Йесо Навин 7:1—26

7  Израилы фырттӕ тӕригъӕд сарӕзтой – нӕ байхъуыстой, сӕфты хай бакӕнын цы хъуыди, уый тыххӕй сын цы загъд уыд, уымӕ: Иудӕйы мыггагӕй Зарайы фырт Завдийӕн йӕ фырт Хармийы фырт Ахан*+ рахаста, сӕфты хай+ бакӕнын цы хъуыди, уыдонӕй цыдӕртӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй Израилы фырттӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд+.  Йесо та Иерихонӕй йӕ адӕмы арвыста Гаймӕ+,– Гай ис Беф-Авенмӕ+ хӕстӕг, Вефилӕй+ скӕсӕнырдӕм,– ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы зӕхх басгарут». Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ Гай басгӕрстой+.  Стӕй фӕстӕмӕ Йесомӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ йын загътой: «Адӕм се ’ппӕт ма ацӕуӕнт уырдӕм. Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ мин лӕджы ацӕуӕнт ӕмӕ Гай басӕттӕнт. Бирӕ не сты, ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты ма батыхсын кӕн».  Ӕмӕ ӕртӕ мин лӕджы бӕрц ацыдысты уырдӕм, фӕлӕ Гайы цӕрджытӕй лидзӕг фесты+.  Гайы цӕрджытӕ израилӕгтӕй амардтой ӕртын ӕхсӕз лӕджы. Горӕты кулдуарӕй сӕ суанг Севаримы онг фӕстейӕ сырдтой+, ӕмӕ сӕ къуыбырӕй дӕлӕмӕ куыд сырдтой, афтӕ сӕ цагътой. Уый тыххӕй адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыд ӕмӕ сӕ ныфс донау айсыст+.  Уӕд Йесо йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз зӕххыл ныддӕлгом+ ӕмӕ изӕрмӕ нӕ сыстад, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ сӕртыл рыг калдтой+.  Йесо загъта: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, цӕмӕн рахизын кодтай ацы адӕмы Иорданыл? Цӕмӕй нӕ аморейты къухмӕ раттай, ӕмӕ нӕ фӕцӕгъдой? Фӕлтау Иорданы фаллаг фарс куы баззадаиккам ӕмӕ уым куы цардаиккам!+  Ныххатыр мын кӕн, о Йегъовӕ, фӕлӕ ма цы зӕгъон, Израил йе знӕгтӕй лидзӕг куы фӕци, уӕд?  Ныр ханаайнӕгтӕ ӕмӕ ацы зӕххы цӕрджытӕ иууылдӕр уый тыххӕй фехъусдзысты, ӕмӕ нӕм алырдыгӕй ӕрбабырсдзысты ӕмӕ нын а зӕххӕй нӕ ном фесафдзысты+. Ӕмӕ уӕд де стыр номӕн цы кӕндзынӕ?»+ 10  Уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Сыст уӕлӕмӕ! Зӕххыл цӕмӕн ныддӕлгом дӕ? 11  Израил тӕригъӕд ракодта. Цы бадзырд+ сын радтон, цы сын бафӕдзӕхстон, уый сӕрты ахызтысты. Сӕфты хай+ бакӕнын цы хъуыд, уыдонӕй цыдӕртӕ райстой, адавтой+ сӕ ӕмӕ сӕ бамбӕхстой+, сӕ дзаумӕттимӕ сӕ сӕвӕрдтой+. 12  Израилы фырттӕн сӕ бон нӕ бауыдзӕн се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. Се знӕгтӕй лидзӕг фӕуыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕфты хай кӕнинаг фесты. Уӕдӕ сӕфты хай бакӕнын цы хъӕуы, уый уе ’хсӕнӕй куы нӕ фесафат, уӕд уӕ ӕз ныууадздзынӕн+. 13  Сыст! Адӕмы ссыгъдӕг кӕн+ ӕмӕ сын зӕгъ: „Райсом уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Израил! Де ’хсӕн ис, сӕфты хай бакӕнын цы хъӕуы, уый+. Ӕмӕ цалынмӕ, сӕфты хай цы хъӕуы бакӕнын, уый уе ’хсӕнӕй нӕ фесафат, уӕдмӕ уе знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын уӕ бон нӕ бауыдзӕн. 14  Райсом уе ’ппӕт дӕр ӕрбацӕут, иу мыггаг иннӕйы фӕдыл, ӕмӕ Йегъовӕ цы мыггагмӕ бацамона+, уыдон иу хӕдзарвӕндаг иннӕйы фӕдыл йӕ размӕ цӕудзысты. Йегъовӕ цы хӕдзарвӕндагмӕ бацамона, уыдон йӕ размӕ цӕудзысты иу хӕдзар иннӕйы фӕдыл. Йегъовӕ кӕмӕ бацамона, уыцы хӕдзар та йӕ размӕ цӕудзысты иу нӕлгоймаг иннӕйы фӕдыл. 15  Ӕмӕ кӕмӕ бацамона, сӕфты хай бакӕнын цы хъӕуы, уый амӕ ис, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаджы арты басудздзыстут+, йӕхи дӕр ӕмӕ йын цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕйы бадзырды сӕрты ахызти+ ӕмӕ Израилы ’хсӕн худинаджы ми бакодта“»+. 16  Йесо райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ Израилӕн загъта, цӕмӕй иу мыггаг иннӕйы фӕдыл Хуыцауы размӕ ӕрбацӕуой. Ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Иудӕйы мыггагмӕ. 17  Уӕд загъта Иудӕйы мыггагӕн, цӕмӕй иу хӕдзарвӕндаг иннӕйы фӕдыл ӕрбацӕуой, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Зарайы+ хӕдзарвӕндагмӕ. Уый фӕстӕ загъта Зарайы хӕдзарвӕндагӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕрбацӕуой иу хӕдзары хистӕр иннӕйы фӕдыл, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Завдимӕ. 18  Ӕппынфӕстаг загъта Завдийы хӕдзарӕн, цӕмӕй иу нӕлгоймаг иннӕйы фӕдыл ӕрбацӕуой, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта+ Аханмӕ, Иудӕйы мыггагӕй Зарайы фырт Завдийӕн йӕ фырт Хармийы фыртмӕ. 19  Ӕмӕ уӕд Йесо Аханӕн загъта: «Мӕ фырт, дӕ хорзӕхӕй, скад кӕн Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн+ ӕмӕ йын дӕ тӕригъӕд раргом кӕн+. Курын дӕ, зӕгъ мын+, цы сарӕзтай? Мацы мӕ басусӕг кӕн»+. 20  Уӕд Ахан Йесойӕн дзуапп радта: «Ӕцӕгдӕр Израилы Хуыцау Йегъовӕйы+ раз тӕригъӕд сарӕзтон. Ахӕм ми бакодтон: 21  знагӕй цы байстам, уыдоны ’хсӕн федтон+ Сеннаарӕй+ ласт зынаргъ, рӕсугъд уӕлӕдарӕс, дыууӕсӕдӕ сиклы* ӕвзист ӕмӕ, йӕ уӕз фӕндзай сиклы кӕмӕн у, ахӕм сызгъӕрины къӕртт, ӕмӕ сӕм мӕ зӕрдӕ нӕ фӕлӕууыд+ ӕмӕ сӕ рахастон+. Уӕртӕ сӕ мӕ цатыры зӕххы бын бамбӕхстон, ӕхца та ис уӕлӕдарӕсы бын»+. 22  Уӕд Йесо йӕ адӕмы арвыста, ӕмӕ уыдон дӕр Аханы цатырмӕ азгъордтой ӕмӕ дын кӕсынц, ӕмӕ мӕнӕ иууылдӕр сты йӕ цатыры ӕмбӕхст, ӕхца дӕр – уӕлӕдарӕсы бын. 23  Гъемӕ сӕ цатырӕй рахастой, Йесомӕ ӕмӕ сӕ Израилы фырттӕм ӕрбахастой ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз ӕркалдтой. 24  Ӕмӕ уӕд Йесо ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр Зарайы фырт Аханы+ акодтой Ахоры дӕлвӕзмӕ+. Уырдӕм ахастой уыцы ӕвзист, зынаргъ дарӕс ӕмӕ сызгъӕрины къӕртт дӕр+. Йемӕ йын акодтой йӕ фыртты, йӕ чызджыты, йӕ галты, йӕ хӕрджыты ӕмӕ йӕ фысты, ахастой йын йӕ цатыр дӕр ӕмӕ йын цыдӕриддӕр уыди, уыдон иууылдӕр. 25  Ӕмӕ Йесо загъта: «Фыдбылызы нӕ цӕмӕн баппӕрстай?+ Ныр дын Йегъовӕ дӕхи баппардзӕн фыдбылызы». Ӕмӕ сӕ уӕд израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр дуртӕй+ фӕхостой, уый фӕстӕ сӕ арты басыгътой+. Афтӕмӕй сӕ дуртӕй амардтой. 26  Уӕлейӕ та йыл* дуртӕ ныккалдтой. Уыцы дурты цӕнд абоны онг дӕр уым ис+. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы маст ссыд+. Уый тыххӕй уыцы бынат абоны онг дӕр хуыйны Ахоры* дӕлвӕз+.

Фиппаинӕгтӕ

1Аз 2:7 у «Ахар», нысан кӕны «Фыдбылызы ӕппарӕг».
Иу сикл у 11,4 г.
Ома Аханы мардыл.
Нысан кӕны «Фыдбылыз».