Йесо Навин 4:1—24

4  Адӕм иууылдӕр Иорданы иннӕ фарсмӕ куы ахызтысты+, уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта:  «Адӕмӕй равзар дыууадӕс лӕджы, алы мыггагӕй дӕр иу лӕг+,  ӕмӕ сын зӕгъ: „Иорданы тӕккӕ астӕуӕй, сауджынтӕ ӕнӕзмӕлгӕйӕ кӕм лӕууыдысты, уырдыгӕй+, сисут дыууадӕс дуры+ ӕмӕ сӕ ахӕссут, ахсӕв кӕм ӕрлӕудзыстут, уырдӕм“»+.  Йесо дӕр фӕдзырдта, Израилы фырттӕй цы дыууадӕс лӕджы+ равзӕрста, уыдонмӕ,– алы мыггагӕй дӕр иу адӕймаг,–  ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут размӕ, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырыны иувӕрсты, ӕмӕ уӕ алчидӕр Иорданы астӕуӕй йе уӕхскмӕ сисӕд фӕйнӕ дуры, Израилы фырттӕ цал мыггаджы сты, уал дуры.  Уыцы дуртӕ уын уыдзысты нысанӕн+. Фидӕны уӕ искуы уӕ фырттӕ куы бафӕрсой, ацы дуртӕ ам цӕмӕн сӕвӕрдтат, зӕгъгӕ+,  уӕд сын зӕгъдзыстут: „Иорданы дӕттӕ Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз сӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыдысты+. Иорданыл ӕй куы фӕцӕйхастой, уӕд Иорданы дӕттӕ сӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыдысты, ӕмӕ хъуамӕ ацы дуртӕ Израилы фырттӕн уый сӕ зӕрдыл лӕууын кӕной ӕнустӕм“»+.  Израилы фырттӕ бакодтой, Йесо сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Йегъовӕ Йесойӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Иорданы астӕуӕй систой дыууадӕс дуры, Израилы фырттӕ цал мыггаджы сты, уал дуры+, рахастой сӕ, ӕхсӕвы кӕм хъуамӕ ӕрлӕууыдаиккой, уырдӕм+ ӕмӕ сӕ уым ӕрӕвӕрдтой.  Ноджы ма дыууадӕс дуры та Йесо сӕвӕрдта Иорданы тӕккӕ астӕу, бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уым+. Уыцы дуртӕ уым сты абоны онг дӕр. 10  Бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ Иорданы астӕу лӕууыдысты+, цалынмӕ, Йегъовӕ Йесойы уылты адӕмӕн цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ иууылдӕр, ома Моисей Йесойӕн цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ, конд не ’рцыдысты, уӕдмӕ+. Адӕм та тагъд-тагъд+ хызтысты донӕн йӕ иннӕ фарсмӕ. 11  Ӕмӕ иууылдӕр куы ахызтысты, уӕд ахызтысты сауджынтӕ дӕр Йегъовӕйы бадзырды чырынимӕ+, ӕмӕ сӕм адӕм та кастысты. 12  Израилы фыртты раз цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ гӕрзифтонгӕй+ ахызтысты Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис дӕр+, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 13  Цыппор мины бӕрц гӕрзифтонг лӕджы ахызт Йегъовӕйы раз Иерихоны быдыртӕм. 14  Уыцы бон Йегъовӕ Йесойы ӕгас Израилы цӕсты скадджын кодта+, ӕмӕ дзы тӕрсын райдыдтой, йӕ рӕстӕджы Моисейӕ куыд тарстысты, афтӕ+. 15  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Йесойӕн загъта: 16  «Бадзырды* чырын+ чи хӕссы, уыцы сауджынтӕн зӕгъ, цӕмӕй Иорданы донӕй рахизой». 17  Йесо дӕр сауджынтӕн загъта: «Рахизут Иорданӕй». 18  Ӕмӕ куыддӕр, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста+, уыцы сауджынтӕ Иорданы астӕуӕй рацыдысты ӕмӕ сӕ къах+ сур зӕххыл ӕрӕвӕрдтой, афтӕ Иорданы дӕттӕ сӕ бынатмӕ раздӕхтысты ӕмӕ та раздӕрау йӕ былтӕй кӕлын райдыдтой+. 19  Адӕм Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызтысты фыццаг мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Галгалы+, Иерихонӕн скӕсӕнырдыгӕй цы арӕн ис, уым. 20  Иорданӕй цы дыууадӕс дуры рахастой, уыдон дӕр Йесо сӕвӕрдта Галгалы+. 21  Ӕмӕ Израилы фырттӕн загъта: «Фидӕны уӕ фырттӕ сӕ фыдӕлты куы фӕрсой, ацы дуртӕ цы нысан кӕнынц, зӕгъгӕ+, 22  уӕд-иу уӕ фырттӕн зӕгъут: „Мӕнӕ ацы цӕугӕдоныл, Иорданыл, Израил ахызт сур зӕххыл цӕуӕгау+. 23  Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын Иорданы дӕттӕ сӕ разы бахус кодта, ӕмӕ цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызтысты – уӕ Хуыцау Йегъовӕ нын нӕ разы Сырх денджызы дӕттӕ куыд бахус кодта ӕмӕ йыл куыд ахызтыстӕм, афтӕ+, 24  цӕмӕй зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр зоной, Йегъовӕйы цонг+ фидар+ кӕй у, ӕмӕ цӕмӕй сымах алкӕддӕр тӕрсат уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Ӕвдисӕнады».