Йесо Навин 9:1—27

9  Уыцы хабӕрттӕ фехъуыстой Иорданы ацы фарс цӕрӕг паддзӕхтӕ+ иууылдӕр: хӕхбӕсты, стӕй Шефелӕйы, Стыр денджызы+ былгӕрӕтты ӕмӕ Ливаны+ раз чи цард, уыдон – хеттӕ+, аморейтӕ, ханаайнӕгтӕ+, ферезейтӕ+, евейтӕ ӕмӕ йевусейтӕ+,  ӕмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй иумӕ схӕцой Йесо ӕмӕ Израилы ныхмӕ+.  Йесо Иерихонӕн+ ӕмӕ Гайӕн+ цы бакодта, уый тыххӕй фехъуыстой Гаваоны+ цӕрджытӕ дӕр.  Уыдон зондджын разындысты+, ӕмӕ мӕнӕ цы сарӕзтой: сӕхицӕн фӕндагмӕ хӕринаг райстой, сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой ихсыд голджытӕ ӕмӕ ихсыд, скъуыдтӕ ӕмӕ ӕмпъызтытӕ сӕны лалымтӕ+.  Сӕ уӕлӕ дӕр скодтой ихсыд, ӕмпъызтытӕ дзабыртӕ ӕмӕ бызгъуыртӕ дарӕс. Семӕ цы дзул рахастой, уый та уыди хус ӕмӕ згъӕлди.  Ӕмӕ ӕрбацыдысты Галгалмӕ+, израилӕгтӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм, ӕмӕ Йесойӕн ӕмӕ Израилы лӕгтӕн загътой: «Мах дард бӕстӕйӕ ӕрцыдыстӕм. Гъемӕ уӕ курӕг стӕм, немӕ бадзырд скӕнут»+.  Фӕлӕ Израилы лӕгтӕ евейтӕн+ загътой: «Уӕд та ма хӕстӕг искуы цӕрут. Уемӕ бадзырд куыд хъуамӕ скӕнӕм?»+  Уӕд уыдон Йесойӕн загътой: «Мах стӕм дӕ цагъартӕ»+. Йесо сӕ бафарста: «Чи стут ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдыстут?»  Уыдон ын дзуапп радтой: «Дӕ цагъартӕ тынг дард бӕстӕйӕ ӕрцыдысты+. Мах фехъуыстам дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кадджын номы+ тыххӕй. Фехъуыстам, Египеты цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй+, 10  стӕй, Иорданы фаллаг фарс дыууӕ аморейаг паддзахӕн цытӕ бакодта, уый тыххӕй дӕр, ома Есевоны паддзах Сигонӕн+ ӕмӕ Васаны паддзах Огӕн+, Астарофы+ чи цард, уымӕн. 11  Ӕмӕ нын нӕ хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр загътой+: „Уӕхицӕн фӕндагмӕ хӕринаг айсут, ацӕут сӕм ӕмӕ сын зӕгъут: „Мах стӕм уӕ цагъартӕ+. Ӕмӕ уӕ курӕг стӕм, немӕ бадзырд скӕнут“+. 12  Нӕ хӕдзӕрттӕй куы рацыдыстӕм, уӕд нӕ дзултӕ немӕ тӕвдӕй рахастам, ӕмӕ ныр та мӕнӕ ныххус сты ӕмӕ згъӕлынц+. 13  Ацы сӕны лалымтӕ дӕр куы дзаг кодтам, уӕд ног уыдысты, ныр та мӕнӕ ныскъуыдтӕ сты+. Афтӕ бирӕ фӕцыдыстӕм, ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ нӕ дзабыртӕ баихсыдысты». 14  Уӕд сын израилӕгтӕ сӕ хӕринӕгтӕй райстой, фенӕм сӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы та нӕ бафарстой+. 15  Ӕмӕ Йесо семӕ бафидыдта+ ӕмӕ бадзырд скодта семӕ, удӕгасӕй сӕ кӕй ныууадздзӕн, ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ+ расомы кодтой+, сӕ дзырд кӕй нӕ фӕсайдзысты. 16  Фӕлӕ, семӕ бадзырд куы скодтой, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ фехъуыстой, хӕстӕг сӕм кӕй цӕрынц, сыхаг адӕм кӕй сты. 17  Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ араст сты ӕмӕ ӕртыккаг бон сӕ горӕттӕм бахӕццӕ сты. Сӕ горӕттӕ та уыдысты Гаваон+, Кефирӕ+, Беероф+ ӕмӕ Кириаф-Иарим+. 18  Фӕлӕ сӕм Израилы фырттӕ нӕ бавнӕлдтой, уымӕн ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕ+ расомы кодтой+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ хистӕртыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой+. 19  Уӕд хистӕртӕ адӕмӕн загътой: «Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕ сын расомы кодтам, ӕмӕ сӕм нӕ къух куыд хъуамӕ сисӕм?+ 20  Уӕдӕ сын кӕй расомы кодтам, уый тыххӕй сӕ удӕгасӕй ныууадздзыстӕм, цӕмӕй, нӕ сомы кӕй нӕ сӕххӕст кодтам, уый тыххӕй нӕм Хуыцауы маст ма ссудза»+. 21  Ӕмӕ хистӕртӕ адӕмӕн загътой: «Уадз ӕмӕ цӕрой, адӕмы хистӕртӕ сын зӕрдӕ куыд бавӕрдтой+, афтӕ. Ӕппӕт Израилы адӕмӕн суг сӕттӕнт ӕмӕ сын дон хӕссӕнт»+. 22  Уӕд сӕм Йесо фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Хинӕй ныл цӕмӕн рацыдыстут? Нӕ тӕккӕ фарсмӕ куы цӕрут+, уӕд нын афтӕ цӕмӕн загътат, сымахӕй тынг дард цӕрӕм, зӕгъгӕ?+ 23  Нырӕй фӕстӕмӕ сымах стут ӕлгъыст+ адӕм. Ӕнустӕм уыдзыстут цагъартӕ+, цӕрӕнбонты суг сӕтдзыстут ӕмӕ дон хӕсдзыстут мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн»+. 24  Уыдон Йесойӕн дзуапп радтой: «Дӕ цагъартӕн радзырдтой, дӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн ратта, ацы зӕххыл чи цӕры, уыдоны та бындзагъд фӕкӕна+. Уыдӕттӕ куы фехъуыстам, уӕд нӕ удтӕн фӕтарстыстӕм+, ӕмӕ афтӕ дӕр уый тыххӕй бакодтам+. 25  Ӕмӕ ныр дӕ къухы стӕм. Хуыздӕр ӕмӕ дӕм растдӕр куыд кӕсы, афтӕ нын бакӕн»+. 26  Ӕмӕ сын уый дӕр сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ бакодта: Израилы фыртты къухӕй сӕ фервӕзын кодта, ӕмӕ сӕ нӕ амардтой+. 27  Уыцы бон сын Йесо бахӕс кодта+, цӕмӕй сугтӕ ӕмӕ дон хӕссой Израилы адӕмӕн+ ӕмӕ Йегъовӕйы нывондхӕссӕнӕн, цы бынат ын равзара, уырдӕм+. Ӕмӕ уыцы куыст кӕнынц абоны онг дӕр.

Фиппаинӕгтӕ