Колоссӕгтӕм 3:1—25
3 Фӕлӕ кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут+, уӕд дарддӕр дӕр тырнут, уӕлӕрвты цы ис, уымӕ+ – Чырысти уым бады Хуыцауы рахиз фарс+.
2 Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл+, зӕххон хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ+.
3 Сымах амардыстут+, ӕмӕ уӕ цард+ ис Чырыстийы къухы, Чырысти та ис Хуыцауимӕ иудзинады+.
4 Ӕмӕ Чырысти – нӕ цард+ – куы фӕзына, уӕд йемӕ иумӕ кады+ мидӕг фӕзындзыстут+ сымах дӕр.
5 Уӕдӕ амарут+ уӕ зӕххон буары фӕндтӕ+: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын+, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕнын*+, уымӕн ӕмӕ зыд кӕнын у мӕнгхуыцӕуттӕн кувын.
6 Уыдӕтты тыххӕй Хуыцау адӕмыл йӕ маст ныккалдзӕн+.
7 Ахӕм хъуыддӕгтӕ раздӕр сымах дӕр кодтат+.
8 Фӕлӕ ныр ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ+: фыдӕх, маст, ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас+ ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ӕнӕфсарм ныхас+ дӕр макуы схауӕд.
9 Кӕрӕдзийы ма сайут+. Зӕронд удыхъӕд*+ йӕ митимӕ ныууадзут*
10 ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ+ раивут* – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы, чи йӕ сфӕлдыста, уый удыхъӕдмӕ гӕсгӕ+.
11 Ӕмӕ йӕ удыхъӕд кӕмӕн сног, уымӕн та уӕлдай нӕу, адӕймаг грекъаг у ӕви дзуттаг, сунӕтгонд ӕви ӕнӕсунӕт, ӕцӕгӕлон, скиф, цагъар ӕви сӕрибар+, фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Чырысти ӕмӕ уый ис ӕппӕты мидӕг дӕр+.
12 Уӕдӕ Хуыцауы ӕвзӕрстытӕн+, йӕ сыгъдӕг ӕмӕ йӕ уарзон адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын+, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг+, фӕлмӕн+ ӕмӕ бирӕфӕразон*+.
13 Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут*+ ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут+. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта+, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат.
14 Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд* уарзондзинад+, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл+.
15 Ӕмӕ уадз уӕ зӕрдӕты+ мидӕг хицау уӕд Чырыстийы фарн+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау уымӕ ӕрхуыдта, цӕмӕй суат иу буар+ ӕмӕ уӕм уа фарн. Ӕмӕ бузныг ут.
16 Чырыстийы ныхас уӕ зӕрдӕты уӕд парахатӕй ӕппӕт зондимӕ+. Кӕрӕдзийы ахуыр кӕнут+ ӕмӕ фидар кӕнут* псаломтӕй+, кады зарджытӕй ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ дины зарджытӕй+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй зарут+.
17 Ӕмӕ цыфӕнды ма дзурат ӕмӕ цыфӕнды ма аразат+,– ӕппӕт дӕр аразут нӕ Хицау Йесойы номыл+, ӕмӕ уый номӕй алцӕй тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут+ Хуыцауӕн, нӕ Фыдӕн.
18 Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут+, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ ӕмбӕлы.
19 Сымах та, лӕгтӕ, алкӕддӕр уарзут уӕ устыты+ ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут+.
20 Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут+, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ.
21 Фыдӕлтӕ, уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут+, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой.
22 Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ зӕххон хицӕутты+ коммӕ кӕсут. Ӕмӕ афтӕ кӕнут, куы уӕ фӕуынынц, ӕрмӕст уӕд нӕ, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕ балхӕнат+, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Йегъовӕйӕ тӕрсут, афтӕмӕй+.
23 Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй*+, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут+, афтӕ,
24 уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, уый тыххӕй уын Йегъовӕ кӕй ратдзӕн хӕрзиуӕг+ – бынтӕ+. Уӕ Хицау Чырыстийӕн цагъартау+ лӕггад кӕнут.
25 Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уымӕн та фыст ӕрцӕудзӕн+, ӕвзӕрӕй цы сарӕзта, уый, уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «хӕлӕг кӕнын; ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ бӕллын».
^ Комк. «адӕймаджы».
^ Комк. «раласут» – адӕймаг йӕ дзаумӕттӕ куыд раласы, афтӕ.
^ Комк. «ӕмӕ уӕ уӕлӕ скӕнут ног» – адӕймаг йӕ уӕлӕ дзаумӕттӕ куыд скӕны, афтӕ.
^ Грекъаг текст куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ацы миниуджытӕ адӕймаджы хъӕуы, дӕ уӕлӕ дзаумӕттӕ куыд скӕнай, афтӕ скӕнын.
^ Кӕнӕ «быхсут».
^ Комк. «уӕ уӕлӕ скӕнут».
^ Кӕнӕ «зонд амонут».
^ Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.