Левит 1:1—17

1  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисеймӕ фӕдзырдта ӕмбырды цатырӕй+ ӕмӕ йын загъта:  «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ+: „Йегъовӕйӕн уӕ исчи йӕ фосӕй исты куы нывонд кӕна, уӕд снывонд кӕнӕд стуртӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй.  Кӕд судзинаг нывонд+ стуртӕй хӕсса, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+ уӕныг. Йӕхӕдӕг ӕй ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕрбакӕнӕд ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууын кӕнӕд+.  Ӕмӕ-иу йӕ къух нывонд уӕныгӕн йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ нывонд ист ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уыдзӕн+.  Стӕй уыцы уӕныджы Йегъовӕйы раз аргӕвддзысты. Ӕмӕ Аароны фырттӕ, сауджынтӕ+, йӕ тугӕй ӕрбахӕсдзысты ӕмӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл ӕй алырдыгӕй бапырх кӕндзысты+.  Уый фӕстӕ, судзинаг нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы уӕныгӕн йӕ царм бастигъдзысты ӕмӕ йӕ ауӕнгтӕ кӕндзысты+.  Стӕй Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдзысты зынгтӕ+, зынгты уӕлӕ та – сугтӕ+.  Ӕмӕ зынгтыл, сугты уӕлӕ, ӕрӕвӕрдзысты нывонды уӕнгтӕ+, стӕй сӕр ӕмӕ фиу.  Тъӕнгтӕ+ ӕмӕ-иу къӕхтӕ та ныхсӕнт. Ӕмӕ сауджын уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+. 10  Судзинаг нывонд кӕд лыстӕг фосӕй хӕсса+, ома фыстӕй кӕнӕ сӕгътӕй, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+ фыркъа кӕнӕ ӕнӕсахъат нӕл+ сӕгъ. 11  Ӕмӕ йӕ аргӕвддзысты Йегъовӕйы раз, нывондхӕссӕны цӕгат фарс. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты+. 12  Стӕй йӕ ауӕнгтӕ кӕндзысты ӕмӕ йӕ сауджын йӕ сӕр ӕмӕ йӕ фиуимӕ нывондхӕссӕны зынгтыл, сугты уӕлӕ ӕрӕвӕрдзӕн+. 13  Тъӕнгтӕ+ ӕмӕ-иу къӕхтӕ+ та ныхсӕд. Ӕмӕ сауджын уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн+. Уый у судзинаг нывонд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+. 14  Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд та хъуамӕ уа ӕхсинӕг+ кӕнӕ лӕппын бӕлон+. 15  Сауджын ӕй ӕрбахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ, йӕ къубал ын атондзӕн*+ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Йӕ туг ӕртӕдздзӕн нывондхӕссӕны фарсыл. 16  Йӕ гуцъа йын стондзӕн, ныттондзӕн ын йӕ бумбулитӕ, ӕмӕ сӕ ӕрӕппардзӕн нывондхӕссӕны цур, скӕсӕнырдыгӕй, сойӕдзаг фӕнык+ кӕм ис, уым. 17  Хъуамӕ йӕ йӕ базырты ’хсӕн ӕрлыг кӕна, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы кӕнӕн нӕй+. Стӕй йӕ сауджын нывондхӕссӕны зынгтыл, сугты уӕлӕ, басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц+, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.

Фиппаинӕгтӕ

Йӕ сӕр ын-иу бынтон нӕ фӕхицӕн кодта.