Йесо Навин 22:1—34

22  Уыцы рӕстӕг Йесо фӕдзырдта Рувимы мыггагмӕ, Гады мыггагмӕ ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбисмӕ  ӕмӕ сын загъта: «Сымах сӕххӕст кодтат, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста+, уый, ӕмӕ мын мӕ ныхасмӕ хъуыстат – цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уый бакодтат+.  Уыйбӕрц рӕстӕг+, суанг абоны онг, уе ’фсымӕрты фарсмӕ уыдыстут, ӕмӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бафӕдзӕхста, уый сӕххӕст кодтат+.  Ӕмӕ ныр уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе ’фсымӕртӕн радта ӕнцойдзинад, зӕрдӕ сын куыд бавӕрдта, афтӕ+. Уӕдӕ аздӕхут фӕстӕмӕ уӕ цатыртӕм, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уын Иорданы фаллаг фарс бынӕн кӕй радта, уыцы зӕххытӕм+.  Ӕрмӕст уын Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей цы Закъон ӕмӕ цы фӕдзӕхстытӕ+ радта, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут: уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕут+, йӕ фӕдзӕхстытыл ын фидар хӕцут+, ӕнувыд ыл ут*+ ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+ лӕггад кӕнут»+.  Уыйадыл сын Йесо раарфӕ кодта+ ӕмӕ сӕ арвыста. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ цатыртӕм ацыдысты.  Манассийы мыггаджы иу ӕмбисӕн Моисей бынтӕ радта Васаны+, иннӕ ӕмбисӕн та Йесо бынтӕ радта се ’фсымӕрты ’хсӕн Иорданы ныгуылӕн фарс+. Гъемӕ Йесо уыдонӕн дӕр раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ сӕ цатыртӕм арвыста.  Загъта сын: «Уӕ цатыртӕм аздӕхут стыр мулк ӕмӕ бирӕ фосимӕ, ахӕссут ӕвзист, сызгъӕрин, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг, стӕй тынг бирӕ уӕлӕдарӕс+. Ахӕссут, уе знӕгтӕй цы байстат, уый+ ӕмӕ дзы уе ’фсымӕртӕн дӕр фӕхай кӕнут».  Уый фӕстӕ Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис иннӕ израилӕгты ныууагътой ӕмӕ Силомӕй, Ханааны зӕххӕй, фӕстӕмӕ аздӕхтысты Галаады зӕхмӕ+, Йегъовӕ сын Моисейы уылты бынӕн кӕй радта ӕмӕ кӕм ӕрцардысты, уыцы зӕхмӕ+. 10  Ӕмӕ Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис Ханааны зӕххыл Иорданы цурмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым Иорданы раз стыр нывондхӕссӕн сарӕзтой+. 11  Цасдӕры фӕстӕ иннӕ израилӕгтӕ фехъуыстой+, зӕгъгӕ, дам, Ханааны зӕххы арӕныл, Иорданмӕ хӕстӕг, Израилы фыртты чи у, уыцы фарсы ’рдыгӕй Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис нывондхӕссӕн сарӕзтой. 12  Израилы+ фырттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд иууылдӕр Силомы+ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ семӕ схӕцой+. 13  Ӕмӕ Израилы фырттӕ сауджын Елеазары фырт Финеесы+ арвыстой+ Рувимы фырттӕм, Гады фырттӕм ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисмӕ Галаады зӕхмӕ. 14  Йемӕ ма йын арвыстой дӕс хистӕры – Израилы алы мыггагӕй дӕр иу хистӕр. Израилы минты ’хсӕн сӕ алкӕцыдӕр уыди хӕдзарвӕндаджы хистӕр+. 15  Ӕмӕ Рувимы фырттӕм, Гады фырттӕм ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисмӕ Галаады зӕхмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ сын загътой+: 16  «Йегъовӕйы+ адӕм се ’ппӕт дӕр зӕгъынц: „Израилы Хуыцауыл уӕ зӕрдӕ цӕмӕн сивтат?+ Цӕуылнӕуал кӕсут Йегъовӕйы коммӕ?+ Уӕхицӕн нывондхӕссӕн+ цӕмӕн сарӕзтат ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ цӕмӕн рацыдыстут? 17  Фегоры+ раз цы тӕригъӕд ракодтам, уый нын фаг нӕ уыд? Абоны онг дӕр дзы куы нӕма ссыгъдӕг стӕм, кӕд Йегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд баййӕфтой, уӕддӕр?+ 18  Ныр та сымах нал фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын! Абон сымах Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацӕуат, уӕд райсом йӕ маст ссудздзӕн ӕппӕт Израилы адӕммӕ+. 19  Кӕд уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ бынӕн цы зӕхх райстат, уый сыгъдӕг нӕу+, уӕд ацӕут Йегъовӕйы зӕхмӕ+, Йегъовӕйы цатыр кӕм ис, уырдӕм+, ӕмӕ уым не ’хсӕн цӕрут. Ӕрмӕст, нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн цы нывондхӕссӕн ис, уымӕй уӕлдай уӕхицӕн ӕндӕр нывондхӕссӕн ма саразут, Йегъовӕйы ныхмӕ ма рацӕут ӕмӕ йӕ нӕ ныхмӕ дӕр ма скӕнут+. 20  Исты Зарайы фырт Ахан+ нӕ сарӕзта тӕригъӕд, сӕфты хай цы хъуыди бакӕнын, уый куы адавта, уӕд? Ӕмӕ Хуыцауы маст та ӕгас Израилы адӕммӕ дӕр не ссыгъд?+ Йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ бабын“»+. 21  Уӕд Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис Израилы минты хистӕртӕн+ загътой+: 22  «Хъомысджын+ Хуыцау+ Йегъовӕ, Хъомысджын Хуыцау Йегъовӕ+ йӕ зоны+, ӕмӕ йӕ Израил дӕр базондзӕн+. О Йегъовӕ, кӕд дӕ ныхмӕ рацыдыстӕм+, кӕд дыл нӕ зӕрдӕ сивтам+, уӕд нӕ абон ма фервӕзын кӕн. 23  Кӕд нывондхӕссӕн уый тыххӕй сарӕзтам, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нал фӕнды ӕмӕ йыл кӕд судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ хӕссинаг уыдыстӕм, уӕд нӕ Йегъовӕйы фыдӕх баййафӕд+. 24  Фӕлӕ йӕ уый тыххӕй нӕ сарӕзтам. Мах ууыл мӕт кодтам, ӕмӕ, мыййаг, фидӕны уӕ фырттӕ нӕ фырттӕн куы зӕгъой: „Сымахӕн та Израилы Хуыцау Йегъовӕимӕ иумӕйагӕй цы ис? 25  Рувимы ӕмӕ Гады фырттӕ! Йегъовӕ мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн скодта арӕн – Иордан. Сымахӕн Йегъовӕмӕ хай нӕй“+. Ӕмӕ уӕ фыртты тыххӕй нӕ фырттӕ Йегъовӕйӕ нал тӕрсдзысты+. 26  Гъемӕ загътам: „Цӕй ӕмӕ нӕхицӕн нывондхӕссӕн саразӕм, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ хӕссынӕн нӕ, фӕлӕ 27  цӕмӕй ӕвдисӕн уа мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн+ ӕмӕ нӕ байзӕддӕгты ’хсӕн, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ уымӕн кӕй хӕсдзыстӕм нӕ судзинаг нывӕндтӕ, фарны нывӕндтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ дӕр+, ӕмӕ цӕмӕй фидӕны уӕ фырттӕ нӕ фырттӕн ма зӕгъой: „Сымахӕн Йегъовӕмӕ хай нӕй“. 28  Ӕмӕ загътам: „Искуы нӕхицӕн кӕнӕ нӕ байзӕддӕгтӕн афтӕ куы зӕгъой, уӕд сын зӕгъдзыстӕм: „Мӕнӕ уынут, махӕн дӕр ис Йегъовӕйы нывондхӕссӕны хуызӕн нывондхӕссӕн, нӕ фыдӕлтӕ нын ӕй скодтой. Судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ йӕ ӕндӕр нывӕндтӕ хӕссынӕн не скодтой, фӕлӕ цӕмӕй ӕвдисӕн уа мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн“. 29  Махӕн уый нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никуы уыди, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуӕм ӕмӕ+, нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ цатыры раз чи ис, уыцы нывондхӕссӕнӕй уӕлдай ӕндӕр нывондхӕссӕн саразӕм судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ хӕссынӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ мауал кӕсӕм!»+ 30  Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы фырттӕ цы загътой, уый сауджын Финеес+ ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы хистӕртӕ+ ӕмӕ Израилы минты хистӕртӕ куы фехъуыстой, уӕд уыцы хабар сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди. 31  Ӕмӕ сауджын Елеазары фырт Финеес Рувимы фырттӕн, Гады фырттӕн ӕмӕ Манассийы фырттӕн загъта: «Ныр ӕй зонӕм, Йегъовӕ не ’хсӕн кӕй ис+, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйыл уӕ зӕрдӕ нӕ сивтат. Абон сымах Израилы фыртты Йегъовӕйы фыдӕхӕй бахызтат»+. 32  Уый фӕстӕ сауджын Елеазары фырт Финеес ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ныууагътой Рувимы фыртты ӕмӕ Гады фыртты, ӕмӕ Галаады зӕххӕй ӕрыздӕхтысты+ Ханааны зӕхмӕ, Израилы иннӕ фырттӕм, ӕмӕ сын алцыдӕр радзырдтой+. 33  Израилы фырттӕн уыцы хабар сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Ӕмӕ Хуыцауӕн раарфӕ кодтой+ ӕмӕ нал дзырдтой, зӕгъгӕ, ацӕуӕм, Рувимы ӕмӕ Гады фырттимӕ схӕцӕм ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнӕм. 34  Ӕмӕ Рувимы фырттӕ ӕмӕ Гады фырттӕ уыцы нывондхӕссӕнӕн радтой ном, уымӕн ӕмӕ «уый у ӕвдисӕн не ’ппӕтӕн дӕр, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «баныхӕсут ыл».