Йесо Навин 3:1—17

3  Уӕд Йесо ӕмӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр райсомӕй раджы сыстадысты, Ситтимӕй+ араст сты ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны цурмӕ ӕрцыдысты. Фӕлӕ доны иннӕ фарсмӕ ахизыны размӕ сфӕнд кодтой ӕхсӕв уым арвитын.  Ӕмӕ ӕртӕ боны куы рацыд+, уӕд адӕмы хицӕуттӕ+ цатыртыл азылдысты  ӕмӕ адӕмӕн загътой: «Куыддӕр фенат, ӕмӕ левит-сауджынтӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын фӕхӕссынц+, афтӕ сыстут ӕмӕ йӕ фӕдыл араст ут.  Ӕрмӕст уе ’хсӕн ӕмӕ бадзырды чырыны ’хсӕн хъуамӕ уа дыууӕ мин ӕлмӕрины*+, хӕстӕг ӕм ма бацӕут. Афтӕмӕй зондзыстут, кӕуылты уӕ цӕуын хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ уыцы фӕндагыл никуыма цыдыстут».  Уый фӕстӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+, уымӕн ӕмӕ райсом Йегъовӕ уе ’хсӕн сараздзӕн диссаджы хъуыддӕгтӕ»+.  Стӕй Йесо сауджынтӕн загъта: «Бадзырды чырын сисут+ ӕмӕ адӕмы разӕй ацӕут». Ӕмӕ уыдон дӕр систой бадзырды чырын ӕмӕ адӕмы разӕй араст сты.  Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Абонӕй фӕстӕмӕ дӕ ӕз Израилы фыртты цӕсты кадджын кӕндзынӕн+, цӕмӕй йӕ зоной, Моисеимӕ куыд уыдтӕн+, афтӕ кӕй уыдзынӕн демӕ дӕр+.  Бадзырды чырын чи хӕссы, уыцы сауджынтӕн бафӕдзӕхс+: „Куыддӕр Иорданы былмӕ бахӕццӕ уат, афтӕ-иу доны бахизут ӕмӕ-иу уым ӕрлӕуут“»+.  Стӕй Йесо фӕдзырдта Израилы фырттӕм: «Рацӕут ӕмӕ байхъусут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхасмӕ». 10  Уый фӕстӕ сын Йесо загъта: «Мӕнӕ куыд базондзыстут, уе ’хсӕн удӕгас Хуыцау кӕй ис+ ӕмӕ уын уый ханаайнӕгты, хетты, евейты, ферезейты, гергесейты, аморейты ӕмӕ йевусейты уӕ разӕй кӕй фӕтӕрдзӕн+. 11  Кӕсут, ӕгас зӕххы Бардарӕджы бадзырды чырын фӕцӕуы уӕ разӕй Иорданы цӕугӕдонмӕ. 12  Израилы мыггӕгтӕй уӕхицӕн равзарут дыууадӕс лӕджы, алы мыггагӕй дӕр иу лӕджы+. 13  Ӕгас зӕххы Бардарӕг Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хӕссы, уыцы сауджынтӕ куыддӕр сӕ къах Иорданы доны ӕрӕвӕрой, афтӕ, уӕлейӕ цы дӕттӕ цӕуы, уыдон ӕрлӕудзысты ӕмӕ донуромӕн къулау слӕудзысты»+. 14  Адӕм сӕ цатыртӕй куы рацыдысты, цӕмӕй Иорданыл ахызтаиккой, уӕд, бадзырды чырын+ чи хаста, уыцы сауджынтӕ ацыдысты адӕмы разӕй. 15  Ӕмӕ куыддӕр, чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ Иорданы былмӕ бахӕццӕ сты ӕмӕ сӕ къӕхтӕ доныл андзӕвыдысты,– Иордан та хуымгӕрдӕн афон ӕдзухдӕр йӕ былтӕй фӕкӕлы+,– 16  афтӕ, уӕлейӕ цы дӕттӕ цыди, уыдон сӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыдысты. Уырдыгӕй тынг дард, Цартаны+ фарсмӕ горӕт Адамы раз, донуромӕн къулау слӕууыдысты+. Аравӕйы денджызы ’рдӕм, ома Цӕхджын денджызы+ ’рдӕм, цы дӕттӕ цыди, уыдон та бахус сты. Уыцы дӕттӕ бахус сты, ӕмӕ адӕм Иерихоны акомкоммӕ цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызтысты. 17  Цалынмӕ Израилы адӕм сур зӕххыл+ иннӕ фарсмӕ хызтысты, уӕдмӕ, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ та Иорданы астӕу сур зӕххыл+ ӕнӕзмӕлгӕйӕ лӕууыдысты. Афтӕ лӕууыдысты, цалынмӕ адӕм иууылдӕр Иорданы иннӕ фарсмӕ нӕ ахызтысты, уӕдмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

890 м бӕрц. Абар Хъд 1:12, фип. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.