Йесо Навин 21:1—45

21  Левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ ӕрбацыдысты сауджын Елеазармӕ+, Навины фырт Йесомӕ+ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм  ӕмӕ Силомы+, Ханааны зӕххыл, семӕ ныхас кодтой ӕмӕ сын загътой: «Йегъовӕ Моисейы уылты бафӕдзӕхста, цӕмӕй нын цӕрынӕн горӕттӕ раттой, стӕй нӕ фосӕн та – хизӕнтӕ»+.  Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Израилы фырттӕ сӕ бынтӕй левиттӕн+ радтой горӕттӕ ӕмӕ, уыцы горӕтты алыварс цы фосхизӕнтӕ уыди, уыдон+.  Фыццаг хал схауд, Каафӕй+ цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдонӕн. Ӕмӕ уыцы левиттӕм, сауджын Аароны фырттӕм, ӕрхауд ӕртындӕс горӕты Иудӕйы+ мыггагӕй, Симеоны+ мыггагӕй ӕмӕ Вениамины+ мыггагӕй.  Каафы+ иннӕ фырттӕм та ӕрхауд дӕс горӕты Ефремы+ мыггаджы хӕдзарвӕндӕгтӕй, Даны+ мыггагӕй ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбисӕй.  Гирсоны+ фырттӕм ӕрхауд ӕртындӕс горӕты Иссахары+ мыггаджы хӕдзарвӕндӕгтӕй, Асиры+ мыггагӕй, Неффалимы+ мыггагӕй ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕй, Васаны+ чи ис, уымӕй.  Мерарийы+ фырттӕм сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕрхауд дыууадӕс горӕты Рувимы+ мыггагӕй, Гады+ мыггагӕй ӕмӕ Завулоны+ мыггагӕй.  Ацы горӕттӕ ӕмӕ хизӕнтӕ+ Израилы фырттӕ, хӕлттӕ+ сӕппаргӕйӕ, радтой левиттӕн, Йегъовӕ Моисейы уылты куыд загъта, афтӕ+.  Иудӕйы мыггаг ӕмӕ сын Симеоны мыггаг цы горӕттӕ радтой, уыдон нымад сты номгай+, 10  ӕмӕ уыцы горӕттӕ баисты, Каафы хӕдзарвӕндагӕй чи рацыд, уыцы левитты, Аароны фыртты, уымӕн ӕмӕ фыццаг хал уыдонӕн схауд+. 11  Иудӕйы+ хӕхбӕсты сын радтой Кириаф-Арбӕ+, ома Хеврон+ (Арбӕ уыд Енакы фыд)+, ӕмӕ йӕ алыварс цы фосхизӕнтӕ уыд, уыдон. 12  Горӕты алыварс цы быдыртӕ ӕмӕ цы хъӕутӕ уыд, уыдон та радтой Йефоннийы фырт Халевӕн+. 13  Сауджын Аароны фырттӕн радтой, марджытӕн+ кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт+ Хеврон+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Ливнӕ+ ӕд хизӕнтӕ, 14  Иаттир+ ӕд хизӕнтӕ, Ештемоа+ ӕд хизӕнтӕ, 15  Холон*+ ӕд хизӕнтӕ, Давир+ ӕд хизӕнтӕ, 16  Аин*+ ӕд хизӕнтӕ, Юттӕ+ ӕд хизӕнтӕ, Вефсамис+ ӕд хизӕнтӕ – уыцы дыууӕ мыггаджы сын радтой фараст горӕты. 17  Вениамины мыггаг сын радта Гаваон+ ӕд хизӕнтӕ, Гевӕ+ ӕд хизӕнтӕ, 18  Анафоф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Алмон*+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты. 19  Аароны+ фырттӕн, сауджынтӕн, ӕдӕппӕтӕй радтой ӕртындӕс горӕты ӕд хизӕнтӕ+. 20  Каафӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдонмӕ, ома Каафы иннӕ фырттӕм, левиттӕм, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕрхауд горӕттӕ Ефремы мыггагӕй+. 21  Ефремы хӕхбӕсты сын радтой, марджытӕн+ кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт+ Сихем+ ӕд хизӕнтӕ+, стӕй Газер+ ӕд хизӕнтӕ, 22  Кивцаим*+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Беф-Орон+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты. 23  Даны мыггаг сын радта Елтеке ӕд хизӕнтӕ, Гавафон+ ӕд хизӕнтӕ, 24  Аиалон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Гаф-Риммон+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты. 25  Манассийы мыггаджы ӕмбис сын радта Фаанах+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Гаф-Риммон ӕд хизӕнтӕ – дыууӕ горӕты. 26  Каафӕй чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕй иннӕтӕн ӕдӕппӕтӕй радтой дӕс горӕты ӕд хизӕнтӕ. 27  Левитты хӕдзарвӕндӕгтӕй Гирсоны+ фырттӕн та Манассийы+ мыггаджы ӕмбис радта, марджытӕн кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт – Васаны чи ис, уыцы Голан+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Беештерӕ*+ ӕд хизӕнтӕ – дыууӕ горӕты. 28  Иссахары+ мыггаг сын радта Кишион+ ӕд хизӕнтӕ, Давраф+ ӕд хизӕнтӕ, 29  Иармуф*+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Ен-Ганним+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты. 30  Асиры+ мыггаг сын радта Мишал+ ӕд хизӕнтӕ, Авдон+ ӕд хизӕнтӕ, 31  Хелкаф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Рехов+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты. 32  Неффалимы+ мыггаг сын радта, марджытӕн+ кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт+ – Галилейӕйы чи ис, уыцы Кедес+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Хамоф-Дор+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Карфан* ӕд хизӕнтӕ – ӕртӕ горӕты. 33  Гирсоны фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй радтой ӕртындӕс горӕты ӕд хизӕнтӕ. 34  Иннӕ левиттӕн та, Мерарийӕ+ чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕн, Завулоны+ мыггаг радта Иокнеам+ ӕд хизӕнтӕ, Карфӕ ӕд хизӕнтӕ, 35  Димнӕ*+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Нагалал+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты. 36  Рувимы+ мыггаг сын радта Бецер+ ӕд хизӕнтӕ, Иаацӕ+ ӕд хизӕнтӕ, 37  Кедемоф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Мефааф+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты. 38  Гады+ мыггаг сын радта, марджытӕн кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт – Галаады+ чи ис, уыцы Рамоф ӕд хизӕнтӕ, стӕй Маханаим+ ӕд хизӕнтӕ, 39  Есевон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Иазер+ ӕд хизӕнтӕ – ӕдӕппӕтӕй цыппар горӕты. 40  Мерарийы+ фырттӕм, левитты иннӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй ӕрхауд дыууадӕс горӕты. 41  Израилы фыртты ’хсӕн левиттӕн цы горӕттӕ радтой, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор аст горӕты+ ӕд хизӕнтӕ+. 42  Уыцы горӕттӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕ алыварс уыди хизӕнтӕ+. 43  Афтӕ Йегъовӕ Израилӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, ратдзынӕн уын ӕй+, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх иууылдӕр, ӕмӕ йӕ бацахстой+ ӕмӕ йыл ӕрцардысты. 44  Уымӕй уӕлдай ма сын Йегъовӕ радта ӕнцойдзинад+ алырдыгӕй, куыддӕриддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн расомы кодта+, афтӕ, ӕмӕ се знӕгтӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд сӕ ныхмӕ фӕлӕууын+. Се знӕгты сын се ’ппӕты дӕр Йегъовӕ сӕ къухмӕ радта+. 45  Йегъовӕ Израилы адӕмӕн цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты!+

Фиппаинӕгтӕ

1Аз 6:58 у «Хилен».
1Аз 6:60 у «Алемеф».
1Аз 6:68 у «Иокмеам».
1Аз 6:71 у «Астароф».
ЙсН 19:21 у «Ремеф»; 1Аз 6:73 у «Рамоф».
1Аз 6:76 у «Кириафаим».
1Аз 6:77 у «Риммон».