Йесо Навин 5:1—15

5  Иорданы ныгуылӕн фарс уыдысты аморейты+ паддзӕхтӕ, денджызмӕ хӕстӕг та – ханаайнӕгты+ паддзӕхтӕ. Ӕмӕ уыцы паддзӕхтӕ се ’ппӕт дӕр уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Йегъовӕ Израилы фыртты раз Иорданы дӕттӕ бахус кодта ӕмӕ йыл ахызтысты, уӕд се уӕнгтӕ* бадон сты+ ӕмӕ Израилы фыртты тӕссӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфс* асаст+.  Раст уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Дӕхицӕн дурӕй* скӕн кӕрдтӕ ӕмӕ Израилы фырттӕн ногӕй, дыккаг хатт, сунӕт+ скӕн».  Йесо дӕр йӕхицӕн дурӕй кӕрдтӕ скодта ӕмӕ Израилы фырттӕн Гиваф-Гааралофы+ сунӕт скодта.  Сунӕт та сын уый тыххӕй скодта, ӕмӕ, Египетӕй чи рацыд, уыцы адӕм иууылдӕр, хӕцынхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, Египетӕй куы рацыдысты, уый фӕстӕ фӕндагыл ӕдзӕрӕг быдыры амардысты+.  Египетӕй чи рацыд, уыцы адӕм иууылдӕр сунӕтгонд уыдысты. Фӕлӕ, Египетӕй рацӕуыны фӕстӕ фӕндагыл ӕдзӕрӕг быдыры чи райгуырд, уыдон сунӕтгонд нӕ уыдысты.  Израилы фырттӕ цыппор азы+ дӕргъы рацу-бацу кодтой ӕдзӕрӕг быдыры, цалынмӕ, Египетӕй чи рацыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ чи нӕ хъуыста, уыцы адӕм, хӕцынхъом нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, нӕ амардысты, уӕдмӕ. Йегъовӕ сын расомы кодта, цӕстӕй дӕр кӕй нӕ фендзысты+, Йегъовӕ сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта+, мӕ адӕмӕн* ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх – ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+.  Сӕ бӕсты сын уыцы зӕхмӕ бакодта сӕ фыртты+. Ӕмӕ Йесо сунӕт дӕр уыдонӕн скодта, уымӕн ӕмӕ сунӕтгонд нӕ уыдысты – фӕндагыл сын сунӕт не скодтой.  Адӕм иууылдӕр сунӕтгонд куы ’рцыдысты, уӕд иуцасдӕр, цалынмӕ не сдзӕбӕх сты, уӕдмӕ+, баззадысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уым.  Уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Абон ӕз сымахӕй систон* Египеты фидис»+. Уыцы бынат Галгал*+ дӕр уый тыххӕй хуыйны абоны онг. 10  Израилы фырттӕ ма ноджыдӕр баззадысты Галгалы ӕмӕ мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон+, изӕрӕй, Иерихоны быдырты скодтой Куадзӕны бӕрӕгбон. 11  Куадзӕны фӕстӕ иннӕ бон та, растдӕр уыцы бон, райдыдтой хӕрын уыцы зӕххы тыллӕгӕй: донгонд дзултӕ+ ӕмӕ цӕкуытӕ. 12  Ӕмӕ уыцы зӕххы тыллӕгӕй цы бон райдыдтой хӕрын, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ маннӕ нал фӕзынд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилы фырттӕн маннӕ нал уыди+, ӕмӕ уыцы аз хӕрын райдыдтой Ханааны зӕххы тыллӕг+. 13  Йесо Иерихонмӕ хӕстӕг куы уыди, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ разы лӕууы иу лӕг+, йӕ хъама йӕ къухы+, афтӕмӕй. Йесо йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Мах фарс дӕ ӕви не знӕгты фарс?» 14  Уый йын дзуапп радта: «Нӕ, ӕз дӕн Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг, ӕмӕ ныр ам дӕн»+. Уӕд Йесо йӕ разы дӕлгоммӕ ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта+ ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъдзӕн мӕ буц хицау йӕ цагъарӕн?» 15  Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг Йесойӕн загъта: «Дӕ дзабыртӕ дӕ къӕхтӕй ралас, уымӕн ӕмӕ, кӕм лӕууыс, уыцы бынат у сыгъдӕг бынат». Ӕмӕ Йесо уайтагъд афтӕ бакодта+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «зӕрдӕтӕ».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «ӕхсондурӕй».
Комк. «махӕн».
Комк. «иуварс атылдтон».
Нысан кӕны «иуварс атулын».