кӕной, уӕд уыцы горӕты хъуамӕ цӕра, цалынмӕ, йӕ рӕстӕджы хистӕр сауджын+ чи уа, уый нӕ амӕла, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн, цы горӕтӕй алыгъд, уырдӕм, йӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхын“»+.  Ӕмӕ Израилы фырттӕ уыцы хъуыддагӕн Галилейӕйы, Неффалимы хӕхбӕсты рахицӕн кодтой* Кедес+, Ефремы хӕхбӕсты – Сихем+ ӕмӕ Иудӕйы хӕхбӕсты – Кириаф-Арбӕ+, ома Хеврон.  Иорданы скӕсӕнырдыгӕй, Иерихонмӕ хӕстӕг та Рувимы+ мыггаджы номӕй радтой, ӕдзӕрӕг быдыры, уӕлвӕзыл чи ис, уыцы Бецер+, Гады мыггаджы номӕй – Галаады чи ис, уыцы Рамоф+, Манассийы мыггаджы номӕй та – Васаны чи ис, уыцы Голан+.  Уыцы горӕттӕ рахицӕн кодтой ӕппӕт Израилы фырттӕн дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр, цӕмӕй-иу, адӕймаджы* барӕй чи нӕ амара, уый уырдӕм алидза+ ӕмӕ цалынмӕ адӕмы раз не ’рлӕууа, уӕдмӕ тугисӕджы къухӕй ма амӕла+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «ссыгъдӕг кодтой».
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.