Йесо Навин 8:1—35

8  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс+. Демӕ акӕн хӕстонты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ ацу Гай басӕттынмӕ. Ӕз дын дӕ къухмӕ радтон Гайы паддзахы ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ горӕт ӕмӕ йӕ зӕхх+.  Иерихон ӕмӕ йӕ паддзахӕн куыд бакодтай, афтӕ бакӕн Гайӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр+. Ӕрмӕст сын сӕ мулк уӕ бон у рахӕссын ӕмӕ сын сӕ фос уӕхицӕн ратӕрын+. Горӕты чъылдыммӕ ӕрӕмбӕхсут»+.  Ӕмӕ уӕд Йесо ӕмӕ хӕстон адӕм+ иууылдӕр сыстадысты, цӕмӕй Гай басӕттынмӕ ацӕуой. Йесо равзӕрста ӕртын мин лӕджы, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстонты+, ӕмӕ сӕ ӕхсӕвы арвыста  ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Хъусут ардӕм. Горӕты чъылдыммӕ ӕрӕмбӕхсут+. Горӕтӕй тынг дард ма ацӕут ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр цӕттӕйӕ лӕуут.  Ӕз та, мемӕ цы адӕм ис, уыдонимӕ горӕтмӕ хӕстӕг бацӕудзынӕн ӕмӕ нӕм кӕд рацӕуой, фыццаг хатт куыд уыди+, афтӕ, уӕд сӕ лидзынмӕ фӕуыдзыстӕм.  Уыдон нӕ фӕстейӕ расурдзысты, нӕ разӕй та лидзӕг фесты+, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй горӕтӕй асайдзыстӕм. Иу ныхасӕй, лидзынмӕ сӕ фӕуыдзыстӕм.  Ӕмӕ уӕд сымах уе ’мбӕхсӕн бынатӕй рацӕудзыстут, ӕмӕ горӕт бацахсдзыстут. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын ӕй ӕнӕмӕнг ратдзӕн уӕ къухмӕ+.  Ӕмӕ куыддӕр горӕт бацахсат, афтӕ йыл арт бандзарут+. Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ бакӕнут. Уый уын мӕ фӕдзӕхст»+.  Уый фӕстӕ сӕ Йесо арвыста, ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты, кӕм хъуамӕ ӕрӕмбӕхстаиккой, уырдӕм. Ӕрбынат кодтой Вефил ӕмӕ Гайы ’хсӕн, Гайӕн ныгуылӕнырдыгӕй. Йесо та уыцы ӕхсӕв арвыста адӕмы ’хсӕн. 10  Райсомӕй раджы Йесо сыстад+, йӕ адӕмыл ӕрзылд, федта сӕ ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтимӕ адӕмы разӕй Гай басӕттынмӕ ацыд. 11  Ӕмӕ йемӕ цы хӕстонтӕ+ уыд, уыдон иууылдӕр ацыдысты, бацыдысты Гаймӕ хӕстӕг ӕмӕ горӕтӕн цӕгатырдыгӕй ӕрбынат кодтой. Ӕрмӕстдӕр дӕлвӕз уыди се ’хсӕн. 12  Уӕдмӕ Йесо Вефил+ ӕмӕ Гайы ’хсӕн, горӕтӕн ныгуылӕнырдыгӕй фондз мин лӕджы ӕрӕмбӕхсын кодта+. 13  Адӕмӕн сӕ фылдӕр хай ӕрбынат кодтой горӕтӕн цӕгатырдыгӕй+, иннӕ хай та – горӕтӕн ныгуылӕнырдыгӕй+. Уыцы ӕхсӕв Йесо ӕрцыд дӕлвӕзы астӕумӕ. 14  Гайы паддзах уый куы федта, уӕд горӕты адӕм фӕфӕдис сты ӕмӕ райсомӕй раджы паддзах ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр Израилы размӕ рацыдысты, цӕмӕй нысангонд рӕстӕг ӕдзӕрӕг быдыры ’рдыгӕй йемӕ схӕцыдаиккой. Горӕты чъылдыммӕ йӕ размӕ кӕй бабадтысты, уый та нӕ зыдта+. 15  Уӕд Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕхи афтӕ равдыстой, цыма сӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕу+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм лидзынмӕ фесты+. 16  Ӕмӕ уӕд, горӕты чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕдисы рацыдысты, зӕгъгӕ сӕ фӕстейӕ асурӕм. Гъемӕ Йесойы фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ горӕтӕй адард сты+. 17  Гай ӕмӕ Вефилы иу адӕймаг дӕр нал баззад, иууылдӕр израилӕгты сурынмӕ фесты, ӕмӕ горӕт бынтон дзӕгъӕлӕй ныууагътой. 18  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ къухы цы арц ис, уый Гайы ’рдӕм адар+, уымӕн ӕмӕ дын ӕз уыцы горӕт дӕ къухмӕ ратдзынӕн»+. Йесо дӕр, йӕ къухы цы арц уыд, уый горӕты ’рдӕм адардта. 19  Ӕмӕ куыддӕр йӕ къух адардта, афтӕ, ӕмбӕхсгӕ чи кодта, уыдон сӕ бынатӕй рагӕпп кодтой, горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой+. Ӕмӕ йыл уайтагъд арт бандзӕрстой+. 20  Гайы цӕрджытӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты, ӕмӕ уӕртӕ горӕтӕй хӕрдмӕ фӕздӕг цӕуы, гъемӕ сӕ бон нал дӕр иуырдӕм уыд алидзын, нал дӕр иннӕрдӕм. Ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм чи лыгъд, уыдон та фӕзылдысты ӕмӕ сӕ фӕстейӕ чи сырдта, уыдоныл ахӕцыдысты. 21  Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр федтой, ӕмбӕхсгӕ чи кодта+, уыдон горӕт кӕй бацахстой ӕмӕ горӕтӕн йӕ фӕздӕг кӕй цӕуы, уый. Ӕмӕ фӕзылдысты ӕмӕ Гайы адӕмы цӕгъдын райдыдтой. 22  Горӕт чи бацахста, уыдон та сӕ размӕ рацыдысты, ӕмӕ Гайы адӕм израилӕгты ’хсӕн фесты – сӕ иуырдыгӕй иутӕ уыдысты, сӕ иннӕрдыгӕй та иннӕтӕ. Ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ цӕгъдгӕ цыдысты, цалынмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ ныццагътой, уӕдмӕ – иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззад, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт+. 23  Гайы паддзахы+ та удӕгасӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодтой. 24  Израилӕгтӕ Гайы цӕрджыты цагътой быдыры, фӕстейӕ сӕ кӕм фӕцӕйсырдтой, уыцы ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр карды комӕй фӕцагътой, иу дӕр сӕ нал баззад. Уый фӕстӕ израилӕгтӕ иууылдӕр Гаймӕ раздӕхтысты ӕмӕ ма дзы чи уыд, уыдоны карды комӕй ныццагътой. 25  Уыцы бон фӕмард дыууадӕс мин нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы – Гайы цӕрджытӕ иууылдӕр. 26  Цалынмӕ Йесо Гайы цӕрджыты се ’ппӕты дӕр сӕфты хай+ нӕ бакодта, уӕдмӕ, йӕ къухы цы арц+ уыд, уый не ’руагъта. 27  Ӕрмӕст, уыцы горӕты цы фос уыд, уый израилӕгтӕ сӕхицӕн ратардтой ӕмӕ дзы мулкӕй цы уыд, уый дӕр рахастой, Йегъовӕ Йесойӕн куыд загъта, афтӕ+. 28  Уый фӕстӕ Йесо Гай басыгъта ӕмӕ йӕ ӕнустӕм хӕлддзӕгты обау фестын кодта+, ӕмӕ абоны онг дӕр афтӕ ӕдзӕрӕг у. 29  Гайӕн йӕ паддзахы та хъӕдыл ӕрцауыгъта+ ӕмӕ йӕ изӕрмӕ афтӕ ныууагъта+. Хур куы фӕцӕйныгуылд, уӕд Йесо бардзырд радта, ӕмӕ йын йӕ мард хъӕдӕй ӕристой+ ӕмӕ йӕ горӕты бахизӕны, кулдуары раз ӕрӕппӕрстой, стӕй йын йӕ уӕлӕ дуртӕ ныккалдтой. Уыцы дурты цӕнд афтӕ лӕууы абоны онг дӕр. 30  Уӕд Йесо Гевалы хохыл Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн+ скодта нывондхӕссӕн+, 31  Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей Израилы фырттӕн куыд бафӕдзӕхста, Моисейы закъоны чиныджы+ куыд фыст у, афтӕ: «Ӕнӕхъӕн дуртӕй, ӕфсӕйнаг мигӕнӕнӕй кӕмӕ нӕ бавнӕлдтой, ахӕм дуртӕй конд нывондхӕссӕн»+. Ӕмӕ йыл Йегъовӕйӕн ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+. 32  Уый фӕстӕ Йесо уым дуртӕм рафыста+, Моисей Израилы фыртты раз кӕй ныффыста, уыцы закъон+. 33  Израилы адӕм иууылдӕр – израилӕгтӕ сӕхӕдӕг дӕр+ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ дӕр,– стӕй сӕ хистӕр лӕгтӕ+, хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ лӕууыдысты бадзырды чырыны фӕйнӕ фарс, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста+, уыцы левит-сауджынты+ раз. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста+, афтӕ сӕ иу ӕмбис слӕууыд Гаризимы+ хохрӕбын, сӕ иннӕ ’мбис та – Гевалы+ хохрӕбын, цӕмӕй уал фыццаг Израилы адӕмӕн раарфӕ+ кодтаиккой. 34  Уый фӕстӕ сын Йесо хъӕрӕй бакаст закъоны+ ныхӕстӕ иууылдӕр, арфӕйы+ ныхӕстӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ+,– закъоны чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыд, уый. 35  Моисей цы ныхӕстӕ бафӕдзӕхста, уыдонӕй Йесо иу дӕр нӕ ауагъта, иууылдӕр сӕ Израилы адӕмы раз хъӕрӕй бакаст+. Уым уыдысты сылгоймӕгтӕ+ дӕр, гыццыл сывӕллӕттӕ+ дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ дӕр.

Фиппаинӕгтӕ